“Евродон æмæ “Донстар”- ы компаниты генералон директор Уанеты Вадим æмæ Бахрейны шейх Ахмед Бин Калиф Бин Мубарак Аль Калиф сæ къухтæ æрфыстой æмгуысткæнынады бадзырдыл компанийы продукци Бахрейны паддзахады, афтæ ма Персаг донбакæлæны æмæ Æввахс Скæсæны бæстæты базарты размæ кæныны тыххæй.

Компани “Евродон”-ы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй дыууæ фарс баныхас кодтой иумæйаг кондад саразыныл, проектмæ фыццаг инвестицион бавæрдтытæ уыдзысты 200 мин доллары бæрц.

“Мах тагъд нæ кодтам нæ продукцийы экспортмæ æрвитыныл. Сæйраг нын уыдис стратегион партнер  ссарын. Ныр æй ссардтам Бахрейны шейх Ахмед Бин Калифы руаджы. Ныфс мæ ис, нæхимæ цы хæстæ райстам, уыдоныл кæй фæтых уыдзыстæм, уымæн æмæ мах план кодтам кондады продукцийы стыр экспорт”, – загъта Уанеты Вадим.

Бахрейны шейх йæ рады банысан кодта, стыр потенциал кæй уыны Бахрейны æмæ Ростоваг областы ‘хсæн æмгуыстады, æмæ цæттæ кæй у регионы хицæн куыстуæттимæ контракттæ саразыныл.

Иумæйаг проект реализаци æрцæудзæн дыууæ этапы. Фыццаг уал арæзт æрцæудзæн, проект саразыныл чи кусдзæн, ахæм командæ. Уый сараздзæн иумæйаг кондады æппæт уавæртæ, экспортон продукцийы ассортимент бæрæг кæндзæн, афтæ ма скъуыддзаг кæндзæн Бахрейны бизнесы организацийы æндæр фарстатæ. Дыккаг этап баст уыдзæн Бахрейнмæ продукци  ласынимæ. Уанеты Вадимы планмæ гæсгæ продукци ласын райдайдзысты ацы аз сентябры мæймæ.

Компани “Евродон”-ы раз ис ахæм хæс, цæмæй Бахрейнмæ иу азы мидæг ласа 30 мин тоннæйы бæрц продукци.

Иууыл иумæ та, Уанеты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы компани план кæны 150 мин тоннæйы гогызы æмæ 29 мин тоннæйы та бабызы фыд рауадзын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.