Масштабон демонстрацитæ

14-æм майы АИШ йæ минæварад Иерусалиммæ кæй рахаста, уый фæдыл сектор Газайы уагъд æрцыдысты палестинæйæгты масштабон демонстрацитæ. Акцитæ рахызтысты израилаг хæстонтимæ ныхмæлæудмæ, кæцыйы рæстæджы фæмард сты 62 адæймаджы, 2,5 мин адæймаджы та цæфтæ фесты. Палестинæйы президент Махмуд Аббас загъта: “Мах домæм, цæмæй дунеон æмæхсæнад йæ позици равдиса нæ адæмы дзыллон æгъдауæй ныццæгъдыны фæстæ. Америкæйæгтæ цы бакодтой, уымæн минæварад схонæн нæй, уый у Иерусалимы АИШ-ы ахстон. Нæ адæм не ‘рлæудзысты æмæ адарддæр кæндзыстæм хæдбар паддзахад саразыны сæрыл тох”.

Экстренон рабадт

15-æм майы ИНО-йы Æдасдзинады совет ауагъта экстренон рабадт секторы Газайы уавæры фæдыл. Рабадты рæстæджы Палестинæ æмæ Израилы минæвæрттæ кæрæдзийы аххосджын кодтой трагкион цау æрцæуыны.  Иннæ бæстæты æдзухон минæвæрттæ та æрсидтысты фæрстæм хиуылхæцындзинадмæ æмæ фехъусын кодтой сабыр цæрджытæ кæй аххосæй фæмард сты, уыдоны бафхæрынмæ. ИНО-йы АИШ-ы æдзухон минæвар Никки Хейли йæ раныхас райдыдта, сектор Газайы адæм кæй фæмард сты, уымæй. Уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, Æдасдзинады совет йæ хъусдард хъуамæ аздаха Ираны ‘рдыгæй регионалон тыхмимæ. «Фæстаг бонты ХАМАС-ы террористтæ Ираны æххуысæй æххæст кодтой бабырстытæ израилаг æфсад æмæ инфраструктурæйы объекттæм». Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы минæварады Иерусалиммæ кæй рахастой, уый бирæ бæстæтæ банымадтой, сектор Газайы цы трагикон цау æрцыд, уый аххосагыл. Фæлæ, зæгъ, ацы трагикон цауы аххосджын у ХАМАС. Палестинæйы минæвар йæ раныхасы загъта: «Мах сидæм æвæстиатæй нæ адæмы ныхмæ хæстон агресси æруромынмæ æмæ сектор Газайы хæдбар фæдагуырд ауадзынмæ. Цал палестинæйаджы ма хъуамæ амæла? Дунеон æмæхсæнад иста закъæттæ, алы адæймаджы бахъахъ-хъæныны тыххæй, фæлæ, æвæццæгæн, уыцы закъон махмæ нæ хауы æмæ нæ уымæн ничи хъахъхъæны».

Фехъусын кодта йæ минæвæртты ракæныны тыххæй

Сектор Газайы Израилы архайдтытæн карзæй стæрхон кодтой Туркы. Анкара фехъусын кодта йæ минæвæртты Вашингтон æмæ Тель-Авивæй ракæныны тыххæй. «Мах бар нæ ратдзыстæм, цæмæй пысылмон дуне фесафа Иерусалимы. Карзæй тæрхон кæнæм геноцидæн, кæцæй фæнды ма цæуа, уæддæр, фæнды Израилæй фæнды Иугонд Штаттæй. Турк дæр Палестинæйы трагедийы фæдыл расидт æртæбонон фыдох. Афтæ ма сæвзæргæ уавæрыл æруынаффæ кæныны тыххæй мах ауадздзыстæм пысылмон æмгуыстады организацийы уæлвæткон саммит», – фехъусын кодта Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоган. Йæ рады Израилы премьер-министр Беньямин Нетаньяху фехъусын кодта, зæгъгæ, сектор Газайы палестинæйаг демонстрацийы  кæй асырдтам, уый уыд «нæ арæнтæ бахъахъхъæныны мадзал».

Уагъд æрцыдысты баныхæстæ

Мæскуыйы уагъд æрцыдысты Сергей Лавров æмæ Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мохаммад-Джавад Зарифы баныхæстæ ирайнаг ядерон бадзырды тыххæй. Зариф ацы бонты аразы турне бадзырды хайадисæг бæстæтæм, цæмæй консультацитæ ауадза бадзырд бахъахъхъæныны тыххæй. Уый размæ та уыд Китайы. Ныр та ацыд Брюсселмæ. АИШ-ы паддзахадон секретарь скритикæ кодта Европæйы бæстæты, Вашингтон ирайнаг ядерон бадзырдæй кæй рахызт, уыцы уынаффæйы æвварс кæй нæ рахæцыдысты, уый тыххæй.

Байгом Хъырымы хид

15-æм майы байгом æрцыд Хъырымы хид. Ныр æцæгæйдæр Хъырым баиу Уæрæсеимæ. 19 километры йæ дæргъ кæмæн у, уыцы Хъырымы хидыл ацæуынæн уæзласæн машинæтты колоннæйы бахъуыд 16 минуты. Колоннæйы разæй цыд КамАЗ, кæцыйы рулы фарсмæ бадт УФ-йы Президент Владимир Путин.   Аркæтæ сты хиды  рæсугъддзинад, кæцыты уæз у 10 мин тоннæйæ фылдæр.

***

16-æм майы райсомы 5:30 сахатыл та Хъырымы хид байгом автомобилисттæ æмæ автобусы шофыртæн. Æрдæгсакъадахы ‘рдæм иу сахаты дæргъы ацыдысты 500 автомобилы æмæ Кубанмæ та – 600  бæрц. Фæндаг байгом, машинæтæ сæрибарæй цæуынц Европæйы иууыл даргъдæр 19-километрон хидыл. Фыццаг колоннæйы уыдысты бынæттон цæрджытæ, журналисттæ, сæдæгай байкертæ.

Урæд æрцыд

Киевы æрцахстой Уæрæсейы информацион агентад «Новости»-йы украинæйаг хайады журналист Кирилл Вы-шинскийы. Журналисты адвокаты ныхæстæм гæсгæ Вышин-скиимæ кæнынц фæдагурæн архайдтытæ. Украинæйы æдас-дзинады управленийы кусджытæ бабырстой агентады офисмæ æмæ дзы джигул кæнын райдыдтой. Мæскуыйы æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ, Киевы архайдтытæн стæрхон кæндзысты дунеон организацитæ.

Экономикон форум

Сочийы Евразиаг экономикон форумы бæстæтæ Уæрæсе, Белоруси, Казахстан, Хъыргъызтан æмæ Сомихстоны лидертæ  Путин, Лукашенко, Назарбаев, Жээнбеков æмæ Пашинян форумы фæлгæтты ауагътой баныхæстæ. Уый размæ УФ-йы Президент ауагъта дыууфарсон фембæлдтытæ ацы бæстæты лидертæй алкæимæ дæр.

Аивта  баныхæстæ

Кореяйы Адæмон Демократон Республикæ аивта баныхæстæ Хуссар Кореяимæ. Ахæм уынаффæ ист æрцыд АИШ æмæ Хуссар Кореяйы Æфсæддон-уæлдæфон тыхты иумиаг ахуыртæ дарддæр дæр уагъд кæй цæуынц, уый аххосæй. Цæгат Кореяйы централон телеграфон агентад ацы ахуырты схуыдта «æрбабырсты репетици» æмæ провокаци дыууæ Кореяйы ‘хсæн «фæхъармдæргонд» ахастыты тыххæй. Баныхæстæ хъуамæ уагъд æрцыдаиккой 16-æм майы.

Баныхæсты 9-æм раунд

ИНО-йы сæрмагонд æрвыст лæг Стаффан де Мистура æвæрццаг аргъ скодта Астанайы уагъдцæуæг сирийаг фарст æрбæстон кæныны фæдыл баныхæсты 9-æм раундæн. Де Мистура банысан кодта, зæгъгæ, ИНО-йы минæвæрттæ активон хайад райстой, Сирийы урæд чи æрцыд, кæй адавдæуыд æмæ чи фесæфт, уыцы адæймæгты хъысмæты фарсты фæдыл. Астанайы баныхæсты дыууæбонон раунд фæцис Сирийы фæдыл бæстæтæ-гарантты иумиаг хъусынгæнинаджы райстæй, цыран нысан æрцыд, зæгъгæ,  баныхæсты иннæ рабадт уагъд æрцæудзæн Анкарайы июны мæйы. Сирийы æдзухон минæвар Башар Джаафари райгондæй баззад баныхæстæй. «Нæ гарзджын тыхтæ не фсымæрты æххуысæй ссæрибар кодтой Скæсæйнг Гута, Алеппо, Дамаскæй сарæзтой æдасдзинады зонæ. Мах адарддæр кæндзыстæм нæ тох, цæмæй ссæрибар кæнæм æппæт сирийаг зæххы терроризмæй æмæ уыцы бæстæтæй, кæцытæ сарæзтой агресси Сирийы суверенитеты ныхмæ».

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.