Дыгъуызты Павелы райгуырды 100 азы бонмæ

Æнæмæлгæ дуне нæй. Адæймаг нал вæййы, мæлæт æй байсы, аскъæфы нын æй не ‘хсæнæй, сау сыджыт та йæ æнустæм бануæрды йæ хъæбысы, йæ рухс бæллицтимæ, йе ‘нкъарæнтимæ. Мæлæт æмæ сау сыджыт – æвæдза тынг тыхджын сты сæ дыууæ дæр. Фæлæ лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд «адæймаджы фæд», уыдонæй тыхджындæр разыны. Нæ йыл фæтых вæййынц. Уымæн æмæ адæймаджы фæд – йæ хорз ном æмæ кад – баззайынц адæмы зæрдæты, сæ мысинæгты.

Æмæ, уæдæ, тæхудиаг куыннæ у ахæм адæймаг, а-зæххыл цæргæйæ адæмы æхсæн æрмæстæдр хорздзинад чи тыдта, йæ фæстæ хорз фæд чи ныууагъта æмæ йæ бакæнгæ хъуыддæгтæй та кæстæртæн цæвиттойнаг чи ссис. Ацы ныхæстæ иууылдæр джиппæвæрдау абадтысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты раздæры ректор, профессор Дыгъуызты Уасилы фырт Павелы цардвæндагыл. Йæ куыстуарзондзинад æмæ йæ фидар зонындзинæдтæ фæрцы адæмы æмæ студентон фæсивæды æхсæн йæхицæн ном чи скодта, уыдонæй сæ иу уыд Павел. Æрдз æй нæ фæхъыг кодта адæймаджы удыхъæды рæсугъддæр миниуджытæй. Нæ йæ фæхъыг кодта зонд æмæ уындæй дæр. Уыд æргомдзырд æмæ хæларзæрдæ. Ирон лæджы номыл къæм абадын никуы бауагъта. Йæ ахаст студентон фæсивæд æмæ ахуыргæнджытæм дæр уыд рæвдаугæ. Йæ бакаст, йе уæнгты конд куыд аив уыдысты, афтæ рæсугъд уыдысты йæ хъуыдытæ дæр. Йæ зæрдæйæ студентон фæсивæдмæ цыдис   стыр уарзт æмæ йын уыдон дæр сæ ахастæй ахæм дзуапп лæвæрдтой. Абон дæр ын йæ ном хорзæн уымæн мысынц.

Джыгкайты Индирæ, 6-æм скъолайы ахуыргæнæг: Абон дæр мæ нæ рох кæнынц йæ цымыдисон лекцитæ, аудиторимæ йæ æрбахызт, йæ ирон фарн æмæ æгъдау, йæ манерæтæ. Ахæм адæймæгтыл арæх фем-бæлæн нæ вæййы.

Джиоты Э: Ректор уæвгæйæ, æдзух æнæвдæлон уыд. Уымæ гæсгæ-иу аудиторимæ бахизгæйæ йæ лекци кæсын райдыдта дуары къæсæрæй бахизгæйæ. Йæ фенгæйæ иу, цыма сæлгæ ныккодтам, афтæ-иу ныхъхъуыс стæм. Хъуыстам æмæ йын æмбæрс-там йæ алы дзырд дæр. Йæ урс хæдон æмæ галстук ыл æнахуыр фидыд кодтой. Мах æмбæрстам, йæ удыхъæды миниуджытæй, уый бæрæг кæй хицæн кодта æндæртæй.

Хъуылымбегты Роберт, историон зо-нæдты кандидат: Павел Уасилы фыртæн æрдзæй лæвæрд уыдис студенты раз лекци кæсыны арæхстдзинад. Йæ арф зонындзинæдтимæ уый хайджын уыдис ораторон аивадæй дæр. Уымæн æм хъуыстой лæмбынæг йе студенттæ æмæ йын йæ лекцитæй кæддæриддæр истой æхцондзинад. Уый лекцитæ гæххæттæй нæ каст. Йæ лекциты кæсгæйæ иу æй сæ темæтæ арф сæхимæ нылвæстой, æгасæйдæр-иу аныгъуылд сæ мидисы æмæ сæ иста æхцондзинад йæхæдæг дæр.

Зын æмæ гуыргъахъхъ фæндæгтыл рацыд Павел. Йæ фыд Уасил цардис Сатихъары хъæуы. Хъæуы иннæ цæрджытау Уасил дæр уыд куыстуарзаг, фæлæ цард уæззау уыд, зынвадат уæды рæстæджы. Октябры революцийы агъоммæ. Уымæ гæсгæ бирæтæ куыстагур цыдысты æндæр рæттæм. Уасил дæр 1917 азы, Октябры революцийы размæ, йæхи срæвдз кодта дард балцы æмæ балæууыдис Китайы Адæмон Республикæйы. Куыста æфсæнвæндагыл. Уыд инженер-аразæг. Дыууæ азы бакусыны фæстæ сæздæхт йæ райгуы-рæн къонамæ. Цардæмбалæн йæхицæн равзæрста цъунайраг чызг Мамиты Даройы. Æмæ йæ бинойнагимæ Уасил фæстæмæ цæрынмæ æрыздæхт Китаймæ. Æфсæнвæндагыл йæ куыст адарддæр кодта. Даро та хæдзары куыстытæ кодта. Баисты цыппар фырты хицау. Кæстæр Павел райгуырд 1920 азы Хинганы станицæйы. 1926-æм азы йæ уым барвыстой скъоламæ дæр. Фæцахуыр дзы кодта 5-æм къласмæ. Стæй Китайæ æрвитын райдыдтой æддагон адæмы. Барæнæбары Уасилы дæр бахъуыд фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм сыздæхын. Тæссаг уыд арæны сæрты рахизын, цы къапеччытæ бакуыста, уыдонимæ. Уымæ гæсгæ Уасил йæ хистæр фыртимæ сфæнд кодтой арæны сæрты фыццаг рахизын, йæ хæдфæстæ та иннæ сывæллæт-тимæ хъуамæ рахызтаид Даро. Фæлæ Уасилæн байстой йе ‘хца æмæ йæ сызгъæринтæ дæр. Афтид армæй æрыздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ. Фæлæ уыцы æфхæрдыл нæ баззадысты бинонтæ. Азымджын сæ кодтой троцкизмы. Иу тарæхсæв куыддæртæй баирвæзтысты Сатихъары хъæумæ Уасилы æфсымæр Михаилмæ. Тынг сыл фæцин кодтой, фæлæ Уасил куы бамбæрста йæхиуæтты дæр куыд тæссаг  уавæры сæвæрдта, уæд сын балæгъстæ кодта, цæмæй сын мæнгагъуысты бауат кæной, уым нын уæлдæфмæ хуыздæр у, зæгъгæ. Райсом фысымтæ ацæттæ кодтой уæливыхтæ æмæ æнхъæлмæ кастысты сæ уазджыты сыстынмæ. Фæлæ уыдон куынæ æмæ куынæ зындысты, уæд сæ абæрæг кодтой æмæ хорзау нал фесты. Уазджытæ уым нал уыдысты…

Уасил æмæ йæ дыууæ хистæр фырты репрессигонд æрцыдысты æмæ Красноярскы лагеры фæбадтысты 10 азы. Фæлæ уæддæр, уырдыгæй æрыздæхын нал бантыст Уасил æмæ йæ хистæр фырт Уасилæн дæр. Уасил йæ хистæр фыртыл йæхи ном сæвæрдта. Астæуккаг фырт Никъалайæн бантыст æрыздæхын.

Баззадис Даро йæ æртæ фыртимæ æнæ хæдзар, æнæ дарæгæй, 9 сомы йæ дзыппы, афтæмæй. Уæд нæ горæт Сталинир хуындис æмæ Карл Марксы уынджы иу хæдзары ныккæнды иу хатæны æрцардысты. Се ‘ххуысы къух сæм фæдаргъ кодтой Дыгъуызты мыггаджы’рдыгæй дæр. Никъала ссис хорз спортсмен – уыд æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг. Иннæ лæппу Георги ссис зынгæ нывгæнæг. Кæстæр Павел Сталиниры йæ ахуыр адарддæр кодта 2-æм астæуккаг скъолайы, уæд æй ирон скъола хуыдтой.

Павел ахуырмæ æвзыгъд уыд, кæд ын мæгуырдзинад йæ хурхыл хæцыд, æмæ йын ахуырмæ йæ фæндæгтæ æхгæдта, уæддæр.

1940 азы Дыгъуызы фырт æнтыстджы-нæй фæлварæнтæ радта Азербайджаны С.М. Кировы номыл паддзахадон университеты историон факультетмæ. Тыхст уыдысты йе студентон бонтæ дæр. Æрдæгбæгънæг æмæ сæ æххормагæй æрвыста. Фæлæ цардбæллон лæппу царды уадтымыгътæн сæттын нæ бакуымдта. Йæ мадыæфсымæртæй сæ иу Мамиты Илья-иу арæх æрымысыд Павелы цардвæндаг. Бакомæ цæугæйæ-иу, зæгъгæ, йæ хызынтæ нартхоры кæрдзынтæй йедзагæй ахаста. Илья æмæ иннæтæ дæр дис кодтой куыд фæрæзта ахæм зындзинæдтæн. Афтæмæй университет бакаст сырх дипломыл æмæ уайтагъд æрыздæхт Ирыстонмæ. Кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты. Уым уайтагъд фæбæрæг сты йæ зонындзинæдтæ, фæлæ дзы бирæ нæ бакуыста, уайтагъд рахызт педагогон институтмæ. 1945-1962 азты куыста марксизм-ленинизмы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæй.

Уæд фæбæрæг сты йе ‘взыгъддзинæдтæ лекторы куысты æмæ зонады дæр. Уæзгæ уыдысты уыцы азты йе ‘хсæнадон куысты хъуыддæгтæ, куыд партион, афтæ проф-цæдисон организациты куысты дæр.

1961 азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци Азербайджаны университеты. Ссис историон зонæдты кандидат. Фæстæдæр ын лæвæрд æрцыдысты доценты, стæй та профессоры нæмттæ.

1962 азы Павел нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректорæй æмæ дзы бакуыста 1975 азмæ. Стыр æвзыгъддзинæдтæ равдыста ахуыр-хъомыладон куысты, уæд сбирæ сты факультеттæ дæр. Фæфылдæр аспирантты нымæц, стыхджын сты институты материалон базæ, йæ бастдзинæдтæ æндæр æмæ æндæр ахуыргæнæндæттимæ.

Куыст-цардæн фæрæз. Ахæм уыд йæ хъуыды Дыгъуызты Павелæн æмæ ууыл цайдагъ кодта коллективы æмæ студентты дæр. Дзæвгар у сæ нымæц уыцы рæс-тæджы кандидатты нæмттæ чи райста, уыдонæн дæр. Павел аудыдта алкæуыл дæр, чи сæ банымайдзæнис царды фæндагыл кæй бафтыдта, уыдоны.

Павел ахадгæ куыст бакодта зонады дæр. Уый сæйраджыдæр, йæ тыхтæ радта Хуссар Ирыстоны истори ныффыссынмæ. Ныффыста 100 зонадон куыстæй фылдæр. Уыдоны æхсæн бæрæгæй æрттивынц йæ куыстытæ: «Хуссар Ирыстоны революцион змæлд 1905-1914 азты», «Хуссар Ирыстоны революцион змæлд 1917-1921 азты», «Хуссар Ирыстон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты», «Хуссар Ирыстоны тох советон хицауады сæрыл», «Зæхкусджыты змæлд Хуссар Ирыстоны 1905-1907 азты» æмæ æндæртæ.

Павелы фыдæбæттæн стыр аргъ скодта хицауад. Лæвæрд ын æрцыд «Гуырдзыстоны республикæйы кадджын ахуыргæнæг»-ы ном. Цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд майдантæй, грамотæтæй. Арæх æй æвзæрстой адæмон депутатты горæтон Советы депутатæй.

Павел бинонты æхсæн дæр уыд цæвиттойнаг. Йе ‘мкъай Джиоты Зинаидæимæ хъæрмудæй, кæрæдзи æмбаргæйæ фæцардысты.

Раст ахæм адæймæгтæ вæййынц цард рæсугъдгæнæг. Павел йæ фæстæ ныууагъта хæрзæгъдау цот. Сæ фырт Вовæ йæ цард баиу кодта Бесаты уæздан чызг Лалиимæ. Уый раст, цыма Хуыцауæй лæвæрд уыдис ацы бинонтæн, сæхи хуызæн куыстуарзаг æмæ адæмуарзон разындис. Бинонтыл, хæстæджытыл æнувыд. Бирæ фæлæггад кодта хи чызгау йæ хицау æмæ йе ‘фсинæн.

Ныр 100 азы сæххæст уыдаид Дыгъуызты Павелыл. Фæлæ адзалæн-мадзал нæй. Дыгъуызы фырт йæ фæстæ ныууагъта ирд фæд æмæ кадджын лæджы ном. Йæ рухс ном никуы ферох уыдзæнис йæ бинонтæй, хæстæджытæй, йæ бирæ зонгæтæй æмæ 50 азы   дæргъы рухсадон куыст кæимæ фæкодта, уыцы студенттæй. Йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ, йæ педагогон æмæ зонадон архайд та баззадысты Ирыстоны азфысты.

Нæ фесæфт йæ фарн Павелæн йæ бинонты ‘хсæн дæр. Ныр йæ фыды фарн дарддæр кадимæ хæссынц Вова æмæ йæ дыууæ фырты. Сæрбæрзонд у йæ дада æмæ йæ нанайы æнтыстдзинæдтæй Вовайы чызг Аннæ дæр. Æмæ сыл уыцы бæстæйæ хæрзмæ аудæт!

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.