Ахӕм номӕй кӕмӕ бадзурӕм, ома, нӕ фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау йӕ уд цырагъау кӕмӕн сыгъд, уыдоны фыццӕгтӕй иу Тыбылты Арсены фырт Алыксандр у. Йӕ райгуырӕн хъӕу Залдайы цӕрджытӕй ма йӕ чи ӕрӕййӕфта, уыдон та йӕ афтӕ хуыдтой: дзуары хуылфы судзгӕ цырагъы хуызӕн лӕг… Ома, сыгъдӕгзӕрдӕ, ӕнӕлаз адӕймаг.

 Алыксандр йӕхӕдӕг хъӕуы сӕр цард, Цъиарайы хъӕды тӕккӕ рӕбын. Хъӕуы дӕллаг кӕронӕй Тыбылтӕм иу сахатӕй фылдӕр цӕуын нӕ хъӕуы, фӕлӕ, дам-иу Алыксандр горӕтӕй куы ‘рбацыд, уӕд, дам-иу цалдӕргай сахаттӕ бахъуыд сӕхи онг, дӕлдӕр сыхты цӕрджыты сабитыл цинтӕгӕнгӕ, дам-иу ыл бирӕ хатт изӕр дӕр бацис. Уыцы кӕддӕры сабитӕ сӕ зӕронды кары дӕр буц ӕмӕ сӕрыстыр уыдысты Алыксандрӕй. Дзырдтой-иу, алчи дӕр сӕ, конфет цы у, уый Алыксандры фӕрцы кӕй базыдта – йӕ галифе хӕлаф ӕмӕ, дам-иу йӕ сӕрак къандзолы дзыппытӕ алы хатт дӕр конфеттӕ ӕмӕ сӕкӕры къӕрттытӕй йедзаг уыдысты.

Фыссæг, публицист, литературон критик æмæ æхсæнадон архайæг Тыбылты Алыксандр райгуырдис 1887 азы, Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы. 1895 азы бацыд Дзауы скъоламӕ, скъолайы фæстæ ахуыр кодта Калачы лæппуты 5-æм гимназы. Уый фæстæ бацыд Одессæйы университетмæ историон-филологон факультетмæ, кӕцы каст фæци 1915 азы фыццаг къæпхæны дипломимæ. 1918 азы Алыксандр, Гаглойты Рутен, Хъоцыты Бидзина æмæ Уанеты Захар сарæзтой фыц-цаг ирон гимназ, фæлæ 1920 азы Гуырдзыстоны меньшевикты хицауад æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ ӕмӕ гимназ æхгæд æрцыд. Уыцы саумылазон дуджы нӕ уӕды кадавар интеллигенцийы минӕвӕрттӕй рӕстӕгмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ чи ацыд, уыдонимӕ уыд Тыбылты Алыксандр дӕр. Ирыстонӕн йӕ цӕгат хайы цы бӕрнон ӕмӕ сфӕлдыстадон куыст кодта, уыдӕтты тыххӕй уадиссаг зонӕнтӕ нӕй нӕ къухы, фӕлӕ нӕ номдзыд фыссӕг Дзесты Куыдзӕг йӕ мысинӕгты цы ныффыста Тыбылты Алыксандры тыххӕй, уый дӕр фаг у йӕ уды сконды аив хуызтӕ йын равдисынӕн:

«Дзауы скъолайы фæцахуыр кодтон æртæ азы. 1920 азы сæрды нæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Æрцардыстæм уал Дзæуджыхъæуы. Ацархайдтон, цæмæй мæ айсой сывæллæтты хæдзармæ, фæлæ ницы рауад нæ фæндæй, æгæр, дам, сдынджыр дæ. Дыууæ азæй фылдæр фæцух дæн скъолайæ, хæдзары куыстытæй мæ кæй не ‘вдæлд, уый аххосæй. 1923 азы бацыдтæн Дзæуджыхъæуы ирон скъоламæ. Рабфакмæ мын байрæджы. Даргъ ном уыд, цы скъоламæ бацыдтæн, уымæн: «Первая Осетинская областная опытно-показательная единая трудовая школа». Дзауы скъолайы цы æртæ къласы каст фæдæн, уыцы ахуырмæ гæсгæ мын æмбæлд бацæуын æвдæм къласмæ, фæлæ та ам дæр ахуыргæнджытæ Бекъойты Дзибка æмæ Тыбылты Алыксандр басагъæс кодтой, æгæр стыр, дам, у æмæ сывæллæтты ‘хсæн йæхи куыд æнкъардзæн… Стыр та уымæн уыдтæн, æмæ, куы ма йæ загътон, 2-3 азы дæргъы фæцух дæн æмæ уæдмæ сывæллон рæзгæ кæны, уæдæ цы! Сæ дыууæ дæр ахъуыды кодтой, стæй уæд Алыксандр дзуры Дзибкамæ:

– Цæй, уæд та уал мæ къласмæ рацæуæд!

Афтæмæй смидæг дæн 8-æм къласы. Алыксандрæн йæ предмет уыд уырыссаг æвзаг æмæ фæсарæйнаг аив литературæ. Йæ бындурон куыст уыди Хæххон республикæйы адæмон рухсады комиссарады, æрмæст-иу 1-2 сахаты бæрц акуыста Алыксандр не скъолайы, цæргæ дæр скъолайы агъуысты кодта йæ бинонтимæ, стæй ацыд Хуссар Ирыстонмæ. Йæ уроктæй ма мæ зæрдыл лæууы уый, æмæ-иу дзургæдзурын йæ ныхас, йæ хъуыдыйад æрдæгыл фескъуыдта æмæ-иу йæ къухæй ацамыдта ахуыргæнинæгтæй искæмæ, ома, ды йæ æххæстæй зæгъ кæронмæ. Скъоладзаутæй алчидæр æнхъæлмæ каст, ахуыргæнæг мæнмæ ацамондзæн йæ къухæй, зæгъгæ, уымæ, æмæ цæттæ лæууыд дзуапп раттынмæ. Уымæ гæсгæ кълас иу минут дæр æнцад нæ уыд. Кæд-иу исчи, дзуапп дæтгæйæ, ферхæцыд, уæд та-иу ахуыргæнæг (Тыбылты Алыксандр) ацамыдта æндæрмæ æмæ афтæмæй ныхасы хал не скъуыд».

Советон хицауад куы æрлæууыд Хуссар Иры, уæд Тыбылты Алыксандр дæр æрыздæхт иннæ лыгъдæттимæ, æмæ адарддæр кодта йе сфӕлдыстадон ӕмӕ ӕхсӕнадон куыст. 1924 аз 1 январы Хуссар Ирыстоны мыхуыры рацыд фыццаг ирон газет мадæлон æвзагыл «Хурзæрин». Йæ бæрнон секретарæй нысангонд æрцыд Тыбылты Алыксандр; 1930 азты та Хуссар Ирыстоны фӕзынд чиныгуадзæн дӕр «Хурзæрин» номимӕ, йæ правленийы уæнг уыд Алыксандр.

1930-1933 азты Хуссар Ирыстоны мыхуыры цыд газет «Большевикон цард». Алыксандр уыд газеты редколлегийы уæнг æмæ йæ раззагдæр кусæг.

1935 азы та Хуссар Ирыстоны мыхуыры фæзынд ног журнал «Æххуыс ахуыргæнæгæн». Ацы журналыл æппæт Ирыстоны ахуыргæнджытæ дæр сæмбæлдысты стыр цинимæ. Йе ‘рхъуыдыгæнæг æмæ йæ редколлегийы уæнг уыд Алыксандр.

Алыксандр бирӕ фӕтох кодта, цæмæй горӕт Цхинвалы конд æрцыдаид педтехникум. Уыцы дуджы техникум бакæнынæн хъуыд тых æмæ лæгдзинад. Ахæм тых разынд Алыксандр æмæ, фыццаг ирон гимназ цы куырыхон адæмимæ байгом кодта, уыдонмæ. Æмæ сын 1924 азы бантыст Цхинвалы педтехникум байгом кæнын.

1931 азы 1 апрелы, Алыксандр сæрдариуæг кæмæн кодта, уыцы къамис уынаффæ рахаста, цæмæй Цхинвалы гом æрцæуа медицинон ахуыргӕнӕндон æртæ хайадимæ. Байгом уыцы аз æмæ абон дæр кусы æмæ цæттæ кæны кæстæр медицинон кусджытæ. 1932 азы 1 январы та байгом Сталиниры педагогмӕ. Уыцы Пединститутæн Алыксандр канд йæ аразæг нæ уыд, фæлæ ма йын йæ ахуырадон фæндаг дæр нывыл сæвæрдта æмæ дзы фæкуыста 1937 азмæ. Ацы институтæн фӕстӕдӕр лæвæрд æрцыд университеты статус (Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет) æмæ хæссы Тыбылты Алыксандры цытджын ном.

1922 азы 1 февралы Цхинвалы фæзынд «Литературон æхсæнад». Фæстæ-дæр, 1925 азы ацы «Æхсæнад»-æн лæвæрд æрцыд «Бæстæзонад æхсæнад»-ы ном, 1927 азы та – Бæстæзонæн институты ном. Ацы институты Алыксандр уыд раззагдæр кусæг, куыста æмæ иртæста бирæ æнæлыггонд фарстатæ, йæ зонд æмæ йæ хъаруйыл нæ ауæрдгæйæ. 1938 азы ацы институтæн лæвæрд æрцыд зонад-иртасæн институты статус, æмæ абон дæр æн-тыстджынæй кусы æмæ хæссы Уанеты Захары (Шакройы) кадджын ном.

Тыбылты Алыксандр арӕх дзырдта, Цхинвалы кæй хъæуы музыкалон скъола бакӕнын, домдта хицауадæй, цæмæй арæзт æрцæуа театр. Æмæ 1925-1927 азты арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр.

Цыдæриддæр Хуссар Ирыстоны 1929 азæй 1936 азмæ фольклорон уацмыстӕ рацыд, уыдонæн иууылдӕр разныхӕстæ æмæ комментаритæ ныффыста Тыбылты Алыксандр. Алыксандр æмæ йе ‘мбæлттæ, стæй зонад-иртасæн институты сфæлдыстадон фæсивæд цы стыр æмæ бындурон куыст бакодтой ирон дзыхæй-дзургæ сфæлдыстад æмбырд кæныны хъуыддаджы, уымæн йæ фæстиуæг уыд сӕрмагонд чиныг – «Хуссар Ирыстоны фольклор», кæцы мыхуыры фæзынд 1936 азы. Ацы чиныгæн йæ нысаниуæг бонæй-бонмæ кæны уæрæхдæр æмæ ахадӕндæр.

Алыксандр ирон æвзаджы проблемæ-тыл цы бирæ уацхъуыдтæ ныффыста, уыдонæн сæ ахадгæдæртæ сты: «Ирон æвзаг», «Цы ‘взагыл ахуыр кæнын хъæуы ног скъолаты?», «Ноджыдӕр нæ ног графикæйы тыххæй», «Дæсгæйттæй нымад», «Раст фыссыны хъуыддаг», «Ирон пунктуацийы тыххæй», «Ирон орфографийы фарстатæ», «Терминологийы тыххæй», «Иумæйаг литературон æвзаджы тыххæй», «Об осетинской письменности», «Хуссар Ирыстоны диалекттæ» æмæ æн-дæртæ. Ацы чысыл уацхъуыдты номхыгъд дæр дзурæг у, Алыксандры сгуыхт хъуыддæгтæ кæй уыдысты йæ адæмы сæраппонд æмæ Ирыстонæн фарнхæссæг. Алыксандры сфæлдыстад æмткæй у ирон зонады райдайæн, æмæ йын уый тыххæй ис стыр нысаниуæг нæ культурон царды размӕцыд ӕмӕ историйы.

Тыбылты Алыксандр ноджыдӕр бирæ хорздзинæдтæ æрхастаид Ирыстон æмæ ирон адæмæн, фæлæ йын 1937-æм азы йæ цард аскъуыдтой æгъатыр дуджы фӕсдзӕуинтӕ, Ирыстоны хуыздӕртау уый дӕр басыгъта культы азар. Уыцы фыдбоны азарӕй ма Ирыстоны дзырд-дзӕугӕ лӕгтӕй удӕгасӕй чи баззад, уыдонӕй сӕ иу Дзадтиаты Пъауле та аф-тӕ фыста йӕ мысинӕгты Алыксандры тыххӕй:

«Мӕн ӕмӕ Алыксандры иу бон ӕрцахстой 1937 азы. Бакодтой нӕ, ныртӕккӕ Цхинвалы райӕххӕстком (ныры районы администраци) кӕм ис, уыцы агъуысты. Ахӕстон уыд ныккӕнды, уӕллаг уӕладзгуыты та уыдысты фарстагӕнӕн хатӕнтӕ. Фарстамӕ-иу фӕсидтысты Тыбылты Алыксандрмӕ дӕр. Иу бон ыл фарста кодтой ӕртӕ сахаты бӕрц. Уый нӕ саст, цы ӕрымысгӕ фыдракӕндты йӕ азымджын кодтой, уыдоныл. Уый тыххӕй йӕ фӕкодтой фыднад, сырдон ӕгъдауӕй йын хъизӕмар кодтой. Камерӕмӕ йӕ ӕркодтой дыууӕ лӕгмары. Алыксандр йӕхи нал ӕмбӕрста, уыд туджы ӕвдылд. Иу чысыл йӕхимӕ куы ‘рцыд, уӕд тыхӕйты сфӕрӕзта дзурын: «Æз мӕлын. Курӕг уӕ дӕн, ирон зарӕг ма мын акӕнут, Хазбийы зарӕг». Мах ын сӕххӕст кодтам йӕ куырдиат…».

Ацы зӕрдӕагайгӕ цауы фӕдыл фӕстӕдӕр поэт Икъаты Владимир ныффыста ӕмдзӕвгӕ:

 

Æтт! Ирон зарæг ма иу хатт! –

Дзурынц ахст лæппутæ,-

Науæд карз дуджы фыдихуард

Фескъуыны нæ удтæ!

Кæд æнæ мæлгæйæ нал у –

Амæлæм иронау!

Иу хатт ноджыдæр нæ хъару

Ферттивæд æхсонау!..

Мах нæ рахондзæн фæсмойнаг

Сомбоны нæ хъæстæ, –

Не знаг, зонут æй, сæргойаг

Бауыдзæн нæ фæстæ!..».

Айхъуыст ныккæндæй ирон зард –

Хъарæджы фæлхуыстæй!..

Диссаг басгуыхтæ, ирон мад, –

Сахъгуырдты хæссынтæй!..

Зарынц ахстытæ иронау –

Сахъ ирон лæппутæ, –

Тохы – ‘нæсæттон æндонау, –

Иууылдæр сæ удтæ!..

Райсом, кæнæ та иннæбон

Айхъуысдзæн сæ хабар…

Макæ, ма-иу, сæ фӕдон,

Саутæ дæр сыл ма дар…

«Заргæ мардыстæм фыдæлтæй, –

Бадзуры Тыбылон, –

Мачи ма хъæрзæт йæ цæфтæй

Не ‘знаджы тыхы бон…

Зарæг акæнут кæронмæ,

Науæд арв нытталынг…

Кæд нæ ахуыссид ысбонмæ

Не ‘ппæтæн нæ сау зынг!..

Рох нæ уыдзæни нæ ингæн,-

Ма тæрсут, мæ хуртæ!

Мах æрцыдмæ та нæ Ирæн

Гуырдзæн сахъ лæппутæ!..».

1955-æм азы Тыбылты Алыксандр ӕрцыд реабилитацигонд, фӕлӕ уымӕй ни-цыуал бафтыд ирон адӕмы удварныл, Ирыстоныл. Æнӕаххос, ӕнӕазымӕй кӕй бабын, уый та ӕнӕ официалон реабилитацийӕ дӕр зыдтой йӕ раттӕг адӕм…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.