Транскамы арæзтады истори баст у сæдæгай адæймæгты нæмттимæ, кæцытæ иу кæнæ иннæ хъуыддаджы хайад истой ацы стратегион транспортон проект среализаци кæныны. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй уæлдай зындгонддæр сты Гаглойты Рутен æмæ  Хъæбæлоты Билар. Фæлæ уыдис ахæм адæймæгтæ дæр, кæцытæ уыдысты ацы эпохалон арæзтады комкоммæ организатортæ. Уыдоны ‘хсæн иууыл ирддæр гоймаг уыд абон  кæй ном мысæм, уый  – йæ радтæг  адæмы аккаг фырт, профессор, техникон зонæдты кандидат, МАНЭБ-ы уæнг-уацхæссæг, Транспорты Уæрæсейаг академийы академик  Кортиаты Леуан. Уый ацы аз январы мæйы 82-аздзыдæй ахицæн цардæй. Уымæн йæ ном æнæаскъуыйгæйæ баст у Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерациимæ цы иунæг царды фæндаг бæтты уый –  Транскамы арæзтады историимæ. Кортиайы-фырты ном зындгонд уыд куыд Ирыстоны хуссары, афтæ цæгаты дæр. Кад  ын кодтой дыууæ Ирыстоны адæм дæр.

Цыбыртæй уæ зонгæ кæнæм  йæ биографиимæ. 1939 азы 28-æм декабры Советон Гуырдзыстоны Тетрицхъаройы районы Думанисы хъæуы Кортиаты Исмаилы хæдзары фæзынд ноггуырд. Сæвæрдтой йыл ном Леуан. Цы ма уыдаид ацы цауæй æхсызгондæр ирон нæлгоймагæн, фæзындис ын бындар, уымæй дæр Ног азы хæдразмæ. Бинонтæ йæ банымадтой Хуыцауы лæварыл!

Чысылæй фæстæмæ лæппу йæ фыдæн æххуыс кодта хæдзарадон куыстыты. Фæлæ куыд алкæцы бинонтæ, афтæ уыдон дæр тырныдтой сæ фыртæн ахуырад райсын кæнынмæ. Зонындзинæдтæм йæ тырныдзинад чысыл Леуан равдыста йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ. Хъæууон скъолайы ахуыр райдайгæйæ, уый астæуккаг ахуырад райста Тбилисы. Куыд алкæцы ирон нæлгоймаг, афтæ уый дæр бафыста йе ‘мбæстагон хæс десантон æфсæдты. Уым службæ кæнгæйæ райдыдта спортæй архайын дæр. Æфсадæй æрцыд рогатлеты спортсмены æртыккаг разряды æмæ спорты парашютон хуызы æвдисæндартимæ. Уый фæстæ 1962-68 азты ахуыр кодта Тбилисы  политехникон институты. Леуан зæрдæрайæ æмæ æнтыстджынæй ахуыр кодта «Хидтæ æмæ тъунелты» дæсныйадыл. Уыцы иурæстæджы куыста ацы горæты мотоарæзтады æмæ тунеларæзтады организациты. Фæлæ Кортиайы фырты хъысмæт раздæхта райгуырæн Ирыстонмæ. Уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ уый бахатыд, цæмæй йæ арвыстаиккой Хуссар Ирыстонмæ, цыран уымæн йæ бон суыдаид практикæйы йæ зонындзинæдтæ среализаци кæнынæн. Хуссар Ирыстоны та уыцы рæстæджы тынг хъуыдысты фæндаджы мастертæ. Ам сæмбæлд йæ ахуыргæнæг Хъоцыты Умарыл, кæцы йæ æрбакодта фæндаджы арæзтады областон хайадмæ. Æвзонг специалисты арвыстой Дзауы поселокмæ фæндагон фадыджы хистæрæй, цыран уый бакуыста цыппар азы дæргъы. Уыцы рæстæгмæ уый стыр тыхтæй архайдта Дзомагъгоммæ зæхцъар фæндаг саразыныл, цæмæй фæндаг æрбаввахсдæр уыдаид Магъы æфцæгмæ.

Уый фæстæ нысан æрцыд Дзауы райæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй, цыран бакуыста иу аз. Фæлæ фæндагаразæгæн æндæр уыд йæ хъуыддаг. Раст уæд райдыдтой æнусы арæзтад – Транскавказаг автомагистралмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Кортиаты Леуан сорганизаци кодта арæзтады Хуссар фадыг. 1970 азæй 1974 азмæ уый уыд Дзауы фæндагон арæзтады фадыджы сæйраг инженер. 1975 азæй 1982 азмæ та – Транскамы хуссар фадыджы хистæр. Уыцы рæстæджы арæзт æрцыд 33-километрон фæндаг Хуыцъейы хъæуæй Ручъы тъунелы хуссар порталы онг. Транскамы трассæ арæзтады фæдыл куыстытæй дарддæр ма-иу æй бахъуыд æнæординарон уынаффæтæ райсын дæр. Зæгъæм, хъомысджын фæндагон техникæ кæй нæ фаг кодта, уый аххосæй нæ уыд арæзтады æнæмæнгхъæуæг темптæ. Ист æрцыд уынаффæ Транскаммæ уæззау бульдозертæ æрбакæныны тыххæй. Ахæмтæ уыд Советон Цæдисы, иууыл нырыккондæртæ, бæрзонд конадаимæ – япойнаг фирмæ «Комацу»-йы гиганттæ. Фæлæ цы хидтыл хъуамæ æрбацыдаиккой, уыдон сын сæ уæз нæ урæдтой. Уæд Леуан фæндон бахаста, цæмæй калмдзалх машинæтæ Хуссар Ирыстоныл рацыдаиккой сæхи цыдæй Сæйраг Кавказаг хохы рагъыл. Фæлтæрдджын специалистæн уæдмæ уыд бакуыстытæ ацы къабазы æмæ сæ æрбавдыста. Уый фæстæ Сæйраг Кавказаг рагъы цæгат фарсмæ æрбацыдысты япойнаг бульдозертæ æмæ райдыдтой хæрдмæцыд кæнын. Трактортæ сæхицæн арæзтой фæндаг, рагон къахвæндаг уæрæхдæр кæнгæйæ. Кортиаты Леуаны ацы уæндон æмæ оригиналон уынаффæ нымад æрцыд куыд рационалон фæндон, афтæ.

Транскамы арæзтад куы фæцис, уæд Кортиайы фырт куыста алы æмæ алы административон бынæтты. Фадат та йын фæцис зонады къабазы архайынæн. 1988 азы æфсæн-вæндагон транспорты инженерты Ленинграды институты бахъахъхъæдта диссертаци æмæ ссис техникон зондæты кандидат. 1995-2001 азты уыд Зæрæмæджы ГЭС-ы  дирекцийы сæйраг инженер. 2001-2014 азты та уыд Цæгат Кавказы Хæххон Металлургион институты фæндагон змæлды ор-ганизаци æмæ æдасдзинады кафедрæйы сæргълæууæг. 2016 азы йæ айстой Транспорты Уæрæсейаг академийы уæнгæй. Æртын азæй фылдæр уыд зонадон-педагогон архайды. Йæ фæллойадон архайды рæстæджы ныммыхуыр кодта 100 зонадон публикацийæ фылдæр æмæ зонадон здæхты фæдыл 10 æрхъуыдыдзинады. Афтæ ма йын мыхуыры рацыдысты Транскамы тыххæй 13 монографийы æмæ иртасæн куысты. Ацы куыст ын рауагъдæуыд цалдæр хатты, уыцы нымæцы Цхинвалы, Дзæуджыхъæуы, Ростовы. Практикон æгъдауæй уыдон иууылдæр сты хæххон фæндæгтыл æдасдзинады тыххæй. Кортиаты Леуан у автомагистралы истори æмæ нысаниуæджы тыххæй чиныг «Транскам»-ы автор. 2015 азы фæндагон змæлды æдасдзинады къабазы æнтыстыты тыххæй Национ премийы экспертон советы уынаффæмæ гæсгæ Цæгат Кавказы Хæххон металлургион институты  бакусджыты къорд профессор Кортиаты Леуаны къухдариуæгадæй ссис йæ дипломант  «Вектор безопасности»-йы номинацийы зæйтæй хъахъхъæнæн галереяты проект саразыны тыххæй. Уый фæстæ та ахуыргæндты къорд рамбылдта бындурон иртасæнты уæрæсейаг фонды  æмæ РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады дунеон грант.

Транскамы куысты тыххæй Кортиаты Леуан хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхтæй – Хуссар Ирыстоны Кады орденæй, Цæгат Ирыстоны «Во славу Осетии»-йы майданæй æмæ æндæр хорзæхтæй.

Уый хæларæй цард хуссарирыстойнаг цæрджытимæ. Историон зондæты кандидат, этнограф, журналист Хъуылымбегты Роберт куыд банысан кодта, афтæмæй Леуаны царды мидис уыд Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн фæндагон бастдзинады проблемæ аскъуыддзаг кæнын. «Уый уыд Транскамы арæзтады азфыссæг, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн транспортон бастдзинады арæзтады историйы тыххæй дыууæ монографийы рауадзгæйæ, Дзомагъгомыл Магъы æфцæджы бынмæ æфсæн-вæндаджы хахх саразыны моментæй райдайгæйæ æмæ Транскамимæ параллелонæй æфсæнвæндаджы арæзтады перспективæтæй фæугæйæ», – загъта Хъуылымбегты Роберт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Кортиайы-фырты бæллиц уыд Хуссар Ирыстоны Транскамы музей саразын. Ахæм музей ис Цæгат Кавказы Хæххон-металлургион институты, йæ коллекци æмбырд цыд æрдæг æнусы дæргъы. Музейы фенæн ис инструменттæ, спецформæ, аразджыты портреттæ æмæ, æгæрыстæмæй, арæзтады иууыл фыццаг плæнттæн дæр. Афтæ ма йæ бæллиц уыд 1960 азы ленинградаг инженертæй фæндагæн проект аразыны рæстæджы Астæуккаг Ручъы трагиконæй фæмард цыппар адæймаджы. Дзырдта-иу, зæгъгæ, уыдон радтой сæ цард ацы фæндаджы тыххæй æмæ аккаг сты, цæмæй сын сæ нæмттæ сæнусон кæнæм цырт сын сæвæргæйæ. Уый æрæмбырд кодта хъæздыг историон æрмæг царды фæндаджы аразджыты æмæ арæзтады тыххæй.

«Цалдæр аудиторийы равæрд ис экспозици, уартæ паддзахы рæстæджы æфсæнвæндаджы арæзтады æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй фыццаг бацамындæй райдайгæйæ æмæ нырыккон автомагистралы эксплуатацийы проблемæтæ æмæ йæ хæрзарæзтады  фæдыл фæндæттæй фæугæйæ», – банысан кодта Хъуылымбегты Роберт. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ивгъуыд аз Кортиаты Леуан рауагъта дыууæ коллективон монографийы Сæйраг Кавказы хохрагъыл Транскавказаг æфсæнвæндаджы магистраль саразыны æнæмæнгхъæуындзинады фæдыл, кæцы фидæны Уæрæсеимæ сиу кæнид Фæскавказы бæстæтæ – Иран, Сомихстон, Туркы. Монографийы куысты хайад райста Хъуылымбегты Роберт дæр.

«Мæнæн монографийы уыд историон хай, Леуан æмæ иннæ автортæн та –  ацы перспективон плæнтты инженерон бындуртæ. Хъыгагæн, йæ бæллиц сæххæст кæнын йæ къухты нæ бафтыд. Ныфс мæ ис æмæ Транскамимæ баст экспозици æнæ хъусдардæй кæй нæ баззайдзæн æмæ æмбырд кæй æрцæудзæн иу бынаты, хуыздæр уаид Хуссар Ирыстоны. Ныфс мæ ис  бынат ын кæй разындзæн, уымæй дæр. Уый суаид Ирыстоны дыууæ хайы ‘хсæн транспортон бастдзинад саразыны энтузиаст, иницатор Леуан Исмаилы фыртæн хуыздæр мысынад», – банысан кодта Хъуылымбегты Роберт.

Кортиаты Леуаны ном фыст æрцыд Ирыстоны фæндагарæзтады историйы.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.