Нæ царды сæмбæлæм ахæм адæймæгтыл, кæцытæ сæ адæймагдзинады миниуджытæй, сæ диссаджы зæрдæхæлардзинадæй, се ‘гъдауæй  æмæ сæ алы хъуыддагæй дæр цæрæнбонтæм сæхицæн скад кæнынц æмæ арф фæд ныууадзынц адæмы зæрдæты. Ахæм адæймæгтæн сæ амæлæты фæстæ дæр сæ ном æнустæм цæргæйæ баззайы, фæмысынц сын сæ рухс нæмттæ, цæвиттонæн сæ фæхæссынц æндæртæн, уыцы нымæцы æвзонг фæлтæртæн дæр.

Ахæм хорз адæймæгтæм хауд зынгæ ирон фыссæг Букуылты Алыкси Димитры фырт дæр. 2024 азы январы мæйы газет «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыдыл 100 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд мæ хæсыл банымадтон ацы диссаджы иу-гъæдон, æнæхин адæймаджы ном æрымысын.

Уый дæргъвæтин азты æвæллайгæйæ фæлæггад кодта ирон мыхуырæн. Ацы уацы автор 1972 азы хæрзæвзонг чызгæй газет «Советон Ирыстон»-ы редакцимæ кусынмæ куы æрбацыд, уæд Алыкси куыста газеты бæрнон нымæрдарæй. Куыд коллективы иннæ уæнгтæ, афтæ мæ Алыкси дæр райста хорз, равдыста мæм аудгæ ахаст, раст цыма мæ дыккаг  фыд уыд, уыйау мыл баузæлыд.  Уый мын цыбыр рæстæгмæ ссис стыр кады аккаг адæймаг. Абоны онг дæр йæ сабыр, фæлæ хатт тыхджын æмæ ныфсхаст хъæлæс мæ хъустыл ауайы æмæ мæ цæстыты раз сысты йæ фæлгондз. Асæй рæстæмбис, зæрдæмæдзæугæ æмæ уæздан нæлгоймагæй уыйбæрц хъармдзинад цыд æмæ адæймаг йæ цуры бадынæй, йемæ ныхас кæнынæй не ‘фсæстис. Иннæ ахæм уæлдай адджындæр та уыд мæ дзæнæты бадинаг цардæмбал Хуриты Гивиимæ. Кæд дзы Алыкси бирæ хистæр уыд, уæддæр уыдысты æмкар хæлæртты хуызæн. Афтæмæй дæргъвæтин рæстæджы иумæ хæларæй фæкуыстам, дыккаг хæдзары хуызæн нын чи ссис, уыцы редакцийы.

Советон Цæдисы рæстæджы газет «Советон Ирыстон» къуыри цыд фондз хатты æмæ газеты алы номыры рацыдмæ дæр уæзгæ хайбавæрд хаста Алыкси. Уыдис-иу ахæм рæстæджытæ дæр, æмæ-иу ын йæ сæрыл уæлæмæ схæцыны рæстæг дæр нæ уыд газеты уацхæсджыты æрмæджытæ редакци кæнгæйæ. Стыр уæз цыд бæрнон нымæрдарыл. Уый уыд коллективы уарзон адæймаг æмæ зондамонæг. Алчидæр æй бахъуыды кодта хуыцауысконд æмæ æнахуыр уæздан адæймагæй. Уыд  адæмуарзон æмæ куырыхон, рæдаузæрдæ æмæ зындзинæдтæн фæразон адæймаг. Ирон лæджы ном дæлæмæ никуы æруагъта, æппынæдзух уыд кæстæртыл тайæг æмæ руайæг, цæстуарзон æмæ бæркадарм.

Букуылты Алыкси райгуырд Цхинвалы районы Арцеуы хъæусоветы, Уалыты хъæуы, Хуссар Ирыстоны зæрдылдаринагдæр бонтæй иуы – 1920 азы 8-æм июны. Ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы. Æнæххæст астæуккаг скъола та каст фæцис Громы хъæуы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры педагогон ахуыргæнæндоны æмæ йæ каст фæцис 1940 азы. Уайтагъд кусын райдыдта Чкараулы хъæуы райдиан скъолайы ахуыргæнæгæй æмæ уыцы иурæстæджы йæ сæргълæууæгæй дæр. Райзæрдæйæ бæргæ куыста, фæлæ дзы бирæ нæ бафæстиат. Æвзонг лæппумæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Афтæмæй йæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрæййæфта æфсады слæужбæ кæнгæйæ æмæ йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад иста немыцаг фашизм дæрæн кæныны. 1942 азы фидæны зынгæ фыссæг уæззау цæфæй уацары бахауд знæгтæм. Румыны зæххыл бавзæрста æппæт хъизæмæрттæ дæр. 1944 азы уыцы зындонæй куы раирвæзт, уæд ногæй тох кодта немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Хæцыд Чехословакийы. Хайад иста Братислава ссæрибар кæныны тохты. 1945 азы 19 апрелы Стыр Уæлахизы къæсæрыл фæцис уæззау цæф æмæ афæдзы бæрц, мæлæты къæсæрыл лæугæйæ, йæхицæн хос кодта госпиталы. 1946 азы уæззау цæфтимæ æрæздæхт йæ Фыдыбæстæм. Хæсты æмæ уацары цы фыдæвзарæнтæ бавзæрста, уыдоны тыххæй дзургæйæ-иу адæймаджы дисы баппæрста. Ау, ахæм уæззау фæндæгтыл чи рацыд, уый ма ахæм зæрдæхæларæй куыд баззад…

Фæлæ та йæм дарддæр æнхъæлмæ кастысты ноджы стыр фыдæвзарæнтæ… Æгæрыстæмæй йын зын уыд рæстмæ куыст ссарын дæр. Уацары чи бахаудта, Сыбыры хай чи фæцис, уыдонмæ ахæсты фæстæ адæм æндæр цæстæй кæсын райдыдтой. Фæлæ иу хорз уыд æмæ сæ паддзахад сраст кодта.

1960-1967 азты куыста Хуссар Ирыстоны радиойы редакцийы. 1967 азы йæ снысан кодтой газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы бæрнон нымæрдарæй æмæ йæ царды хуыздæр азтæ батыдта ацы бынаты кусгæйæ. Уыдис чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редактор, стæй та  областон радиойы сæйраг редактор, журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы прозæйы хайады редактор. 1939 азы æмбырдгонд «Æвзартæ»-йы  рацыд йæ фыццаг радзырд «Бесойы цин». 1957 азы рауагъта йæ радзырдты фыццаг æмбырдгонд «Уыцы бонтæ». Уæлдай зындгондæр ссис йæ роман-трилоги «Хæхты дидинæг» æмæ роман-дилоги «Зарæг баззад цæргæйæ» рухс куы федтой, уый фæстæ. Газеты фæрстыл æппынæдзух мыхуыры цыдысты  йæ цымыдисон æрмæджытæ æмæ сæ газеткæсæг дæр агуырдта æхсызгонæй. Алыкси ирон литературон сфæлдыстадон хæзнадонмæ бахаста зынгæ хайбавæрд.

Иу цалдæр азы размæ Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ Букуылты Алыксийæн сарæзтой мысæн изæр. Уырдæм æрбацыдысты йæ хиуæттæ, йæ хæлæрттæ, йе ‘мсисонтæ. Мадзалы раныхас кодта Джусойты Нафи дæр (абон дзæнæттаг). Уый Алыксиимæ йæ хæлардзинады тыххæй цы хъарм ныхæстæ загъта, уыдон мæ никуы ферох уыдзысты, цæрæбонтæм сæ бадардтон мæ зæрдыл.  «Мах æртæ лæппуйæ – æз, Букуылты Алыкси æмæ нывгæнæг Къæбысты Къола тынг хæлар уыдыстæм. Æвзонгæй иу хатæны дæр ацардыстæм æртæ азы бæрц æмæ кæд мæгуыр цард кодтам, уæддæр кæрæдзийæн стыр аргъ кодтам æмæ кæрæдзийы хъыджы никуы бацыдыстæм. Иумæйаг нын уыд æппæт дæр: хæрд, нозт, чиныг, уæлæдарæс æмæ дзулы кæрдихтæ. Алыксийы зыдтон 55 азы бæрц æмæ йыл мæ зæрдæ никуы ницæмæй бахудти. Ахъуыды-иу кодтон, зæгъын, цæуыл ис абарæн Алыксийы хæрзæгъдау æмæ уды сыгъдæгдзинадæн. Æмæ-иу мæ зæрдыл æрбалæууыд: Ирд зымæгон райсом бæрзæндты тæхы урс-урсид æхсинæг, арвæй иунæг миты пирæнгом рахауд æмæ абадт уыцы маргъы базырыл… Миты гæбына æхсинæджы базырыл! Уымæй сыгъдæгдæр ницы зонын æмæ чизоны уый бæззы Алыксийы уды сыгъдæгдзинад æмæ фидауц равдисынæн», – загъта йæ раныхасы Джусойты Нафи.

1991 азы 19-æм сентябры Чъехы хъæуы Алыксийы иунæг бындар Маиры фыдмардæй амардтой гуырдзиаг фашисттæ. Йæ мард буар ын баивтой гуырдзиаг амынæтыл æрмæстдæр 6-æм октябры. Уыцы дудгæбонæн не сфæрæзта уарзæгой мад, Алыксийы цардæмбал Джиоты Зарæ æмæ йæ зынгхуыст хъæбулы баййæфта цæрынгхъуагæй. Æппæт ацы фыдæвзарæнтæ егъау хъæдгæмттæ ныууагътой Алыксийы уарзæгой зæрдæйыл. Фæлæ бирæ дудгæбæттæ бавзарæг адæймаг иу мисхал дæр нæ фесæфта йæ диссаджы адæймагон миниуджытæй æмæ цæрæнбонтæм баззад Стыр Адæймагæй.

2010 азы, тæккæ уалдзæджы къæсæрыл ирон дзырдаивадыл æрцыд стыр зиан. 23-æм марты йæ фæллад зæрдæ йæ кусынæй банцад Ирыстоны зынгзæрдæ патриот, ирон мыхуыры æнувыд хæлар Букуылты Алыксийæн. Фæлæ Алыксийы ном никуы амæлдзæн, уымæн æмæ уый йæ фæстæ ныууагъта  диссаджы аивадон уацмыстæ æмæ стыр кад.

Кæд мæрдты бæсты исты ис, уæд æнæмæнгæй дæр фæцин кæндзæн, стыр бавæрд цы газеты куыстмæ бахаста, уымæн йæ 100 азы бæрæгбоныл.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.