Цхинвалы Цалцæггæнæн арæзтадон уп-равлени Нæузæххонты уынджы цыппæрæм, фæндзæм æмæ æхсæзæм бирæуæладзыгон цæрæнхæдзæртты кӕртытӕ схӕрзарӕзт кӕныны куыстытӕм кӕд ӕрӕвнӕлдта хӕрзӕрӕджы, уӕддӕр сын цалдӕр бонмӕ бантыст дзӕвгар саразын. Райдианы цалцӕггӕнджытӕ ӕрӕвнӕлдтой кӕртыты уӕлцъар сисыны куыстытӕм. Уыцы куыстытӕ кӕронмӕ конд ӕрцыдысты знон. Ацы куыст сӕххӕст кӕныны хъуыддадджы хорз хъӕппӕрис равдыстой экскаваторыл кусӕг Дудайты Руслан, шофыртӕ Зассеты Витали ӕмӕ Мӕргъиты Алан. Уыдонӕн ӕрвылбон дӕр сӕрмагонд рахицӕнгонд бынатмӕ сыджыт ластой дӕс, фынддӕс машинӕйы.

Уыцы-иу рӕстӕджы цалцӕггӕнджытӕ кусынц бордюртӕ ӕвӕрыныл дӕр. Ӕвӕрынц сӕ ацы куыстыты фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, сыхы уыцы ӕвзонг лӕппутӕ Мӕргъиты Марат, Гаглойты Сослан, Зассеты Альберт ӕмӕ Джыгкайты Николай. Цӕмӕй уы-дон ӕвӕрд ӕрцӕуой раст ӕмӕ рӕсугъд, уым сын стыр ӕххуыс бакӕны геодезист Габуты Руслан.

Арӕзтадон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ рӕвдз ӕмӕ гъӕдджынӕй кӕй ӕххӕст цӕуынц, уый ма бирӕбӕрцӕй у уагдоны хистӕр инженер Бабаты Владикы хъусдард ӕмӕ ӕххуысы фӕрцы. Уый цалцӕггӕнджытӕн ӕппыныдзух ис сӕ фарсмӕ ӕмӕ йӕм цӕмӕй бахатынц, уымæ алы хатт дæр æрдары хорз хъусдард æмæ æххæст æрцæуы.  Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ кæд ницы проблемæтæ фӕзына, уӕд хӕдзӕртты раз кӕртытӕ арӕзт фӕуыдзысты ӕмгъуыдӕй цалдӕр боны раздӕр.

ГӔЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.