13 азы сæххæст 2008 азы августы æнæмсæр хæсты райдианыл. Ацы трагикон боны сæраппонд нæ республикæйы бирæ мадзæлттæ уагъд æрцыд. Нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ уагдоны директор Тъотъоты Ленæйы сæргълæудæй бацæттæ кодтой хæсты бонты тæссаг цаутимæ баст сæрмагонд къуым.

Ацы бонты библиотекæйы стенды цур баййæфтон æвзонг чиныгкæсджыты иу къорды. Уыдон цымыдисæй æмæ уыцы иурæстæджы æрхæндæгæй кастысты æмæ зонгæ кодтой равдысты тæссаг нывтимæ. Зæрдæхалæн нывтæм кæсгæйæ, кæуындзæг хъуырмæ схæццæ вæййы, зæрдæ фæцæйтоны æмæ адæймаг ахъуыды кæны, цæй тыххæй бавзæрста æппæт уыцы хъизæмæрттæ нæ чысыл Ирыстон? Æмæ та нæ фарстæн нæхæдæг сдзуапп кæнæм, æрмæстдæр ирæттæ кæй стæм æмæ гуырдзыйы фæсдзæуинтæ суæвыныл кæй не сразы стæм, уый тыххæй. Сæрмагонд къуымы бынмæ стъолыл æвæрд сты хæстон цаутыл фыст æрмæджытæ æмæ чингуытæ, куыд зæгъæм, зынгæ фыссæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны «Удæй зынаргъдæр сæрибар», «Харебаты Батрадзы – «Русские в Южной Осетии», В.Захаровы – «Кавказ после 08.08.08», Владимир Масленниковы – «Да воздастся» æмæ æндæртæ. Къулыл нывты фарсмæ конд сты æмдзæвгæтæ, уыцы нымæцы  Хъазиты Мелитоны  «Фæдис», Плиты Феликсы æмдзæвгæ – «Судзы горæт», Джусойты Сосланы – «Город, не склонивший головы», Гуырджибегты Иринæйы – «Побойтесь бога», Аршак Тер-Мркарьяны «Я – Осетин», Хæмыцаты Албегы – «8 август 2008 аз».

2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы ирон адæм цы тухитæ бавзæрстой, афтæ ма ирон хъæбатыр лæппуты удуæлдай тохы тыххæй æвзонг чиныгкæсджытæн радзырдта ацы библиотекæйы кусæг Хъуылымбегты Таня. «1-æм августæй 2-æм августмæ гуырдзиаг тыхæйисджытæ тыхджын æхст кодтой куыд горæт Цхинвалы, афтæ ирон хъæуты дæр. Уыдон бафæлвæрдтой ирæтты сæйраг стратегион позицитæ бацахсынмæ, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад. Æцæг августы фыццаг дыууæ боны  фæмард 6 адæймаджы, 12 адæймаджы та республикон рынчындонмæ бахаудтой алыгъуызон цæфтимæ. Уавæр æндыгъдæй-æндыгъддæр кодта… Фæлæ нæ уæддæр нæ уыр-ныдта XXI-æм Олимпиадæйы рæстæджы Гуырдзыстоны уæды тугмондаг президент М.Саакашвили ирон адæмы ныхмæ уæрæхмасштабон хæст расидтаид, уый. Нæ хъæбатыр лæппутæ автоматтимæ æрлæууыдысты гуырдзиаг танкæты ныхмæ æмæ цасдæр рæстæджы знæгты не ‘рбуагътой горæтмæ. Ныккæндтæм нæм хъуыстысты алыгъуызон тæссаг хабæрттæ. Æвзонг цардбæллон лæппутæ мардысты иугайдыгай. Уый фæстæ та базыдтон мæ раздæры сыхаг Джиджойты Джетæ хъæбатырæй кæй фæмард, уый тыххæй. Афтæ ма горæтыл айхъуыст Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт дæр хъæбатырæй кæй фæмард сты, уыцы æнамонд хабæртты тыххæй», – радзырдта уый.

Хъуылымбегты Таня æрсидт æвзонг чиныгкæсджытæн, цæмæй уарзой сæ мадæлон æвзаг, арæхдæр цæуой библиотекæтæм, кæсой чингуытæ æмæ ахуыр кæной хорз, уымæн æмæ, зæгъ, сымах Ирыстоны фидæн стут. Радзырдта сын 26-æм августы Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд ирон адæмы æнусон бæллиц кæй сæххæст, уый тыххæй дæр.

Æвзонг адæймæгты цæсгæмттæм кæсгæйæ, бамбарæн уыд, уыдон сæ чысыл зæрдæтæм æввахс кæй айстой хæсты æнамонд цауты  тыххæй.

«Цæмæннæ хъуамæ зоной рæзгæ фæлтæр 13 азы размæ æмæ уый размæ азты дæр Ирыстоны зæххыл гуырдзы туджы зæйтæ кæй рауагътой, уыдæтты тыххæй. Уадз, æмæ рæзгæ фæлтæр зоной знаг æмæ сын хæлар чи у, уый», – загъта  Æвзæнгты республикон библиотекæйы директор Тъотъоты Ленæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æрвылаз дæр 2008 азы августы хæсты тыххæй библиотекæйы кусджытæ кæй бацæттæ кæнынц сæрмагонд мадзæлттæ.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.