Ныртæккæ ма Ирыстоны хæххон хъæуты стæм рæтты ис фенæн, æнæхъæнæй ма дзы цы иугай фидæрттæ-мæсгуытæ баззадысты, уыдон. Цы заманты æмæ кæй арæзт уыдысты Ирыстоны рагон фыдæлтыккон фидæрттæ-мæсгуытæ, уыдоны тыххæй бирæ алыгъуызон хъуыдытæ фæкодтой нæ фыдæлтæ фæлтæргай æмæ ма ноджыдæр кæндзысты Хуссарæй Цæгатмæ. Фæлæ бæрæг у иу хъуыддаг. Абон уыцы фидæрттæ-мæсгуытæ махæн биноныгæй æмæ æргомæй дзурынц сæ самайджыты цардуаг, сæ удыхъæд æмæ сæ зондахаст, сæ уæнгты фæлтæрддзинад æмæ диссаджы дæсныйад. Специалисттæ куыд дзурынц, афтæмæй ацы фыдæлтыккон фидæрттæ-мæсгуытæ иууыл тынгдæр хæлд æрцыдысты Паддзахы æфхæрæн-сабыргæнæн хæстон къордтæ хæххон хъæуты сармадзантæй куы æхстой, уæд. Бирæ мæсгуытæ ныппырх сты бынтондæр, бирæ рæтты та сæ систæ баззадысты æрдæгхæлдтытæй. Уымæн ма ахъаз уыдис стыр зæхæнкъуыст дæр.

Диссаг куыннæ уыдис галуанты-фидæртты арæзт дæр. Уыдон аразынæн хъуыди стыр æргъуыды æмæ æгæрон хъарутæ. Уæд тыхы дуг уыдис, тыхджындæр мыггаг æдыхдæрыл нæ ауæрстой, стæй сæ хъуыд сæхи æддагон знæгтæй бахъахъæнын дæр. Уымæ гæсгæ сæ хъуыд сæ саразыны сæр.

Ацы фидæртты къултæ, тыргътæ æмæ асинтæ, дуæрттæ æмæ рудзгуыты арæзт кæрæдзийыл афтæ баст уыдысты æмæ сын уыди иунæг бахизæн тохы бонты. Уыцы бахизæныл иу бахастой хæцгæ-хæцын сæ-иу цыдæриддæр хъуыдис, уыдæттæ. Уыдон та афтæ диссаджы арæзт уыдысты æмæ сæ сæйраг бахизæнты цы фидар фæхсдуæрттæ æвæрд уыд, уыдоны уæлдай ма дзы æвæрдтой стыр къæйдуртæ æмæ, зæгъгæ, хæцгæ-хæцын знаг мидæмæ баирвæзтис уæддæр хаудта къæппæджы. Йæ фæстæмæ рахизæн къæйдуртæй æрæхгæдтаид, мидæмæ бацæуынæн та фæндаг нæ ардта йæ бахизæнтæ æмæ асинтимæ. Ахæм галуанты-иу сæ бон хæцын уыдис 10-15 тыхгæнæгимæ дæр. Бахъуыды заманы та фыдæлтæ сæхи рæвдз дардтой алыгъуызон цæвæнгæрзтимæ сылгоймагæй нæлгоймагмæ, стырæй чысылмæ.

Нæ фыдæлты царды æгомыг æвдисæндартæ

Мæсгуыты-фидæртты аразыны дæсныйад цыди комæй коммæ, æфцæгæй-æфцæгмæ æмæ алантæ-ирæттæ цы хæхты цардысты, уым сæ зонды æрхъуыды, сæ къухты дæсныйад уагътой сæ фæстæ, кадджыты æмæ турæгъты куыд баззад, афтæ. Уыцы нæртон æрхъуыдыдзинæдтæй æмæ дæсныйадæй ма абон мах æрыййæфтам хæлддзаг æвдисæнтæ нæ хæххон хъæуты. Ахæм мæсгуытæ æмæ фидæрттæ бирæ ис фенæн Ерманы хъæуы. Ацы хъæуы раздæры цæрæг Фæрниаты Таймураз сæ, йæ фыд Тугъаны ныхæстæй куыд зоны, афтæмæй сæ арæзтæн дæр лæвæрдтой стыр нысаниуæг, зæгъгæ, хæстон мæсгуытæ кæмтты, алы хъæуты арæзт цыдысты уæлдай хъæбæрдæр, фидардæр зæххытыл, науæд та гæзæмæ хибарæй къæдзæх-айнæг ныхтыл, рындзтыл. Уыдон амадтой уæлдай æвзаргæ дурæй, аив æмæ бæрзонд. Куыдуæлæмæ сæ амадтой нарæгдæрæй æмхуызон цыппæрдигъон, æмраст. Сæ сæртæ бæстон æмбæрзт уыдысты тъæпæн уæлхæдзары хуызæн сисгæрон къæйтимæ. Мидæгæй сæ бынастæрдтæ æнцадысты фидар уæладзæнтыл. Уæладзæнтæ дыууæ кæронæй ахстой мæсыгы сæрмагонд хуынчъыты. Алы уæладзыджы цар дæр, бынмæ хизгæйæ, уæллагæн уыди зæхбын бынастæрд астæуы схизæнимæ. Схизæны гом хуынчъытыл та куыд ма загътам, фæлдæхтой уæззау къæйдуртæ бахъуыды заман. Алы хæстон мæсыгæн дæр йæ бинаг бахизæн лæууыд зæххæй бирæ бæрзонддæр æмæ йæм тыхы бонты схизæн нæ уыдис.

Хæстон мæсыгмæ бахизынæн дардтой цыбырдæр асин, йæ уæладзгуытæм та йын æвæрдтой даргъдæр асинтæ. Ахæм асинтыл хызтысты мæсыгы сæрмæ дæр астæуы цары тымбыл хуынкъыл. Уыцы уæллаг цары хуынкъыл фæлдæхтой уæззау тымбыл фидар къæй æмбæрзæн дурæн.

Хæстон мæсгуыты бынаг хатæнтæ уыдысты бахъуыды заманмæ рæвдзгонд рæстæгмæ цæрынæн. Уыдис сæ артдзæстытæ, бинонтæн æрбадæнтæ, æрхуысæнтæ. Мæсгуытæн сæ бынаг хатæнты стæм рæтты фенæн уыдис хъавæн, æхсæн бынæттæ дæр. Æхстой æмæ хъавыдысты уæллаг хатæнты сæрмагонд арæзт бынæттæй. Уыцы хъавæн, æхсæн бынæттæ бæрæг фылдæрæй зынынц мæсгуыты астæуккаг æмæ уæллаг хатæнты къултыл, кæм иугæйттæй дæрддзæфты, кæм та кæрæдзимæ хæстæгдæрæй.

Хæстон мæсгуыты уæллаг хатæнты хицæн къултыл фенæн ис сæрмагонд бынæттæ æддæуæз амадæй. Уыдон уыдысты фат æмæ нæмыгæй хъавæнтимæ дуртæ æппарæн, фыцгæ дæттæ знагыл калæн.

Æнцон амайæн нæ уыдысты фыдæлты цæрæн æмæ хæцæн мæсгуытæ. Бирæ фыдæбон сыл кодтой. Бинонтæн уæды рæстæджы, мæсыг нæ фæлæ зæхбын хæдзар саразын дæр зын уыд. Уыцы бирæуæладзыгон бæстыхæйттæ аразынæн та хъуыд бирæ рæстæг, ныфс æмæ хъару, зонд æмæ æрхъуыды. Уыцы заманы хицæн хæдзарвæндагæн мæсыг самайын сæ къухты зынæй æфтыд. Куы самадтаид, уæд та нымад цыди тыхджын, бонджыныл. Сæ аразынæн дуртæ дæр кæм фаг кодтой æмæ уæд кæмтты фæзындис сæрмагонд бынæттæ, къæдзæхтæ. Цыппæрдигъон лæгъз дуртæ æфтыдтой æмæ сæ галтыл ластой бынатмæ. Ахæм уæззау дуртæ истой  систы сæртæм, фæлæ сæ уым раст сывæрынæн, сæ разилынæн, схæцынæн хъуыд стыр тых æмæ арæхстдзинад. Хæдзарвæндаг кæнæ мыггаг ахæм мæсыг кæнæ гæнах самадта, уæд кодтой йæ номыл куывд. Ахæм куывдтæм арфæтæ кæнынмæ цыдысты æндæр хъæутæй, зонгæтæ, хиуæттæ.

Уæды рæстæджы уыди тыхы дуг. Комбæсты цæрджытæм кæд кæцырдыгæй æрбафсæрстаид гæрзифтонг тыхгæнæг, уый ничи зыдта, хæстон уавæрмæ цæттæ уыдысты æхсæвæй-бонæй æмæ уымæ гæсгæ арæзтой хъахъхъæнæн мæсгуытæ дæр. Фæдисы заманы мæсгуыты сæртыл сыгътой æртытæ. Иугæр хъахъхъæнæн мæсгуытыл æртытæ судзы, уæд комбæсты хæстон адæм зыдтой, æххуысмæ ардæм цæуын хъæуы уый æмæ архайдтой фыдгулы ныхмæ æрлæууыныл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы мæсгуытæ-фидæрттæ арæзт кæй цыдысты мыггæгты астæу социалон-æхсæнадон быцæутæ, стæй тугисыны æгъдæуттæ дæр арæх кæй уыдысты, уый тыххæй. Фæлæ уæддæр сæ сæйраг нысан уыди Ирыстоны хъæуты, кæмтты æддагон фыдгултæй бахизын. Иугæр комбæстæм æддагон тыхгæнæг бырста, уæд-иу фæуагътой химидæг быцæутæ, хылтæ æмæ-иу сæ хъарутæ сарæзтой стырæй, чысылæй, иумæйаг знæгты ныхмæ.

Ныр нæ фыдæлты истори бахъахъхъæныны тыххæй, иуæй иу амалхъом лæппутæ, сæ хъæуты, уыцы мæсгуытæ-фидæрттæ сцалцæг кæнын, сæндидзын кæй фæнд кæнынц, уый хорз хъуыддаг у. Уымæн æмæ хорз æмбарынц, уыдон нæ фæстагæттæн дæр кæй сты нæ адæмы рагон цард зонын æмæ зæрдыл дарыны ахсджиаг фæрæз.

  БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.