Газетмæ æрбацыд хъаст микрорайон «Мæскуыйаг»-ы цæрджытæй. Фæстаг рæстæджы сæм хъæддаг куыйтæ (шакалтæ) кæй сарæх сты, уый уыдис сæ хъасты сæр. Хъæдрæбын хæдзæртты адфамблай байдзаг сты. Фæссихорты ниуын райдайынц, куыд талынг кæны, афтæ æввахс æрцæуынц хæдзæрттæм. Сывæллæттæ хъазæн фæзмæ цæуынæй тæрсынц. Ахæм цаутæ никуыма уыд нæ горæты, тæссаг у, мит куы ныууара, уæд суанг хæдзæртты къæсæрты дæр балæудзысты», – зæгъынц цæрджытæ.

Хъыгагæн, хъæддаг куыйтæ æмæ бирæгътæ æгæр сарæх вæййынц зымæджы. Æрдзон ресурсты комитетмæ хæххон хъæутæй куырдиæттæ арæх бацæуы. Цæмæй сын бар радтой, тугдзых сырдтæй зиан чи хæссы хъæууон хæдзарадæн, уыдон фехсынæн. Советон дуджы нæм уыд Цуангæнджыты цæдис, уыд ын йæхи административон бæстыхай.

Бирæ азты ацы организаци юридикон æгъдауæй сæндидзын кæныныл архайы нæ республикæйы зынгæ цуангæнæг Букуылты Чермен. Райдианы йæхи фæрæзтæй цыдæртæ самал кодта цуангæнджытæн. Æрæмбырд кодта республикæйы районты цуанонты телефонты номыртæ. Цæрджытæ-иу сæм хъастмæ куы æрбацыдысты, уæд-иу сæм уыдон æххуысмæ араст сты. Сырдтыл цуан кæнын-иу райдыдтой 15 октябрæй. Иу сезоны дæргъы-иу сын бантыст дзæвгар тугдзых сырдтæ амарын. Фæлæ ацы æхсæнадæн нæ уыд машинæтæ, фаг нæмыг, сæрмагонд  дзаума, ома, хуылыдз чи нæ кæны митæй, ахæм уæлæдарæс. Стæй цуанон тугдзых сырды куы амара, уæд ын марæггаг хъæуы æхца бафидын. Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны иу бирæгъ амарæггаг цуанонæн хорзæхы хуызы фидынц 10 мин сомы, махмæ та æрмæстдæр дыууæ мины бæрц.

«Мæскуыйаг» микрорайоны цæрджытæ ма куыд зæгъынц, афтæмæй хъæддаг куыйты нымæц бонæй-бонмæ фылдæр кæны. Райсом раджы куыстмæ чи фæцæйцæуы, уыдонмæ бынтон хæстæг бацæуынц. Нырма, Хуыцау хорз, трагикон цау не ‘рцыд, фæлæ тæссаг у, уымæн æмæ хæдмæлхортæ цæуынц дзуггай. Сусæггагæй дзы ницы ис, ацы микрорайоны цæрджытæй цалдæр фосдарды куыст кæнынц. Сæ фос хизыны рæстæджы-иу хатт хъæддаг куыйтæ сæхи ныццавтой родыл æмæ йæ ныскъуыдтæ кодтой.

Ветеринарон дохтыртæ куыд амонынц, афтæмæй ацы тугдзых сырдтæ сты  гæбæрниз, трихинелез, æрраниз парахатгæнджытæ. Тæссаг сты адæймаджы цардæн. Сырд адæймагмæ хæстæг куы цæуа, уæд гæнæн ис æмæ йæ дзæмбытыл  ацы тæссаг низтæ бахæсса. Кæд холы сæ дзыхы нæ бафты, уæддæр кæдæм бацæуынц æмæ кæм фæрацу-бацу кæнынц, уым дæр тæссаг вæййы низ бахæцынæй. Ветеринарон кусджытæ ма радзырдтой, зæгъгæ, цалдæр азы размæ Ленингоры районы дыууæ æфсымæры хъæддаг куыдз амардтой. Цæмæй æнхъæл уыдысты, æрра низæй рынчын у. Къухæй йæм бавнæлдтой æмæ йæ басыгътой. Афтæмæй сыл низ бахæцыд æмæ цалдæр боны фæстæ амардысты. Уымæ гæсгæ ахæм бынæттæ æнæмæнг хъæуы дезинфекци кæнын.

Ам ма зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ уæлдай тынгдæр æмæ арæхдæр дезинфекци кæй хъæуы сывæллæтты хъазæн фæзуæттæ. Сывæллæттæ кæм фæхъазынц, уым ныууадзынц къафетты цъæрттæ. Æхсæвæй-бонæй дзы сырд фæрацу-бацу кæны, йæ низджын сæт ныууадзы уымыты æмæ уый тынг тæссаг хабар у.

Ивгъуыд азы Цхинвалы районы цæрджытæ  канд хæдмæлхортæй нæ, фæлæ ма уынгæджы уыдысты бирæгътæ, рувæстæ æмæ æрсытæй. Цы зиан хастой, уый чысыл нæ уыд. Аргæвстой-иу фос хисæрмагонд хæдзæртты кæртыты цур. Дменисы хъæуы хæдзары кæртмæ бахызт арс æмæ аргæвста уæныджы. Хæдзары хицауæн гæнæн нал уыд æмæ йæ кæрты хæцæнгарзæй фехста. Сырд афæлдæхт, уæдæ куыд.

Æнæмæнг нæ республикæйы хъæуы сæрмагонд программæ райсын, цæмæй «Цуанонты æхсæнад» скуса æмæ хъæууон цæрæг йæхи тыхтæй мауал тох  кæна хъæддаг сырдтимæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.