Фæцис 2020 азы фыццаг æмбисæн бынæттон периодикон мыхуыры фæрæзтæ рафыссыны процесс, иу мæйæ фылдæр рæстæг рацыд,  фæлæ йæ фæстиуджытæй зæрдæ нæ барухс. «Югосетпечать»-ы хистæр Саулохты Зоя куыд загъта, уымæ гæсгæ 2020 азы 5-æм февралы онг газет «Хурзæрин» рафыстой 1308 адæймаджы, газет «Южная Осетия» – 1878, газет «Республика» – 2396 æмæ журнал «Фидиуæг» та рафыстой 880 адæймаджы.

Нæ мадæлон æвзагмæ хуыздæр хъусдард здахын кæй хъæуы, ууыл дзырд рагæй цæуы, уæлдайдæр та фæстаг рæстæджы. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ æвзаг куынæ уал уа, уæд наци дæр нал уыдзæн.  Ацы    хуымæтæджы æцæгдзинад æмбаргæйæ, не ‘ппæты хæс дæр у мадæлон æвзагмæ хуыздæр æмæ уарзæгойдæр ахаст дарын. Мадæлон æвзагæн авгау æрхауынæй хъуамæ тæрсæм, ныййарæг мады хуызæн æй хъуамæ уарзæм. Уымæн æмæ йæ мадæлон æвзаг йæ сæрмæ чи нæ хæссы, уый йæ радтæг адæмы æцæг патриот никуы суыдзæн. Йæ мадæлон æвзагæн чи нæ аргъ кæны, чи йæ нæ уарзы, уый йæхицæн дæр нæ кад кæны æмæ ахæм адæймæгтæ та кады аккаг никуы вæййынц.

Иу ирон газет нын ис æмæ йæ алы ирон хæдзар дæр хъуамæ иса. Уымæн  ис хъæздыг традицитæ. Советон Цæдисы иууыл рагондæр газетты æмбай у, стыр ахъаз фæцис рухсад æмæ зонадон интеллигенцийы, æмткæй нæ национ культурæйы рæзтæн æмæ йыл аудын хъæуы…

«Югосетпечать»-ы хистæр Саулохты Зоя алы хатт дæр бахаты республикæйы цæрджы­тæм, цæмæй бæрнондæр ахаст дарой мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг иунæг газет «Хурзæрин» рафыссын. Хъуамæ ирон адæм се ‘ппæт дæр сæ зæрдыл дарой ирон адæмы кадджын æмæ ахуыргонд лæг Абайты Васойы фæдзæхст: «Бæлас акæлы, йæ уидæгтæ йын зæххæй куы стонай, уæд. Æвзаг амæлы, йæ уидæгтæ йын бинонты ‘хсæн куы сыскъуынай, уæд».

Мадæлон æвзагыл аудындзинадыл зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта зындгонд авайраг поэт Расул Гамзатов: «Æмæ кæд райсом фесæфдзæни ме ‘взаг, уæд æз цæттæ дæн амæлынмæ абон».

Кæд бамбардзыстæм, мадæлон æвзагæн аргъ кæнын кæй хъæуы, уый? Нæ горæты, раздæры «Турбаза»-йы бæстыхайы (цæрынц Гуырдзыстонæй кæй расырдтой, ахæм ирон лигъдæттæ. Иу хатт ардæм бахаудтæн цыдæр хъуыддаджы фæдыл. Ам дыууæ ирон сылгоймаджы кæрæдзиимæ гуырдзиагау кæй ныхас кодтой, уый мæм тынг хъыг фæкаст æмæ сын бауайдзæф кодтон, зæгъын, гуырдзы уæ расырдтой, уæ цæрæнбонты фæллæйттæ ныу­уадзгæйæ æмæ сын уæддæр се ‘взагыл дзурут. Фæлæ мæм афтæ фæкаст, æмæ йæм мæ ныхæстæ хъаргæ дæр нæ бакодтой.

Алы ныййарæг дæр хæсджын у, цæмæй чысылæй йæ сабийæн бауарзын кæна йæ мадæлон æвзаг. Рæзгæ фæлтæр, цæмæй сæ мадæлон æвзаг уарзой, уый тыххæй сын цæвиттон хъуамæ æвдисой сæ ныййарджытæ. Саби йæ ныййарджыты ирон газет кæсгæ куы уына, уæд æй уый дæр бафæзмдзæн, хæдзары ирон газет куы уына, уæд æй кæддæр йæ къухмæ райсдзæн, исты дзы бакæсдзæн æмæ афтæмæй фæцайдагъ уыдзæн мадæлон æвзагыл кæсыныл.

Зынаргъ газеткæсджытæ, курæг уæ стæм, цæмæй бахатат, бауайдзæф кæнат, уæ сыхæгтæй, хиуæттæй ирон газет чи нæ исы, уыдонæн. Газетæн рафыссæн ис æрвылмæй дæр нæ горæты посты бæстыхайы «Югосетпечать»-ы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.