Ивгъуыд аз Уалыты Таймураз бахатыд хицауадмæ, цæмæй йын арендæйы хуызы рахицæн кæной зæххы фадыг Ирыхъæуы. Уым уый æрæвæрдта вагон, сарæзта дзы   хъæрмуат. Гектарæй фылдæр зæхх бахуым кодта æмæ дзы байтыдта нартхор æмæ хъæдур. Мах бахатыдыстæм арендатормæ, цæмæй нын радзура, цы фæндтæ йæм ис йæ хæдзарад райтынг кæныны фæдыл, уыдоны тыххæй.

«Æз бирæ азты цардтæн Цæгат Ирыстоны, Мæздæджы. Мæ ныййарджытæ ардыгæй алидзгæ сты. Æз ахуыр кодтон Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон колледжы, райстон агрономы дæсныйад. Кæддæриддæр мæ фæндыд цæрынмæ Хуссар Ирыстонмæ рыздæхын, мæнæ ныртæккæ кæм æрцардтæн, мæ фыдæлтæ дæр уым цардысты. Хуссар Ирыстоны кусынæнбæзгæ цы зæххытæ ис, уыдонæн сæ 60-70 процент хæххон зонæйы сты. Мæнмæ гæсгæ иннæ хайæ рационалонæй хъæуы пайда кæнын. Кусынæн бæзгæ зæххытæ афтæ бирæ не сты æмæ алы гæппæлæй дæр хъæуы пайда кæнын. Ис нæм хæрзвадат уавæртæ хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæнынæн. Нæ фыдæлтæ дæр рагæй фæстæмæ хæст уыдысты хъæууон хæдзарады сæйрагдæр къабæзтæ – зæхкуыст æмæ фосдардыл. Нæ хъæууон хæдзарад ахæм мæгуырау уавæрмæ цы аххосæгтæм гæсгæ æрхауд, уыдон æмбæрстгонд сты. Фæлæ ныр та хъуыды хъæуы, куыд æй сæндидзын кæнæм æмæ нæхи æркæнгæ продукттæ республикæйы цæрджыты куыд æфсадæм. Хуссар Ирыстоны ныртæккæ цы цæрджытæ цæрынц, уыдоны хи æркæнгæ продукттæй сифтонг кæнын зын нæу. Хъыгагæн, мах сæ, сæйраджыдæр, æрласæм республикæйæн æд-дейæ. Ноджы ма сыл уæлдай аргъ бафтаугæйæ, уæй цæуынц адæмæн. Ахæм уавæр та сæвзæрд хъæууон цæрджытæ къаддæр кæй кæнынц, стæй сын цæрынæн, кусынæн æмбæлон уавæртæ кæй нæй, уый аххосæй. Абон ма чи баззадысты хъæуты цæргæйæ, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ ни-куыдæм алидзиккой цæрынмæ, паддзахады ‘рдыгæй сын æмбæлон æххуыс куы цæуид æмæ кусæн техникæйæ ифтонг куы цæуиккой, уæд», – дзырдта Уалыты Таймураз.

Арендатор ныртæккæ йæ зæххы фадыджы цы нартхор æмæ хъæдур зайын кæны, уыдон ауæй кæндзæнис бынæттон базары. Хъæрмуаты цы джитъритæ байтауы, уыдон æлхæнынмæ йæм бынатмæ ссæуынц базаргæнджытæ. Фæлæ Уалыйы фырт уæддæр райгонд нæу йæ архайдæй.  Зæгъы, зæгъгæ, хъæуы кондад байгом кæнын, цыран уадзæн уыдзæн, фæлхасгæнджытæ æхсызгонæйдæр кæй агурой æмæ æлхæ-ной, ахæм продукци.

«Æз ногæй ницы æрымысынмæ хъавын. Бирæ литературæ бакастæн æмæ дарддæр дæр æппынæдзух интернет-ресурсты фæр-цы зонгæ кæнын хъæууонхæдзарадон кондад размæцыд кæм у, ахæм бæстæты арендаторты архайдимæ. Уыдоны фæл-тæрддзинад сахуыр кæнын æмæ дзы нæ уавæрты спайда кæныны хъуыды мæм ис. Зæгъæм, Кабардайы цæрджытæн æрмæст сæ 30 процент архайынц хъæууонхæдзарадон кондады æмæ натуралон продукттæй  та æфсадынц канд сæхи цæрджыты нæ, фæлæ ма сæ ласынц республикæйæ æд-тæмæ дæр. Махæй бирæтæ афтæ хъуыды кæны, ома, органикон хъацæнтæ, иу-уылдæр æнæпайда сты, уыдонæй пайда кæнын организмæн зиан хæссы. Фæлæ бынтон афтæ нæу. Хъацæнтæ раст хаст куы æрцæуой халсæрттæм, уæд фылдæр вæййы тыллæгæрзад æмæ къаддæр та вæййы, тыллæджы цы нитраттæ вæййы, уыдоны бæрц», – дзырдта уый.

Уый ма загъта, зæгъгæ, хъæууон хæдзарады куыстытæм чи рæхсы, ахæмтæ куы аразиккой фермерон хæдзарадтæ, уæд-иу бирæтæ сæ куыст æрдæгыл нæ фæуадзиккой. Уымæн æмæ æцæг хъæууон кусæг лæг зоны, иу æмæ дыууæ азмæ хъуыддаг размæ кæй нæ ацæудзæнис. Фæстиуæг райсынæн хъæуы къорд азтæ. Æвзæр, зæгъгæ, нæ уаид, фермертæ æмæ арендатортæн мæй иу хатт специалисттæ сæ зонындзинæдтæ куы амониккой. Уый ахъаз кæнид хъæууонхæдзарадон кондады проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн. Хъæууонхæдзарадон продукттæ æркæнын чи сфæнд кодта, уыдонæн практикон, информацион æххуыс куы уа, уæд фылдæр уыдзæн, ахæм куыстытæ чи кæна, ахæмтæ. Ацы хъуыддагмæ, сæйраджыдæр, аздахын хъæуы фæсивæды.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.