Сæ бæрæгбон банысан кæныны агъоммæ, хъæууон хæдзарады министрадмæ æрбацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы уый банысан кодта, хъæууон хæдзарады кæй ис бирæ аскъуыддзагкæнинаг фарстатæ, цæмæй раппæлæм, ахæ-мæй нæм нырма бирæ кæй ницы ис. «Фæлæ мах архайдзыстæм, кусдзыстæм ууыл, цæмæй нæ хъæууон хæдзарад йæ къахыл слæууа. Уымæн уал æвдисæн у, цы ахсджиаг къахдзæф сарæзтам, уый. Кæд бирæ азты дæргъы хъæууон фæллойгæнджытæн сæ æркæнгæ продукци Уæрæсемæ аласын сæ бон нæ уыд, уæддæр уал нын бантыст уыцы хъуыддаг саразын. Ныр уыдонæн сæ бон уыдзæн сæ продукци Уæрæсемæ ласын». Уыцы хæрзиуæгон хъуыддагыл иу-зæрдион куыст кæй бакодтой «Югоссельхознадзоры»-ы сæргълæууæг Мæргъиты Алан æмæ хъæууон хæдзарады ми-нистр Пухаты Лев, уый тыххæй сын бæстæйы сæргълæууæг загъта бузныджы ныхæстæ.

Президент йæ раныхасы æрдзырдта, ацы стыр къахдзæф бирæ куыст кæй домдта. Уымæн æмæ нæхимæ æркæнгæ продукцийæн хъуыд экспертизæ аразын, хъуыд сбæлвырд кæнын, нæ зæххыл æркæнгæ продукци бæззы уæй кæнынмæ, æви нæ. Ахсджиаг хъуыддаг у фермертæн кредиттæ чысыл проценттыл лæвæрд кæй цæуы. Президент ма йæ раныхасы банысан кодта, фермертимæ йæ æрæджы йы фембæлд ахсджиаг кæй уыд, уымæн æмæ хуыздæр æмбæрстгонд æрцыдысты сæ проблемæтæ, стæй дарддæр цы хъуамæ саразой уый фæстæ. Стыр къахдзæф у, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады чи архайынц, уыцы амалиуæггæнджытæн радих кæй æрцыд 21 милуан сомы сæ бизнес фæтыхджындæр кæныны тыххæй. Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй 2019 азы бацархайдзысты, цæмæй уыцы фæрæзтæ схизой 27 милуан соммæ. «Æз афтæ æнхъæлын, æмæ уыцы фæрæзтæ фадат ратдзысты, цæмæй сæ уавæртæ хуыздæр кæной, сæ фосы нымæц фылдæр кæна», – банысан кодта Президент.

Хъæууонхæдзарадон техникæйы тыххæй дзургæйæ та загъта, зæгъгæ, ацы хъуыддаджы проблемæтæ ис, фæлæ архайдзысты ацы зын уавæрæй рахизыныл.

Министрады кусджытимæ ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, министрад хъуамæ æххуыс кæна канд фермертæн, амалиуæггæнджытæн нæ, фæлæ æппæт хъæууон фæллойгæнджытæн дæр.

Раст у, фермертæн арæзт цæуы проекттæ, загъта Президент, фæлæ йæ хъуыдымæ гæсгæ фылдæр æххуыс хъуамæ цæуа, йæ куысты хуыздæр фæстиуджытæ кæмæн ис, уыцы фермертæн.

Фосыл хæцгæ низтæ кæй фæзыны, уый тыххæй Президент хъæууон хæдзарады кусджытæй æрдомдта, цæмæй æмбарын-гæнæн куыст кæной, куыд тох кæнын хъæуы æмæ цы аразын хъæуы сæ ныхмæ, уый тыххæй. Хорзыл банымадта, уый тыххæй зонæнтæ кæй бакодтой хъæуты, уæл-дайдæр та морæгъуыз хъæндилы тыххæй. Президент ма йæ хъуыды загъта, цæр-джытæн сæ фос сын кæй регистраци кæнынц, уый сæ тас кæй уадзы фиддонтæ сыл сæвæрынæй. Уыдон хъуамæ æмбарой цас фылдæр кусой, цас фылдæр фос дарой, уыйбæрц сын æххуыс фылдæр кæй уыдзæн. Хъæууон хæдзарады министрады кусджытæ та хъуамæ æмбарын кæной цæрджытæн, сæ фос регистраци кæй цæуы, уый тыххæй, цæмæй сын рæстæгыл арæзт цæуа вакцинацитæ, цæмæй йæ куы уæй кæна, уæд рынчын фосы дзидза ма баирвæза «Растдон» æмæ базæрттæм дæр.

«Мах тынг хорз æмбарæм, махæн нæ республикæ кæй у хъæууонхæдзарадон, æмæ сараздзыстæм афтæ, цæмæй нæ хъæууон фæллойгæнджытæн, нæ фермертæн дæр сæ бон уа кусын æмæ сæ куыстæн та уа хорз фæстиуджытæ», – загъта Президент. Уый ма ноджыдæр  цæстуарзон арфæтæ ракодта хъæууон хæдзарады кусджытæн æмæ иу къорд кусджыты схорзæхджын кодта Фыдыбæстæйы хæсты «Хуссар Ирыстоны адæмы уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн» æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты нысанæн майдантæй, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй.

Ведомствойы цыппар кусæгæн та лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.