Алы бæстæты адæммæ дæр ис сæхи хицæндзинæдтæ. Раппæлинаг æмæ рафауинаг хъуыддæгтæ æмæ миниуджытæ. Ирæттæ сæрыстыр сты сæ хæстон хъæбатыртæй, ахуыргæндтæй, уазæгуарзондзинадæй, нæ фарсмæ цы ‘ндæр адæмыхæттытæ цæры, уыдонимæ фидыдæй цæрынæй. Ирæттæ сты, чи зоны, уæлдай фæразон, бараг, сабыр зондыл хæст. Ис нæм аиппытæ дæр, рæсугъд цæрын нæ чи нæ уадзы, ахæмтæ. Уыдонæн сæ ахсджиагдæртæ сты: фаг нæ хъуыды кæнæм нæ фидæны цардыл. Нæхæдæг куыд сыгъдæгзæрдæ, æнæхин æмæ цæстуарзон стæм, иннæты дæр афтæ хонæм. Карзæй бафхæрын кæй фæхъæуы, уымæн тæнзæрдæ разынæм æмæ йын ныххатыр кæнæм, кæд æм хуыздæр зонд æрцæуид, зæгъгæ. Уый аххосæй иу фыдракæндæй иннæ фыдракæндмæ, иу бæллæхæй иннæмæ сæрсæфæнмæ хæстæгдæргæнгæ цæуæм. Куырм бæхтау нæ размæ нæ уынæм æнæбын къардиу æмæ нын тæссаг у, куы йæм асхъиуæм, уымæй.

Æппæт дунейы истори абоны онг цы нæма федта æмæ фехъуыста, ахæм æвирхъау фыдбылызы хай баци Беслæныхъæу. Уыцы стыр бæллæх ныл нæ фыддæр фынты æрцыд, æви нæ хъалæй, уый абон дæр бирæтæ нæма раиртæстой. Чи йæ базыдта, уый та йæхи дæр æмæ йе ‘мбæлтты дæр бафæрсы, цæмæн æрцыд, уымæй. Кæй æххуысæй æмæ кæй аххосæй? Кæмæй бацагуырдæуа дзуапп? Чи йæ ссара?

Цæмæй фыдвæд æмæ æвæд ма фæуæм…

Бæллæх не ‘рцæудзæн, уый нæ хъахъхъæнджытæ нæ зыдтой, зæгъгæ, уый абон зын зæгъæн у. Куы нæ йæ зыдтаиккой, уæд рагацау сæ цæрæнуæтты дæр, сæ куыстуæтты дæр хъалагъурты нæ сæвæрдтаиккой. Хæцæнгæрзтæй ифтонг салдæттæ сын сæ сæрты цъиу атæхын дæр куы нал уагътой. Афтæмæй мингæйттæ та æвæгæсæгæй бабын сты. Иу дзы нæ загъта, нæхи куыд хъахъхъæнæм, афтæ адæмы дæр бахъхъахъæнæм, зæгъгæ.

Алчи дæр бамбæрста, нæ фыдгул йæ хуыз кæй аивта, уый. Не знаг зноны знаг нал у. Уый нæ раздæр иугæйттæй мардта. Æхста нæ фæскъулæй, къудзитæй, хъамылтæй – сусæгæй. Абон нæ марын райдыдта æргомæй æмæ бирæгай лыстæг сасирæй луæрст сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Кæйдæр амындæй, кæйдæр ардыдæй. Зонынц нын нæ лæмæгъ бынæттæ æмæ нæ цæвынц уыцырдыгæй.

Раздæр кæд нæлгоймæгтимæ хæцыдысты, уæд ныр та нæ сылгоймæгтæ æмæ æнахъом сабитимæ райдыдтой. Уыдонимæ хæцын та лæджы хуызæн лæг сæрмæ дæр никуы хаста. Сывæллонмæ бирæгъ дæр куынæ ‘вналы… Знаг зоны, Ирыстоны сабитæ чысыл кæй гуыры, уый. Æмæ нæ хъавы æнæ фидæн фæкæнынмæ. Райсом сын уæд æнцондæрæй басæтдзыстæм. Нæртон адæмы байзæддаг, аланты фæдон ирон лæг нал æххæст кæны йæ æрдзон-гуырдзон хæс. Йæ фыдæлты уæзæгыл йæхи хицауыл нæ, фæлæ æцæгæлоныл нымайын райдыдта. Раздæр ныл цы бæллæхтæ æрцыд, уыдоны аххосæгтæ афоныл æргомгонд куы æрцыдаиккой, уæд, æвæццæгæн,   Беслæныхъæуыл тугуарæн не скодтаид.

Ирыстоны хъæутæ æмæ горæтты азæй азмæ фылдæргæнгæ цæуы наркотиктæ уæйгæнджыты нымæц. Се ‘хсæн бирæ ис, иронау чи нæ дзуры, ахæмтæ. Наркотиктæ чи уæй кæны, уый дæр лæгмар у, фæлæ йæ йе ‘цæг номæй иу рахонæг нæй. Æмæ хæмпæл-гæрдæгау нæ фæсивæды æхсæн рæзынц наркоманты рæнхъытæ дæр. Алчи дæр дзы хъылма æнцонæй ары æмæ йæхи бабын кæны, йæхи цæрдудæй мары. Наркоманиимæ чи хъуамæ тох кæнид, уыдоны иу хай хъылмауæйгæнджыты æмдзæхдон сси. Уыдоны тугамæст æхцатæ сын систы сæ бинонтæн дарæн фæрæз. Кæмæн сæ йæ фадат куыд у, афтæ фæсарæнты йæхицæн æлхæны цæрæнуат æмæ йæ кæстæрты уырдæм æрвиты цæрынмæ æмæ ахуыр кæнынмæ.

Бирæ цыбырхъуыртæ ис нæ алыварс. Царды мидæг æнæбонæй бæрзонд стæхынмæ чи хъавыд, хицау суæвынмæ йæ уды быцъынæг чи тыдта, фæлæ кæмæн нæ бантыст, ахæмтæ. Уыдон æнæхин адæмы ардауынц республикæйы хицауад фæтæрыныл, цæмæй сæхимæ стыр бынæттæ æрхауа. Домынц хæст ракъахын, цæмæй не знæгты бæллиц сæххæст уа, фæлæ адæм куырм æмæ къуырма не сты. Нæ зондджын æмæ дардмæ уынæг хистæрты уый нæ фæнды. Тæвдтуг чи у, тæнæгсæр, уыдон сидынц фæсивæдмæ туг райсынмæ. Семæ сразы вæййынц тæлтæг кæстæртæ, арахъхъæй бафсис кæмæн нæй, судзиныл чи æрбадт, ахæмтæ. Æцæг сæхæдæг размæ нæ ацæудзысты. Фæлæ ма алчи дæр бæстон ахъуыды кæнæд, кæимæ йæ хъæуы схæцын? Кæмæй райсæм нæ туг? Куы схæцæм, уæд та цал æмæ цал ног ингæны фæзындзæн нæ уæлмæрдты, цал сидзæры, цал идæдз усы? Чи фæуæлахиз уыдзæн ахæм хæсты? Ничи! Æмæ уæд цæуыл силлæг стæм, хæсты цæхæрмæ куырм æрсытау цæуыл бырсæм? Ныры онг нæ цы туг фæкалд, уый нын æгъгъæд нæу?

Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ нæ гæрзтæ æруадзæм, ныббарæм не ‘фхæрд. Нæ! Тох кæнын æнæмæнг хъæуы, фæлæ – зондæй, æндæр мадзæлттæй. Маст райсынмæ æндæр фæндагыл ацæуын æмбæлы. Стыр Уæрæсеимæ æмвæнд, æмзондæй. Цы калм ныл æртыхст, уымæн йæ сæр ссарын хъæуы. Уый сæрæй маргæ у, æмæ йæ иумæ куы нæ амарæм, уæд иугæйт-тæй ницы бакæндзыстæм. Не скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ хъахъхъæнæг æххуырсæм хъалагъуртæ, уымæй дæр – туджы аргъæй, фæлæ иу æмæ дыууæ лæджы кæй бахъахъхъæндзысты, цы сæ бон у? Уый «Зарницæйы» хъазты хуызæн у æмæ дзы нæхи сайæм иннæ бæллæхмæ. Беслæны скъоламæ цы бирæгъты æрдонг æрбалæбурдта, уымæн цас зын аныхъуырæн сты ахæм дыууæ лæджы? Гъе стæй, кæд милицийы чи аива, ахæм хъалагъуртæ баххуырстам, уæд баххуырсæм развæдсгарджыты чи баива, сæ хæстæ сын чи æххæст кæна, ахæм кусджытæ дæр. Саразæм адæмон сгарджытæ дæр, нæхи æфсад, нæхи милици. Æмæ ма нæ уæд чи ис, уыдон та ма нæ цы боны хорзæн хъæудзысты? Чидæр хæрæг уасынæн куыд дардта, уымæн? Кæм сты уыцы бæрнон кусджытæ? Кæм сты нæ паддзахадон арæнхъахъхъæн-джытæ? Кæддæр йæ сæрты маргъ дæр атæхын кæмæн нæ уæндыд, уыцы арæнтыл нын фæсарæйнаг æххуырст фыдгултæ ныр мæлæт æнцонтæй цæмæн хæссынц? Цæмæн æмæ сыл кæй æххуысæй æрбафсæрынц тугмондаг сæркъуыртæ наркотикты уæззау уæргътимæ, тæккæ ногдæр хæцæнгæрзтимæ?! Нæ иумæйаг хæдзар – Кавказ къуыввитдон æмæ ривæддон куы сси алыхуызон фыдгæнджытæн. Кæд та паддзахадон арæнтæ дæр ныййарджыты хъахъхъæнинаг систы, уæд нын æй исчи афоныл зæгъæд, æмæ та уыцы масты комдзаг дæр аныхъуырæм. Милици, æфсад æмæ ма ноджы бирæ кæмæндæртæн дæр сæ сæйраг хæс у адæмыл аудын, сæ æдасдзинадыл кусын æмæ сын сæ бæсты хъуамæ мачи æххæст кæна сæ хæстæ! Йæ куыстмæ сæ чи нæ арæхсы, науæд гæртамхор чи сси, уыдонæй та нæ нæхи бахизын хъæуы æмæ – цас раздæр, уыйас – хуыздæр! Æнæ уыцы æмæ æндæр мадзæлттæй нæ туджы зæйтæ ницæмæй æрлæудзысты, нæ бахус уыдзысты. Фыдвæд æмæ æвæд фæуыдзыстæм райсом. Сæфтæн та æвгъау стæм. Мах ацы фæлывд æмæ мæнгард дунейыл цæрынæн рантыстыстæм, æмæ дзы хъуамæ нæ цард нæхи фæндиаг саразæм.

АЙЛАРТЫ Чермен

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.