Мæ уацы цы адæймаджы тыххæй æрдзурынмæ хъавын, уый у алывæрсыг курдиаты хицау.  Æмæ у нæ коллегæ –  газет «Хурзæрин»-ы редакцийы культурæйы хайады редактор Гæззаты Иван.

Цхинвалы районы Дменисы хъæуккаг у. Хæрзчысылæй райдыдта йæ ныййарджытæ Сергей æмæ Козаты Верæйæн æххуыс кæнын алыгъуызон хæдзарон куыстыты.

Гæззаты Иван зæххы куысты æмрæнхъ чысылæй бауарзта журналисты куыст. Йæ фыццаг уац мыхуыры рацыд газет «Советон Ирыстон»-ы 1970 азы.

Йæ уац областон газеты фæрстыл мыхуыр кæй æрцыд, уыцы хъуыддаг æй   сразæнгард кодта уацтæ фыссынмæ æмæ йæ фыссæн сис абоны онг дæр йæ къухæй нал ахауд. «Фæстæдæр лæгæй-лæгмæ базонгæ дæн ацы газеты курдиатджын журналисттæ Хуриты Гиви, Бибылты Георги, Хъазиты Мелитон æмæ æндæртимæ. Уыдон мын мæ уацтæй кæй раппæлыдысты, уый мыл цыма базыртæ басагъта. Хатт-иу мыл уац фысгæйæ æрбабон ис», – зæгъы Гæззайы фырт.

Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ Иванмæ æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ, службæ кодта горæт Семипалатинскы ядерон полигоны. Æфсадæй æрæздæхыны фæстæ фæсаууонмæ бацыд ХИПИ-йы ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Уыцы-иу рæстæджы кусын райдыдта «Цхинваларæзтады №11 тресты» нырма хуымæтæджы кусæгæй, уый фæстæ та фæском-цæдисон бригадæйы бригадирæй. Ахуыр æмæ кусыны æмрæнхъ фыста уацтæ дæр æмæ йын мыхуыры цыдысты газеты фæрстыл. Дзауы районон газет «Дзау»-ы кусæг куыд ссис, уый тыххæй нын афтæ радзырдта:  «Иу хатт мæм фæдзырдта газет «Советон Ирыстон»-ы уæды редактор Тедеты Павел æмæ мын загъта, зæгъгæ, дам, дæ уацтæ мæ зæрдæмæ цæуынц æмæ мæ фæнды, цæмæй, зæгъ, кусын райдайай Дзауы районон газет «Дзау»-ы уацхæссæгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, райзæрдæйæ сразы дæн йæ фæндыл æмæ райдыдтон уацхæссæгæй кусын. Уыцы рæстæджы арæзт цыд Ру-чъы фæндаг æмæ йæ арæзтадыл арæх фыстон информацитæ куыд газетмæ, афтæ радиомæ дæр. Районон газеты фондз азы куы бакуыстон, уæд та мæ Хуссар Ирыстоны радиокомитетмæ кусынмæ фæхуыдта йæ уæды сæрдар Пæррæстаты Александр, цыран бакуыстон æхсæз азы бæрц», – загъта Гæззаты Иван.

Уый фæстæ Гæззайы фырты йæ хъысмæт ахаста Кæройнаг Цæгатмæ горæт Норильскмæ. Кусын райдыдта ацы горæты Хæххон-металлургон компани «Норильский никель»-ы. Фондз азы бæрц бакуыста аппараттæм хъусдарæгæй, стæй та – сменæйы мастерæй. Компанийы коллективæй райстой тынг хорз, раст цыма семæ рагæй зонгæ уыд,  ахæм хъарм ахаст æм дардтой иууылдæр. Фæлæ йын фыдæлты уæзæг æнцой нæ лæвæрдта æмæ фæстæмæ æрæздæхт йæ уарзон Ирыстонмæ. 2012 азы йæ газет «Хурзæрин»-ы раздæры редактор Гæбæраты Юри фæхуыдта кусынмæ ацы газеты культурæйы хайады редакторæй æмæ абоны онг дæр кусы ацы бынаты.

Иван хæрзчысылæй бауарзта æрмдæсныйы куыст дæр. «Скъахтон-иу зæронд хус бæлæсты уидæгтæ æмæ-иу сын радтон цæрæгойты, сырдты, мæргъты, адæймæгты формæ. Бæлæсты къалиутæй-иу сарæзтон алыгъуызон сувенир-тæ. Стыр æхцондзинад истон хъæдæрмæгимæ архайынæй». Иу ахæмы йæ бафæндыд хъæдæрмæгæй хъæууон хæдзары макет саразын, уый фæстæ та аргъуан, стадионы макеттæ, телеуынынады бæстыхайы халдих æмæ бирæ æндæр макеттæ саразын. Цалдæр мæйы размæ горæт Цхинвалы администраци расидт конкурс горæты æрбахизæны «Алайнаг кулдуар» саразыны тыххæй.  Гæззаты Иван ацы конкурсмæ бавдыста йæ макеты ныв. Ныфс нæ ис Иваны куыст конкурсы аккаг бынат кæй æрцахсдзæн, уымæй. Иннæ ахæм ма Иваны къухтæй арæзт скъаппытæ, стъолтæ, алыгъуызон цæрæгойты сувениртæ фенæн ис нæ редакцийы иуæй-иу кабинетты.

2017 азы 20-æм сентябры, республикæ расидыны боны цытæн Къостайыхъæуы уагъдцæуæг бæрæгбонон мадзалы равдысты æвæрд æрцыдысты Иваны куыстытæ дæр æмæ сæ чидæриддæр федта, уыдоны зæрдæмæ фæцыдысты. Йæ куыстытæ фæцыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы зæрдæмæ дæр æмæ дзы раппæ-лыдысты. Бæрæгбонон мадзалмæ æрба-цæуджытæ зæрдылдарынæн сæ нывтæ систой Иваны куыстыты цур. Ивгъуыд  аз ноябры райдианы РХИ-йы Культурæйы министрад Анахарсисы номыл национ библиотекæйы  цы равдыст сорганизаци кодта, уым дæр  равæрд æрцыдысты Иваны куыстытæ. Равдыстмæ-иу æрбацыдысты уæрæсейаг æмæ æндæр бæстæтæй æрцæугæ уазджытæ æмæ-иу стыр цымыдисимæ базонгæ сты Гæззайы фырты куыстытимæ. Равдысты йæ куыстытæ аккаг бынат кæй æрцахстой, уый тыххæй йæ РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ схорзæхджын кодта арфæйы гæххæттæй.

Фæнды мæ æрдзурын Иванæн йæ удысконды тыххæй. Уый у æнахуыр хæларзæрдæ, æнæхин æмæ æмгаруарзаг адæймаг. Цыфæнды мæсты куы уай, уæддæр дæ схудын кæндзæн. Иу ныхасæй, йе ‘мкусджытæй алкæмæндæр у уарзон æмæ ныфсы адæймаг. Кадджын адæймагыл нымад у куыд хиуæтты, афтæ сыхæгты, зонгæты ‘хсæн дæр. Арæх æй цины фынгтæм акæнынц кадджын уазæгæй, алыгъуызон фынгтæн вæййы æгъдаудæттæг.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр æмæ Гæззайы фырты фыст аргъау. «Йæ зивæджы  йæ мæлæт» æмæ радзырд «Аланы къæбыла» хаст кæй æрцыдысты райдиан кълæсты ахуыргæнæн чингуытæм. 2013 азы Гæззайы фыртæн мыхуыры рацыд публицистон уацты чиныг «Стъæлфæнтæ» æмæ 2017 азы та – «Радзырдтæ сывæллæттæн».

Гæззаты Иванæн ис хорз цардæмбал æмæ хорз хъæбултæ. Йæ хистæр чызг Аидæ цæры æмæ кусы фæсарæнты. Йæ кæстæр чызг Вика тынг хорз нысæнттыл каст фæци гимназ «Альбион». Ныртæккæ та фæуд кæны Ростовы паддзахадон федералон университет æмæ ацы уагдоны ахуыр кæнгæйæ дæр у цæвиттойнаг, куыд йæ ахуырæй, афтæ йæ уагахастæй дæр, йæ радтæг Ирыстоны кадыл бæрзонд хæцгæйæ.

Нæ уарзон æмкусæгæн нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ бинонты амонд. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.