Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта 1920 азы хуссайраг ирæтты ныхмæ Гуырдзыстоны геноцид мемориализаци кæныны фæдыл къамисы рабадт.

Къамисы уæнгтæ æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны историйы трагикон бонтæй сæ иуы сæдæ аз нысан кæныны мадзæлтты плæнттыл, кæцытæ уагъд æрцæудзысты фидæн аз.

«Къамисы раз ис серьезон фарстытæ, нæ адæмы ныхмæ Гуырдзыстон кæй сарæзта, уыцы геноциды амæттæгты рухс нæмттæ сæнусон кæнын. Æнæмæнгхъæуæг у æппæт фадæттæй спайда кæнын, цæмæй геноциды тыххæй историон рæстдзинад дунеон æмæхсæнадæн фехъусын кæнæм, кæцытæ арæзт æрцыдысты ирæтты ныхмæ æрмæст 1920 азы нæ, фæлæ уый фæстæ азты дæр, æмæ дунеон барадон институты геноциды фактыл æруынаффæ кæнын. Уый хъæуы мах дæр æмæ нæ фидæны фæлтæры дæр», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Пухаты Эрик фæндон бахаста, цæмæй æрæмбырдуæвджытæ æруынаффæ кæной æмæ æрбæстон кæной геноцид мемориализаци кæныны фæдыл проекты план.

Рабадты хайадисджытæ æнæмæнгхъæуæгыл банымадтой ахæм пункт бахæссын мысæн бон сфидар кæныны тыххæй, кæцы уыдзæн 1920 трагикон хабæртты – геноциды амæттæгты рухс номы боны сæраппонд.

Президенты уынаффæгæнæг Пухаты Къоста, ацы фæндонимæ ралæугæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, уый размæ йыл Президент Бибылты Анатоли кæй сразы ис, фæлæ ацы фарст къамисы уынаффæмæ кæй рахæссын кодта.

Рабадты хайадисджытæ иумæйагæй сразы сты Президенты паддзахадон уынаффæ-гæнæг Коцты Константины фæндоныл дæр, кæцы загъта, зæгъгæ, хуссайраг ирæтты геноциды офицалон символыл бакусын  хъæуы æмæ ногæй мыхуыры рауадзын Коцты Ингæ æмæ Мæргъиты Алексийы чингуытæ, кæцытæ фыст сты геноциды темæйыл.

Уымæй уæлдай ма рабадты хайадисджытæ сбæлвырд кодтой куысты здæхтыты фæдыл бæрнджын адæймæгты æмæ аскъуыддзаг кодтой мæй иу хатт æмбæлын банысангонд мадзæлттыл уынаффæ кæныны тыххæй.

Геноцид мемориализаци кæныны фæдыл плæнтты фæлгæтты уагъд хъуамæ æрцæуа Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хæйтты уæрæх æхсæнады ‘хсæн æмбарынгæнæн куыст, фактологон æрмæджытæ æрæмбырд кæнын, 1920 азы цауты тыххæй зонадон куыстытæ ныммыхуыр кæнын, музей саразын, равдыстытæ сорганизаци кæнын, тымбыл фынгтæ, æхсæнадæмон конференцитæ уадзын, дзыллон информацион фæрæзты геноциды темæ регуляронæй æвдисын, уыцы нымæцы – интернет-ресурсты.

Зæрдыл лæууын кæнæм, къамис арæзт кæй æрцыд  2015 азы.

2019 азы РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы барамындмæ гæсгæ ивд æрцыд къамисы сконд, кæцымæ хаст æрцыдысты зынгæ ахуыргæндтæ-историктæ, юристтæ, культурæйы архайджытæ, хицауады æххæсткæнынадон æмæ закъондæттæн къабæзты минæвæрттæ, республикæйы æхсæнад. Йæ сæргълæууæг у Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.