Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дидинджытæ сæвæрдта Санкт-Петербурджы Беслæны трагедийы амæттæгты монументыл. Беслæны сывæллæтты цырт Санкт-Петербурджы æвæрд æрцыд 2007 азы.

«Дидинджытæ æвæрыны церемонийы хайад райстой РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев, УФ Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр, Санкт-Петербурджы ирон æхсæнады минæвæрттæ.

Бибылты Анатоли бацыд Малахитины проспекты Мады Майрæмы аргъуанмæ, кæцыйы цур æвæрд ис Беслæны трагедийы амæттæгты цырт.

Хуссар Ирыстоны делегаци Санкт-Петербургмæ ацыд Уæрæсейы Ирыстоны фыццаг минæварады бакондыл 270 азы сæххæсты цытæн цытджын мадзæлтты хайад райсыны тыххæй.

23 октябрæй 25 октябрмæ уагъд цæудзысты «Санкт-Петербурджы Ирыстоны культурæйы бонтæ».

Баконд æрцæудзæн мультимедион историон парк «Россия  – Моя история», кæцыйы фæлгæтты бакастæуыдзæн зонадон докладтæ, ауагъдæуыдзæн концерттæ, документалон фильмтæ, уагъд æрцæудзысты мастер-къластæ национ амалиуæгадæй.

Мадзæлттæ райдайдзысты Ирыстоны тыххæй фильмы презентацийæ æмæ ирон сфæлдыстадон коллективты хайадистæй концертон программæйæ. Баконд æрцæудзæн равдыст «Ирыстон æмæ Уæрæсе: дугты бастдзинад», кæцыйы сконды уыдзысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны Национ музейты экспозицитæ.

Фыццаг ирыстойнаг минæварад Уæрæсемæ ацыд 1749 азы сентябры кæрон. Йе сконды уыдысты Магкаты Зураб, Хъесаты Эба, Цопанты  Батырмырзæ, Тугъанты Созырыхъо æмæ Хъуыбатты Хъази æмæ сæ чи фæндараст кодта, уыцы адæймæгтæ. Минæварады æппæт уæнгтæ дæр уыдысты уæздæттæй, уыдон хорз зыдтой политикæ æмæ дипломати.

Ацы нысаниуæгджын бон ууыл дзурæг у, Ирыстон æмæ Уæрæсейы дипломатон ахастытæ рæзын кæй райдыдтой  XVIII æнусы æмбисæй, кæцы фидар цæуы бирæнымæц историон цаутæй. Абоны реалиты контексты уыцы нысаниуæгджын цауæн ис стыр историон нысаниуæг æмæ ахсджиаг у, цæмæй уый тыххæй базона уæрæх аудитори.

Мадзалы фæлгæтты фæнд цæуы Бибылты Анатоли æмæ Санкт-Петербурджы губернатор Александр Бегловы официалон фембæлд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.