Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад бахатыд Уæрæсейы Федерацимæ, цæмæй COVID-19 ныхмæ вакцинæйы тыххæй кæрæдзийы сертификаттæ нымайой.

Телы, кæцы æрвыст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины номыл, сæйраджыдæр, дзырдæуы COVID-19 ныхмæ вакцинацийы кæрæдзийы сертификаттæ банымайыны фарстыл æруынаффæ кæнын, æмæ нысан цæуы, Хуссар Ирыстоны иуварс кæй цæуы коронавирусон инфекцийы тасдзинад COVID-19 Уæрæсейы æххуысæй.

Афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Татьянæ Голиковайы номыл æрвыст æрцыд тел, цæмæй гуманитарон æххуысы дыккаг этапы фæлгæтты æруынаффæ кæной антикоронавирусон вакцинæтæ «Спутник V» æмæ «Спутник Лайт»-ы 2000 дозæ рахицæн кæныны фадатыл Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты вакцинацийы тыххæй.

«Вакцинацийы тыххæй кæрæдзийы сертификаттæ банымайын рауæрæх кæнид республикæйы цæрджыты фадæттæ Уæрæсейы территорийыл, æмæ фенцондæр кæнид, йæ арæнтæй ахизгæйæ, алыгъуызон здæхтыты ацæуæнтæ. Мах бахатыдыстæм нæ уæрæсейаг коллегæтæм æмæ нæ ис æххуыс райсыны ныфс», – банысан кодта Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.