Ирон боксер Гасситы Мурат рамбылдта WBA Asia титул. Мурат Мæскуыйы уагъдцæуæг боксы турниры сæйраг тохы фембæлд Германы минæвар Михаэль Валлишимæ. Фыццаг дыууæ раунды Мурат активонæй размæ нæ бырста. Фæлæ æртыккаг раунды йæ архайд чысыл фæактивондæр кодта. Дыууæ хатты йын бантыст йæ ныхмæлæууæджы сæр ныццæвын. Цыппæрæм раунды дæр Мурат  цыд атакæйы. Дыууæ хатты йын бантыст йæ ныхмæлæууæджы игæр тыхджын цæф ныккæнын. Уый фæстæ Валлиш райдыдта йæ игæр тынгдæр хъахъхъæнын. Раунды кæрон Гассийы фырт радон атакæйы тыхджын цæф ныккодта йæ ныхмæлæууæджы æфсæр æмæ йæ арвыста нокдауны. Уый фæстæ тæрхонгæнæг æрлæууын кодта тох æмæ техникон нокаутæй уæлахиздзауыл нымад æрцыд ирон боксер. Афтæмæй Гасситы Муратæн иууыл уæззаудæр уæзы бантыст йæ дыккаг тох рамбулын.

ФЫДÆНХЪÆЛ НÆ НÆ ФÆКОДТА

Промоутер Владимир Хрюновы ныхæстæм гæсгæ Мурат радон хатт рингмæ рахиздзæн дыууæ-æртæ мæйы фæстæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.