Горæт Дзæуджыхъæуы ветеранты советы сæрдар, Цæгат Ирыстон-Аланийы Æхсæнадон палатæйы уæнг Лалыты Левы зонынц æмæ йын кад кæнынц æрмæст дыууæ Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Уый не ‘нхъæлмæ кæсы хицауиуæгады структурæты бацамындтытæм, фæлæ йæ фадæттæм гæсгæ тырны адæмæн хорздзинад аразынмæ. Лев алыхатт дæр цæттæ у æххуысхъуаг адæймагмæ йæ къух фæдаргъ кæнынмæ.

Бирæ азты дæргъы намысджын куысты, активон æмбæстагон позици, æцæг патриотизм æмæ адæмуарзондзинады, афтæ ма сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй фæмардуæвæг Бураты Фидары сидзæртæн æвджидарæй балæууыны тыххæй æрæджы Лалыты Левы Кады грамотæйæ схорзæхджын кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы Куысты, социалон политикæ æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Ярослав Нилов. Кады хорзæх цытджын æгъдауæй райста горæт Дзæуджыхъæуы минæвæртты Æмбырды сæрдары хæдивæг Бестауты Сосланы къухтæй.

Активисты ахсджиаг æмæ хæрзаудæн хъуыддæгты тыххæй фыссынц æрмæст республикæйы нæ, фæлæ ма федералон дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр. Сæрмагондæй, 2023 азы апрелы кæрон газет «Красная звезда»-йы рацыд стыр æрмæг не ‘мфыдыбæстæйоны хæрзаудæн хъуыддæгты тыххæй. «Сæрмагонд æфсæддон операци райдианы æртыккаг къуыри Мариуполы сæрыл тохты хъæбатырæй фæмард уæрæсейаг салдат. Уый у нæ иумæйаг маст, фæлæ сæ уæззау трагедийæ бинонтæ цы æвзарынц, уымæн дзыхы ныхæстæй зæгъæн дæр нæй. Иу уысммæ сæ дарæгæй афтид абадтысты. Сидзæртæй аззадысты цыппар сывæллоны. Фыдохы æнкъарддзинад æрфысым кодта фæмардуæвæг салдат Бураты Фидары хæдзары. Дзæуджыхъæуккаг амалиуæггæнæг, 1-аг къорды инвалид Лалыты Лев йæхицæн бынат нал ардта, зæгъгæ, мæ бон нæу хæстон архайдтыты хайад исын, фæлæ истæмæй хъуамæ баххуыс кæнон адæмæн æмæ бæстæйæн», – фыссы газет.

Хæстон архайдтыты райдианы Лалыйы фырт æххуыс кодта бархионтæ æмæ Ала-нийы мобилизацигонд салдатты экипировкæ кæнынæн. Хайад иста гуманитарон уæзтæ хæстон архайдтыты районмæ арвитыны акциты. Уый фæстæ та æвджидарæй балæууыд Бураты сидзæр сывæллæттæн. Бирæтæм диссаг фæкаст бынтон æнæзонгæ сидзæртæн æвджидарæй кæй балæууыд, уый. Фæлæ йæ хæлæрттæ, йæ зонгæтæ зонынц Лева искæйы трагедимæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсы, уый. «Иу бынаты лæууын нæ хъæуы, æнæмæнгхъæуæг у адæмæн, æхсæнадæн исты пайдатæ хæссын», – ахæм принципыл хæст у царды Лалыты Лев.

«Алыхатт дæр адæмæн пайда хæссыны» принцип дарддæр кæнгæйæ, æрæджы Лалыйы фырт бахатыд Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадмæ ахæм хъæппæрисимæ, зæгъгæ, йæ фæнды хæстон архайдтыты рæстæджы йæ къæхтæ æмæ къухтæ кæмæн ахаудысты, уыцы æфсæддон службæгæнджытæн моралон æххуыс бакæнын. Йæ фæндоны æвварс рахæцыдысты ведомствойы, æмæ РЦИ-Аланийы æфсæддон къамисарæн бахæс кодтой, цæмæй сорганизаци кæна куыст æфсæддон-хосгæнæн уагдæтты уæвæг цæфтæн психологон æххуыс бакæныны тыххæй. Лев куыд загъта, уымæ гæсгæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсы æфсæддон къамисариатæй йæм кæд фæдзурдзысты, уымæ. Ныридæгæн æфсæддон службæгæнджытæн æрцæттæ кодта лæвæрттæ дæр.

 «Катастрофæйы мæ къæхтæ куы фесæфтон, уæд бæллыдтæн ампутацигонд къæхтимæ адæймаджы фенынмæ. Æмæ рынчындоны куы уыдтæн, уæд мæм æрбакодтой Афгайнаг хæсты хайадисæджы, кæцы протезтыл цыд тынг зынтæй. Уæд мæхицæн загътон, хъуамæ слæууон æмæ цæуон протезтыл ветеран-афгайнагæй хуыздæр. Æмæ ныр 35 азы афтæ æнцонтæй цæуын протезтыл æмæ йæ бирæтæ хатгæ дæр нæ фæкæнынц сæ разы 1-аг къорды инвалид кæй ис, уый. Кæддæр мæхæдæг ампутацигонд къæхтимæ адæймаджы уындмæ куыд бæллыдтæн, афтæ абон дæр цæф æфсæддон службæгæнджыты фæнды ныхас кæнын сæ рыст сын чи бамбара, ахæм адæймæгтимæ. Цард ууыл кæй нæ фæцис, уый фæдыл сын йæ фæлтæрддзинады тыххæй чи радзура, ахæм инвалидтимæ», – радзырдта Лалыйы фырт.

Æрæджы рухс федта зынгæ активисты æмæ æхсæнадон архайæджы хъысмæты тыххæй фыст æвдæм чиныг. Ацы чиныг бакæсгæйæ, йæ къæхтæ чи фесæфта, уыдон ногæй райдайдзысты цæуын. Авторы фæнды чиныг балæвар кæнын ампутациимæ æфсæддон службæгæнджытæн. Уымæй дарддæр ма уый протезты тыххæй алцыдæр зоны æмæ йæ фæнды ацы информациимæ инвалидтæ-ампутантты лæмбынæг базонгæ кæнын. Лев йæ активон цардæй у фидардзинады цæвиттон.

Лалыйы фырты ныхæстæм гæсгæ, Бураты сидзæртæй хистæр Вадим ныридæгæн ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы Суворовы номыл æфсæддон ахуыргæнæндоны 7-æм къласы. Йæ кæстæр æфсымæр Аслан дæр каст фæцис райдиан скъола æмæ уый дæр хъуамæ бацæуа ацы ахуыргæнæндонмæ. Райдиан скъола каст кæй фæцис, уый цытæн ын Лев балæвар кодта велосипед. Æдзухдæр бæрæг кæны фæкæсынхъуаг бинонты. Йæ хъæппæрисæй æнæаргъæй ифтонг цæуынц хæлцадон продукттæй. Ательейы хицау сылгоймаг та, кæцыйы фарсмæ уæззау рæстæджыты балæууыд  Лев, æнæ уæлдай ныхæстæй фæмардуæвæг хъайтары лæппутæн бахуыдта уæлæдарæс.

«Æмбарын æй абоны вазыгджын рæстæджы цыппар сывæллонæн æвджидарæй балæууын стыр бæрндзинад у Хуыцауы раз æмæ æхсæнады раз дæр. Сывæллæттæн æнæмæнгхъæуæг у ахуырад, професси райсынæн баххуыс кæнын, уый фæстæ та сæ куыстæй сифтонг кæнын. Иууыл сæйрагдæр та у, цæмæй уыдон схъомыл уой аккаг адæймæгтæй, кæцытæ цæттæ уой алыхатт дæр æххуысхъуаг адæймагæн баххуыс кæнынмæ. Уыцы иурæстæджы йæ æмбарын, куыд зын у сывæллонæн æнæ фыдæй баззайын. Уымæ гæсгæ мæхимæ райстон ахæм вазыгджын хæс», – загъта Лалыты Лев.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 90-æм азты та æвджидарæй кæй балæууыд Горæтгæрон районы Камбилеевкайы хъæуы цæрæг Куыдзеты бинонты фондз сидзæр сывæллонæн. Сæ царды иста активон хайад, баххуыс сын кодта ахуырад райсыны æмæ куыстæй сифтонг кæныны хъуыддаджы. Абон уыдон сты раст фæндагыл лæуд æмæ царды аккаг бынат ссардтой.

Зæгъын ма хъæуы ноджы иу факты тыххæй дæр. Дыууæ Ирыстоны дæр стæм адæймæгтæ разындзысты Хетæджы Дзуармæ сæхи æмæ сæ бинонты бафæдзæхсынмæ чи нæ бацæуы, ахæмтæ. Фæлæ алчи нæ зоны Дзуармæ бахизæны рахизфарсы бæхыл Уастырджийы монумент арæзт кæй æрцыд Лалыты Левы хъæппæрис æмæ финансон æххуысы фæрцы. Сарæзта йæ скульптор Дзукъаты Николай. Монументы бæрзæнд у 2 метры æмæ йæ уæрх та – 1,5 метры.  Арæх æй бахъæуы реставраци скæнын, уымæн æмæ хурмæ сыгъуыз вæййы. Ныр дæр та йæ хъæппæрисæй реставрацигонд æрцыд ахæм фæндиæгтимæ, цæмæй Уастырджи баххуыс кæна сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг æппæт хæстонтæн дæр. Уыдон  сæхи бафæдзæхсынц ацы дзуары.

Хæрзаудындзинады фæндагыл…

Левайæн кæд стыр бизнес нæй,   уæддæр ацы диссаджы хæларзæрдæ адæймагæн йæ бон бацис бирæ хæрзаудæн акцитæ саразын: ирон адæмы стыр адæймæгтæ Хетæгкаты Къоста æмæ Плиты Иссæйæн дыууæ Ирыстоны æмæ уымæн æддейæ дæр цыртытæ сæвæрын (ивгъуыд аз Къостайы райгуырæн бонмæ цырт сæвæрдта горæт Къуайсайы дæр), иу чысыл хъæуы фыццагкъласонтæн скъолайон формæ балхæнын, рауагъдон къласы ахуырдзаутæн сæ хорз ахуыры тыххæй стипендитæ фидын, йæхи сæрмагонд сæрæлвынæны ветерантæ æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæн æнæаргъæй лæггад кæныны хицæн бонтæ сфидар кæнын, ветеранты хæдзармæ инвалидон коляскæтæ арвитын кæнæ тагъдыл æфсæддон госпиталы æвзонг сержантимæ амбæлын, кæцыйæн ампутацигонд сты йæ къæхтæ æмæ афтæ дарддæр. Исчи йæ куы бафæрсы, зæгъгæ, куыд æхæссыс уыйбæрц хорз хъуыддæгтæ аразыныл, уæд юморимæ сдзуапп кæны: «Мæ трагедийы фæстæ мын ме уæнгты уагътой тынг бирæ донорон туг, æмæ йæ нæ зонын, кæй туг мын баххуыс мæлæтæй аирвæзын кæнынæн. Уымæ гæсгæ мæхи хæсджыныл нымайын  æппæт Ирыстоны раз. Уайы афтæ, æмæ йын йæ алы цæрæгæн дæр цахæмдæр хорздзинад хъуамæ саразон», – мидбылхудгæйæ фæзæгъы Лев.

Лалыты Левы хорз цæвиттойнаг хъуыддæгтæ сты цæвиттойнаг æмæ сæ цас фылдæр адæм бафæзмой, уыйас нæ цард уыдзæн рæсугъддæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.