Йæ радтæг адæмы æцæг патриотыл нымад цæуы ахæм адæймаг, кæцы йæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады тыххæй алы къуымты нæ дзуры, фæлæ йæ бæлвырд кæны йæ хæрзиуæгон архайдтытæй, йæ Фыдыбæстæмæ æцæг уарзондзинадæй.  Йæ райгуырæн Ирыстоны æцæг уарзтæй чи уарзы,  йæ радтæг адæмæн исты хорзы бацæуынмæ æппынæдзух чи тырны, уыдонæй иу у зынгæ æхсæнадон архайæг, меценат, стыр зæрдæйы хицау Лалыты Лев.

Уый у нæ дуджы хъайтар. Йæ цард нын нæ зæрдыл лæууын кæны легендарон тæхæг Алексей Маресьевы, кæцы тахт протезтимæ. Ууыл кæд цалдæр азы размæ стыр бæллæх æрцыд æмæ цæрæнбонтæм инвалидæй баззад, уæддæр йæ ныфс нæ асаст, йæхимæ уыйас тыхтæ ссардта, цæмæй дарддæр цæра. Уый хуымæтæджы цард нæ кæны, фæлæ ма йæ хорз хъуыд-дæгтæй рухс кæны йæ бинонты, йе ‘ввахс адæмы æмæ æмткæй йæ радтæг адæмы зæрдæтæ.  Йæ алы къахдзæфæй дæр тауы хæлардзинад, куыд йæ хæдзары, афтæ районы, уынджы, æмткæй республикæйы. Арæх ахъуыды кæнын, ацы диссаджы адæймагыл цы стыр æнамонддзинад æрцыд, уый фæстæ йæм уыйбæрц тых æмæ хъару куыд разынд, ууыл. Алкæцы фæрæзджын адæймаг нæ цæуы сывæллæтты, зæрæдты хæдзæрттæм исты æххуыс сын бакæныны тыххæй. Фæлæ Лалыйы фырт стыр æххуыс кæны æххуысхъуаг бинонтæн, сидзæр сывæллæттæн. Уый йæ цард нал уыны æнæ ацы хæрзиуæгон архайдтытæй. Лев цы хæрзаудæн акцитæ сарæзта, уыдон зын банымайæн сты, уымæн æмæ тынг бирæ сты. Абон уый у уыцы адæймæгтæй кæцыйы фæрцы уæвынад кæны 1992 азы Ирыстоны хъахъхъæнджыты музей. Йæ уавæрмæ гæсгæ, мæхъæлон тыхæйисджыты ныхмæ кæд хæцæнгарз райсын йæ бон нæ бацис, уæддæр стыр хайбавæрд бахаста уыцы хъуыддагмæ,  фæмардуæвæг хæстонты бинонтæн æххуыс кæнгæйæ, Октябры хъæ-уы æфсымæрон уæлмæрдмæ зилгæйæ. Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хæсты трагикон цауты рæстæджы дæр иу ран нæ бадт. Гуырдзиаг агрессийы фæстиу-джытæ иуварс кæныны рæстæджы цы сгуыхтдзинад æмæ удуæл-дайдзинад равдыста, уый тыххæй йын саккаг кодтой «Во Славу Осетии»-йы майдан.

Ацы хорзæхæй дарддæр ма абон Лалыты Левæн ис æндæр хорзæхтæ дæр. РХИ-йы Пре-зидент Бибылты Анатоли йæ схор-зæхджын кодта «Хæлардзинады орденæй», афтæ ма йын ис «300 лет Михаилу Ломоносову», «Участнику контртеррористической операции на Кавказе» æмæ «Участнику операции по принуждению Грузии к миру»-йы майдантæ æмæ ноджы æндæр хорзæхтæ. Зынгæ ирон поэт Чеджемты Æхсар та йыл ныффыста хъайтарон зарæг. Ирон поэттæ йыл ныффыстой æмдзæвгæтæ. Дзыллон информацийы фæрæзты йыл фыст æрцыдысты бирæнымæц уацтæ.

Нæ дуджы хъайтар Лалыты Лев стыр хъусдард здахы Ирыстоны фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомыладмæ. Уæлдай тынгдæр æй тыхсын кæны нæ культурæ, æвзаг, традицитæ æмæ æгъ-дæутты фидæн. Стыр куыст кæны нæ адæмы ацы хæрзиуджытæ ба-хъахъхъæныны тыххæй. Зæгъæм, ныридæгæн меценат Хетæгкаты Къостайы бюсттæ йæхи финансон фæрæзтæй сæвæрдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны тер-риторитыл – Знауыр æмæ Дзауы районты, Уæллаг Фиагдоны. Æрæ-джы та хæларзæрдæ амалиуæг-гæнæг Хетæгкаты Къостайы бюст сæвæрдта Зилгæйы хъæуы Культурæйы хæдзары цур. Политикон парти «Родина»-йы уæнг Зилгæйы хъæуы цæрджытæн Къостайы цырт сæвæрдта ацы хъæуыл 205 азы æмæ Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты сæраппонд. Мадзалмæ æрбамбырд бирæ адæм, уыцы нымæцы «Стыр ныхас»-ы,  РЦИ-Аланийы Хицауады, интеллигенцийы минæвæрттæ, Стъараполы делегаци, хъæубæсты цæрджытæ. Левы сæйраг нысан у, цæмæй ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы зоной фæсивæды минæвæрттæ. Уый нымайы, зæгъгæ, Къостайы портреттæ, бюсттæ хъуамæ конд æмæ æвæрд уой Ирыстоны алы къуымты дæр, цæмæй афтæмæй адæм сæ зæрдыл дарой нæ зынгæ æмзæххоны тыххæй. «Уый у йæ радтæг адæмы иууыл зынгæдæр фырттæй сæ иу, кæцыйы цырты цур лæугæйæ, адæймаджы бафæнды хуыздæр уæвын æмæ æрмæстдæр мадæлон æвзагыл дзурын», – фæзæгъы уый.

Цырт гом кæныны мадзалы рæстæджы Лалыты Лев арфæйы фыстæджытæ радта Зилгæйы хъæ-ууон администрцийы сæргълæууæг Гæджиты Асланæн, скъолайы директор Хæблиаты Риммæйæн æмæ Культурæйы хæдзары филиалы сæргълæууæг Гаглойты Албинæйæн, уыдон рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ аккаг хайбавæрд кæй хæссынц, уый тыххæй. Лев Герасимы фырт зæрдылдарæн сувениртæ æмæ Къостайы портреттæ балæвар кодта Стъараполы делегацийы алы минæварæн дæр. Сæ рады уазджытæ дæр хъæууон библиотекæйæн балæ-вар кодтой чингуытæ. Мадзалы рæстæджы Зилгæйы хъæуы Куль-турæйы хæдзары хъомылгæни-нæгтæ æмæ районы сфæлдыс-тады галуаны коллективтæ рав-дыстой концертон программæ. Зæ-гъæн ис афтæ, æмæ уыцы бон Зил-гæйы хъæуы уыд æцæг бæрæгбон. Уыцы бæрæгбон та хъæубæсты цæрджытæн сарæзта ацы хæлар-зæрдæ амалиуæггæнæг, радон хæрзаудæн акци саразгæйæ. Ацы цыппар бюсты сарæзта æвзонг, фæлæ ныридæгæн зындгонд ск-ульптор Хайты Ибрагим.

«Мæ бæллиц æмæ нысан сты, цæмæй Хетæгкаты Къостайы цыр-тытæ æвæрд æрцæуой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны алы хъæуы дæр. Фæлæ уый тыххæй хъæуы æххуысгæнджытæ æмæ меценат-тæ, кæцытæ рахæциккой ацы хъæппæрисы æвварс. Ахæм мадзæлтты фæрцы рæзын кæнæм фæсивæды монон хъомылад, уы-дон хъуамæ зоной Ирыстоны стыр адæймæгты тыххæй», – загъта Лалыты Лев.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ æввахс рæстæджы Луганскы Адæмон Республикæйы дæр æвæрд кæй æрцæудзæн Къостайы бюст. Лалыйы фырт развæлгъау бадзырдта ацы республикæйы къухдариуæгадимæ. Уый размæ та Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурæты хæдзæрттæ æмæ скъолатæн балæвар кодта ноджы иу зынгæ ирон гоймаг – Плиты Иссæйы портреттæ.  Дыгуры музейы среставраци кодта Цæголты Геор-гийы бюст. «Ахæм чысыл нюанстæ, куыд зынгæ æфсæддон разамонджытæ, фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджыты цæстуынгæ портреттæ рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц сæ истори-йæн аргъ кæныныл, хъомыл сæ кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзыныл», – банысан кодта уый.

Лалыты Левы хæрзаудæн архайд æмæ æппæт йæ лæггæдтæ хынцгæйæ,  дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр   совет»-ы Рахисфарсы районы хайад, Ветеранты совет домынц, Ирыстоны æхсæннацион æмæ æддагон бастдзинæдты æмархайды рæзты фонды сæрдар Лалыты Левæн «РЦИ-Аланийы кадджын æмбæстаг»-ы ном радтын. Активон æхсæнадон архайæг фæстаг дыууæ азы, Ветеранты Советы минæвæрттимæ, сæрмагондæй, йæ къухдариуæггæнæг Къæболты Солтан, динон организацитимæ, Гуæцæлты Хадзымураты сæргълæудæй 80 ахуырадон уагдонæй фылдæры ауагътой хъайтардзинады æмæ патриотизмы уроктæ. Скъолатæн сæхи фæндонмæ гæсгæ, ветерантæ, фысджытæ, нывгæнджытæ, «Стыр Ныхас»-ы районон минæвæртты хайадистæй ахæм куыст уыдон дарддæр дæр кæндзысты.

Лалыйы фырт ма план кæны сыхаг республикæты æхсæнады минæвæрттимæ иумиаг куыст кæнын. «Кавказы цæрджытæн иугъуызон цинтæ æмæ хъыгтæ ис. Мах хъуамæ зонæм нæ иумиаг хъайтарты, уадз, æмæ уыцы æмгуыстад суæд æфсымæрон адæмты æрбаввахс кæныны тыххæй иу къахдзæф». Уый куыд патриот-интернационалист, афтæ систематикон æгъдауæй хайад фæисы ахæм нысаниуæгджын акциты, куыд  «Город селу», «Открой свое сердце добру!», «Рука в Руке, «Судьба и Родина  едины!»-йы.

Уæдæ бирæ хорз фæндтæ ис нæ дуджы хъайтармæ æмæ нæ ныфс ис ноджыдæр бирæ рæстæджы дæргъы йæ рæсугъд хъуыддæгтæй, йæ хæрзаудон архайдæй кæй рухс кæндзæн адæмы зæрдæтæ, уымæй. Уырны нæ, йæ фæндтæ сæххæст кæнын ын кæй бантысдзæн йæ нысанмæтырнындзинады, оптимизм æмæ фидар удыхъæды фæрцы. Хуыцау зæгъæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.