Нæ алыварс ис ахæм адæймæгтæ, кæцытимæ мах алы бон дæр æмбæлæм, семæ ныхас кæнæм, фæлæ сын нæ фæзонæм сæ цардвæндаг, сæ хъысмæт. Ахæм адæймæгтæй иу у Цхинвалы районы Ног хъæуы цæрæг Галуанты Тамарæ. Уый райгуырд æмæ йæ сабибонтæ арвыста  Дзауы районы рæсугъддæр хæххон хъæутæй сæ иу – Мзиуы хъæуы. Уæд хъæу цæрдгъуыз уыд, цард дзы цæджджинагау æхсыст. «Сæрды-иу аргъæутты алæмæты бæстæйы хуызæн бæргæ уыд, фæлæ-иу зымæджы мит куы ныууарыд, уæд хъæумæ фæндаг нал уыд, адæм уымæй тынг тыхстысты æмæ уый аххосæй цадæггай хъæуы цæрджытæ лидзын райдыдтой быдырмæ. Фæлæ райгуырæн къуым адджын у», – дзырдта Тамарæ.

Абон кæд хъæу федзæрæг, уæддæр уым чи райгуырд, йæ сатæг уæлдæфмæ æмæ рæсугъд æрдзы хъæбысы, уазал суадæтты сыр-сырмæ чи схъомыл, уыдон æй арæх фæмысынц стыр æхцондзинады æнкъарæнтимæ, уыдонæн йæ ном дæр зынаргъ у. Уый бæрæг уыд Тамарæйы  цæстæнгасæй дæр, йæ хъæуы кой кæнгæйæ йæ цæстытæ   цины цæхæртæ калдтой.

Тамарæйы фыд уырассаг-туркаг хæсты хайадисæг уыдис. Хæстæй куы æрыздæхт, уæд бинонтæ æркодта. Зæнæг сын нæма уыд, афтæмæй (ивгъуыд æнусы – 20-æм  азты) Хуссар Ирыстоныл гуырдзиаг меньшевиктæ арт бандзæрстой, йæ цæрджыты йын мардтой, сæ цæрæн хæдзæрттæй сæ сырдтой,  Тамарæйы ныййарджытæ дæр баййæфтой сырды.

Тамарæйы ныййарджытæ иу афæдзы фæстæ æрыздæхтысты сæ сыгъд уæзæгмæ æмæ та сæ ногæй бахъуыд ног бынтæ скæныны сæр. Тамарæйы мад æмæ фыдæн фæзынд зæнæг дæр, баисты дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы ныййарджытæ. Тамарæ уыд се ‘ппæты  кæстæр æмæ, йæхи  ныхæстæм гæсгæ – алкæмæй къæбæдадæр.

Бонтæ цыдысты. Тамарæ рæзт, скъоламæ цæуыны афон ын куы ‘рцыд, уæд бацыд сæхи хъæуы райдиан скъоламæ.  Æнæзивæг чызг ахуырмæ дæр æмæ хæдзарон куыстытæм дæр æвзыгъд уыд. Чызг тынг уарзта ныв кæнын æмæ йæ сабион бæллиц дæр стыр нывгæнæг суæвын уыд. О, фæлæ адæймагæн йæ хъысмæт цы цардвæндаг сныв кæны, уый арæх йæ бæллицтæм хæстæг дæр нæ бацæуы. Ахæм уыд Тамарæйы цардвæндаг дæр – нывкæнынадæй тынг дард ацыд.

Сæ хъæуы райдиан скъола каст фæуыны фæстæ Тамарæ æнтыстджынæй каст фæцис Хуыцъейы астазон скъола. Уый сфæнд кодта Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ ба-цæуын. Фæлæ йын сæ хæстæг бацамыдта, цæмæй астæуккаг скъола каст фæуа æмæ уый фæстæ райса уæлдæр ахуырад. Чызджы зæрдæмæ фæцыд йæ хæстæджы зондамынд æмæ аскъуыддзаг кодта Цхинвалы изæры скъоламæ бацæуын, бонæй та исты куыст ссарын, цæмæй, æххуырст фатеры аргъ цæмæй фида æмæ цæмæй цæра, уый йын уа, æмæ афтæ дæр бакодта;  изæры ахуыр кодта, бонæй та  – кусгæ.

Тамарæ æппæтмæ дæр цымыдис кодта, фæндыдис æй алцы зонын, уыимæ ма æвзыгъд уыд ахуырмæ дæр æмæ æхсæнадон куыстмæ дæр, уый тыххæй йæ равзæрстой изæры скъолайы фæскомцæдисы нымæрдарæй æмæ-иу æй уый тыххæй арæх бахъуыд бацæуын фæскомцæдисы горæтон комитетмæ. Уым куыста ас сылгоймаг машинкæйыл мыхуыргæ-нæгæй. Тамарæйæн йæ зæрдæмæ фæцыд мыхуыр кæнын æмæ-иу мыхуыргæнæг ацæргæ сылгоймаджы цур абадт, уый дæр-иу æй бауагъта мыхуыр кæнын, æвзонг чызг афтæмæй сахуыр кодта мыхыр кæнын æмæ-иу бирæ хатт сылгоймагæн æххуыс дæр акодта.

Тамарæ астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд сфæнд кодта Уæрæсемæ ацæуын æмæ уым дохтыры дæсныйад райсын, фæлæ арæх фæрæзтæ фæндты домæнтæн дзуапп нæ фæдæттынц. Тамарæйы ныййарджытæ ссард-таиккой сæ чызгæн фæндаггаг дæр æмæ рæстæгмæ цæмæй цæра, уый дæр, фæлæ чызг йæ сæрмæ нæ хаста йæ ныййарджыты батыхсын кæнын æмæ аскъуыддзаг кодта уыцы фæрæзтæ йæхæдæг бакусын æмæ кусынмæ бацыд хъæууон фæлхасадон æхсæнадмæ (сельпомæ) нымæрдарæй. Бакуыста дзы дыууæ азы, батымбыл кодта фæндаггаджы æхца æмæ йæ хæстæг чызгимæ араст Волгоградмæ.

Бацыдысты арæзтадон ахуыргæнæндонмæ æмæ уым райдыдтой ахуыр кæнын.

Тамарæ ацы ахуыргæнæндон каст фæцис æнтыстджынæй, райста аразæджы дæсныйад æмæ кусын райдыдта аразæгæй, фæлæ уæззау куыст кæй уыд, уый фæстиуæгæн ныууагъта йæ куыст æмæ кусын райдыдта Волгограды цæугæдонон порты нымæрдар-мыхуыргæнæгæй. Фæскуыст та сахуыр кодта телеграфисткæйы дæсныйад.

Уыцы рæстæджы дунейы политикон уавæр уыд вазыгджын. Кубæйы æрцыд революци. Ацы революцийы фæуæлахиз Фидель Кастройы парти æмæ сæ территорийыл АИШ-æн цы кампанитæ уыд, уыдон  Кубæйы революцион хицауады фæндонæй национализацигонд æрцыдысты. Уый нæ фæцыд Америкæйы Иугонд Штатты зæрдæмæ æмæ сфæнд кодтой Кастройы режим ныссæттын.

Фидель Кастро тарст, Америкæйы Иугонд Штаттæ Кубæйы сакъадахмæ се ‘фсад куы бакæной, уымæй æмæ  бахатыд Советон Цæдисмæ, цæмæй сын баххуыс кæна. Райдианы уал сын Мæскуы тыхæй нæ баххуыс кодта, фæлæ банымадта Кубæйы революцион хицауады.  1960 азы та Кубæ æмæ ССР Цæдисы ‘хсæн арæзт æрцыдысты дипломатон ахастытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый пайда уыд дыууæ паддзахадæн дæр, Кубæ уымæй райста хъомысджын паддзахады фарсхæцынад, Советон Цæдисæн та ныгуылæн æрдæгтымбылæджы фæзынд фыццаг цæдисон паддзахад.

Уый фæстиуæгæн АИШ æмæ ССР Цæдисы ‘хсæн  райдыдта æндыгъд ныхмæлæуд. Ацы ныхмæлæуд фæкарздæр 1961 азы, Амери-кæйы Иугонд Штаттæ Турчы астæуккаг дæрддзæджы ракетæтæ куы æрæвæрдтой, уæд. Уыцы ракетæты архайды радиус уыд 2400 км. Гæнæн уыд, æмæ ракетæтæ 15 минутмæ æрбахæццæ уыдаиккой ССР Цæдисы ныгуылæн хайы горæттæм, уыцы нымæцы Мæскуымæ дæр æмæ ма Советон Цæдисы сæйраг сæудæджерадон центртæм дæр.

Турчы ракетæтæн Советон Цæдисы уæды сæргълæууæг Никита Хрущевы дзуапп уыд 1962 азы октябры мæйы сусæгæй, Америкæйы Иугонд Штатты донбылгæронмæ хæстæг, Кубæйы сакъадахыл ССР Цæдисы Гарзджын тыхты дæлхæйттæ æмæ хæстон хæцæнгæрзтæ, æгæрыстæмæй, атомон хæцæнгæрзтæ æрæвæрын. Кубæйы Советон Цæдисы Гарзджын тыхтæн командæ кодта армийы инæлар Плиты Иссæ. Уыцы ныхмæлæуд историйы нысан æрцыд Карибы кризисæй.

Чизоны газеткæсæгмæ сæвзæра ахæм фарст, ома, Галуанты Тамарæн Карибы кризисимæ цы иудзинад ис  –  Комкоммæ иудзинад.

Иу бон Тамарæмæ фæсидтысты Волгограды æфсæддон къамисариатмæ æмæ йын загътой, цæмæй цæттæ уа æфсæддон службæмæ. Банысан кодтой æфсадмæ цæуыны бон дæр. Чызгмæ дис фæкаст æфсадмæ йæм кæй сидынц, уый æмæ сæ куы бафарста, уæд ын бамбарын кодтой, ома, телеграфисткæйы дæсныйад цы ахуыргæнæндоны райста, уый уыд ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады министрады дæлбар æмæ йæ каст чи фæцис, уыдон чызгæй, лæппуйæ сты æфсадхæсджын.

Банысангонд бон Тамарæ бацыд æфсæддон къамисариатмæ æмæ уыцы бонæй райдыдта йе ‘фсæддон службæ.

Тамарæ цы æфсæддон хайы службæ кодта, уыцы æфсæддонты иу бон сбадын кодтой науыл æмæ сæ кæдæм кодтой, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Дыууæ къуырийы дæргъы денджызы цæугæйæ, стæмты йедтæмæ, иууылдæр фæрынчын сты денджызон низæй, бирæтæ дзы сæхи тынг æвзæр хатыдтой æмæ сын хъуыд медицинон æххуыс.  Тамарæ цыма сурзæххыл цыд, афтæ æнкъардта йæхи æмæ æнæрынцойæ æххуыс кодта науы медперсоналæн.  Дыууæ къуырийы фæстæ нау æд æфсæддонтæ балæууыд Кубæйы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Советон æфсæддонтæ уæззау уавæры бахаудтой, уымæн æмæ, Тамарæ куыд радзырдта, афтæмæй Кубæйы контрреволюцион тыхты цырен кодта Америкæ æмæ-иу æхсæвыгæтты хæст самадтой,  æхстой-иу, советон хæстонтæ кæм уыдысты, уырдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы ‘фсад дæр сын æмбæлон ныхкъуырд лæвæрд-та. Тамарæ фидар удыхъæды хицау кæй уыд, уый бæрæг уыд тохты йæ активон хайадистæй дæр, йе ‘мслужбæгæнджытимæ иумæ æхсæвæй-бонæй тох кодтой знаджы ныхмæ. Уавæр карзæй-карздæр кодта.  Уыцы æндыгъд уавæрты службæ кæнын кæд зын уыд нæлгоймæгтæн, уæд æвзонг чызг та цы хъуамæ кодтаид? Фæлæ чызг фæразон разынд цыфæнды зындзинæдтæн дæр.

Карз тохы фæстæ, иу райсом, рæнхълæуды рæстæджы Плиты Иссæ тынг æнкъардæй азылд æфсæддонтыл æмæ Тамарæйы размæ куы бахæццæ, уæд æрлæууыд æмæ йын афтæ зæгъы: «чызг, дæу та ацы зындонмæ цы æрхаста?». Уæдмæ Тамарæ афтæ æнхъæлдта, ирон кæй у, уый Иссæ нæ зоны.  Ацы ныхæсты фæстæ Галуанты чызг дывæр бæрндзинадимæ æрæвнæлдта йæ хæстон хæстæм, йæхицæн дзырд радта, кæй бафæраздзæн æппæт зынтæн дæр æмæ ирон хæстоны ном, сылгоймаг уæвгæйæ дæр кæй не ‘рныллæг кæндзæн, уый тыххæй. Æмæ афтæ дæр кодта, тынг зын-иу ын куы уыд, уæддæр æй не ‘вдыста, афтæмæй службæ кодта.

Йæ службæйы фæстæ Тамарæ æрыздæхт Волгоградмæ æмæ кусын райдыдта арæзтадон тресты архитектурон хайады. Кæд ын йæ куысты перспективæ уыд, уæддæр йæ хъысмæт йæ кæнон бакодта. Улæфты йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцæугæйæ, уый фæцыд Тъбеттаг лæппу Кокойты Асланы зæрдæмæ æмæ чызг Волгоградмæ йæ куыстмæ здæхынвæнд куы скодта, уæд æй лæппу аскъæфта. Чызг сразы йæ хъысмæтыл æмæ баззад йемæ цæргæйæ. Кусынмæ бацыд Тъбеты совхозмæ, йæ цардæмбал та АТК-йы шофырæй куыста.

Райдианы æвзонг бинонтæн цæрынæн æмбæлон уавæртæ нæ уыд, фæлæ Галуанты чызг бинонты царды дæр лæгæмсæр разынд æмæ йæ цардæмбалимæ æмцæд, æмбастæй сæ цард аразын райдыдтой. Рацыд сын зæнæг æмæ уыдон хъомылгæнгæйæ, дыууæ цардæмбалы сарæзтой хæдзар дæр æмæ дзы амондджынæй цардысты.

Тамарæ царды позитивон адæймаг уыд, уыимæ ма уыд хъæлдзæг дæр, йе ‘мбæлттæй-иу исчи истæуыл куы тыхст, мæсты-иу куы уыд, уæддæр-иу ын ныфсытæ авæрдта, бахъæл-дзæг-иу æй кодта. Уый тыххæй йæ йе ‘мкусджытæ æмæ сыхæгтæ бирæ уарзтой æмæ уарзынц.

Абон Тамарæйыл йæ азтæ кæд сæ уæз æруагътой, уæддæр йæхи нæ уадзы, цы йæ бон у, уымæй архайы йæ хæдзарон митæ кæныныл.

Хуыцау ын радтæд фидар æнæниздзинад æмæ  бирæ амондджын цæрæнбонтæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.