2008 азы 8-æм августы уыцы дудгæбонтæ никуы ферох уыдзысты, нæ адæмæй сæ чидæриддæр бавзæрста, уыдонæй. Иугæр Гуырдзыстоны бодзтæ Ирыстонæй «Сыгъдæг быдыр» саразыны фæнд скодтой, уæд ницæуыл уал ауæрстой. Æхстой йæ цас сæ бон уыд, сæ тых сæ цас амыдта, афтæ. Æхсгæ та йæ кодтой, цалдæриддæр хуыз æхсæнгарз ис, уыдонæй. Æмæ сыгъдысты нæ хъæутæ, нæ горæт, арты æвзæгтæ сæхи уæларвмæ ивæзтой, афтæмæй. Адæймаджы уд хатт куыд фидар разыны, зæрдæскъуыд куыд нæ фæдæн, ахæм дудгæбæттæ уынгæйæ. Фæлæ мæнгæй нæ акæнынц, æнæбоны æмгъуыд мæлæт нæй, зæгъгæ. Хорз ма йæ хъуыды кæнын гыццылæй-иу телевизормæ куы кастæн, æмæ-иу дзы хæстон архайдтытæ куы æвдыстой, уæд-иу мæ чысыл æдых уæнгтæ базыр-зыр кодтой, мæ зæрдæ-иу ныккæрзыдта, æмæ-иу æргом сдзырдтон, цы хорз у, ахæм бæстæйы кæй нæ цæрын. Æмæ, æвæццæгæн, уæд Хуыцау загъта, багъæц уал! Æмæ афтæ дæр рауад. Æрбалæууыдысты 1990 азтæ æмæ уæдæй фæстæмæ та нæ адæмы цард зындон фестад.

О, фæлæ 2008 азы августы æртæ боны цы æрцыд, уымæн фыссæн æмæ дзургæйæ дæр нæй æххæстæй равдисæн. Цас цардуарзаг æмæ æнæаххос удтæ ахаста знаджы нæмыг нæ адæмæй. Уыдонæй сæ иу уыд нæ горæты цæрæг Тедеты Аветик. Кусаг, æнæхин, æмгаруарзаг уыд. Нæ бинонтæн хæлар уыд æмæ нын нæ фатер сцалцæгкæныны фæнд скодта. Йæ къухтæй куыд акæнынц зæринтæ цагъта. Уый 2008 азы августы хæдразмæ уыд, ног цалцæггонд фатеры ацæрын нын бирæ нæма бантыст, афтæмæй æрбалæууыдысты уыцы æнæхайыры æртæ боны. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй Аветик дæр йæ бинонтимæ сæ тарффынæйыл куы уыдысты, уæд æнахуыр тыхджын гуыппытæм фехъал сты. Фæсонт сты бинонтæ, стæй куы бамбæрстой, цы æрцыд, уый, уæд сæхи бынмæ, ныккæндмæ ныппæрстой. Уæдмæ æрбабон æмæ Аветик сфæнд кодта бонырухсæй уынгмæ ракæсын. Фæндыд æй, æддейæ цы цæуы, уый йæхи цæстæй фенын. Фæлæ куыддæр æдтæмæ ракаст, тамако сдымдта, афтæ фæцыд стыр гуыпп æмæ минæйы згъæлæнтæ батахтысты мидæмæ æмæ Аветикы куыстуарзаг уæнгты аскъуыдтæ кодта йæ сыхаг лæппу Гуыбеты Гарикимæ.

Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы райгуырд æмæ схъомыл Тедеты Аветик. Уым сфæлтæрдтой чысылæй фæстæмæ йе уæнгтæ алыгъуызон хъæууон куыстыты. Уым бамбæрста, куыст адæймагæн номгæнæг кæй у æмæ зивæг ницæмæ фæкодтаид, æххуыс кодта йæ ныййарджытæн хос кæрдынæн, зымæгмæ суг цæттæ кæнынæн, цæхæрадоны куыстытæ бакæнынæн. Стæй скъола бакæсыны фæстæ æрцыд Цхинвалмæ, фæндыд æй царды сбæлвырд кæнын йæ фæндаг. Æвзыгъд уыд алцæмæ дæр. Куыд ма загътам, æнæуый та фæлтæрд уыд алыгъуызон куыстыты. Райдианы уал йæхи афæлвæрдта «Дзауы районон газет «Дзау»-ы, арæх фыста «Советон Ирыстон»-мæ дæр уацтæ. Активон уацхæссæгыл нымад уыд. Фæндыд æй газеты кусæг суæвын æмæ чысыл рæстæг «Дзау»-ы газеты дæр акуыста, фæлæ дзы Аветик нæ федта йæ царды бынат. Тынг арæхст зарын кафынмæ, æмæ ба-цыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд»-мæ. Фæлæ та бамбæрста сценæйæн кæй нæ райгуырд æмæ та ацыд уырдыгæй дæр. Аветикы уæнгтæ домдтой йæ тых кæм бахардз кодтаид, ахæм куыст. Æнæуый дæр къухтæ домдтой, йе ‘рмдзæф кæм баззадаид, ахæм куыст æмæ бацыдис Цхинвалы завод «Эмальпровод»-мæ кусынмæ телэмалгæнæгæй. Бамбæрста Аветик, йæ царды нысан кæй сæххæст. Зæрдæйæ уыд йæ куыстыл. Уырдæм цы бон бацыд, уый нымадта йæ царды амондджындæр бонтæй сæ иуыл. Æмæ, мæнæй-ма, йæ царды цыдæриддæр хорзæй æрцыд, уыдон ын иууылдæр баст уыдысты заводимæ. Фыццаджыдæр, ын завод радта куыстмæ йæ  уарзондзинад раргом кæныны фадат. Уый йын радта фадат йæхицæн хорз ном скæнынæн. Уый афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн йæ фæллойадон архайдтытæ. Йæ рауадзгæ продукцимæ йын фау æрхæссæн нæ уыд. Æнувыд уыд йæ дæсныйадыл. Уый æддейæ æхсæнадон куысты дæр фæстейæ нæ задис. 1981 азы бацыд партийы рæнхъытæм. Уыдис сæ цехы райдиан парторганизацийы секретарь, фæстæдæр та – заводы райдиан парторганизацийы бюройы уæнг. Дыууæ хатты та æвзæрст æрцыд Цхинвалы горæтон Советы депутатæй. Йæ депутатон хæстæ хорз кæй æххæст кодта, уый тыххæй дзы арæх æппæлыдысты горсоветы сесситы. Уыдис цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ цардуагон лæггæдты фæдыл горæты Со-веты æдзухон къамисы сæрдар. Сессимæ-иу уынаффæ кæнынмæ рахаста ахсджиаг фарстытæ. Фæстæдæр та йæ горæтон партион организацийы XXVII конференцийы делегат уæвгæйæ, равзæрстой партийы Цхинвалы горкомы бюройы уæнгæй. Куыд делегат, афтæ ма хайад иста областон партион организацийы XXXVIII конференцийы дæр.

Райгонд уыд Аветик йæ цардæй, æрмæст уымæн нæ æмæ кæй уарзта йæ куыст, йæ коллективы. Уый ма уыд хорз бинонты хицау æмæ хорз ныййарæг дæр. Æфсады службæгæнгæйæ кæрæдзи бауарзтой уырыссаг чызг Хворонова Татьянæимæ æмæ йæ æркодта Ирыстонмæ. Таня йæ удыйас бауарзта ирон адæмы, се ‘гъдæутты, сахуыр нын кодта нæ мадæлон æвзаг. Мадымайрæм сын балæвар кодта æртæ зæды хуызæн хъæбулы. Таня та заводы куыста машинисткæйæ. «Ехх, куыд амондджынæй цардыстæм, завод нын цы æртæхатæнон фатер радта, уым. Нæ рох кодтам Хъорсеуы хъæуы дæр. Тыдтам дзы алыгъуызон халсæрттæ: картоф, уырыдзы, нуры æмæ æндæртæ дæр, афтæмæй нæ царды кой кодтам», – арæх-иу æрымысыд Татьянæ. Æмæ, æцæгæйдæр, бирæ куыст уыд Аветикæн, фæлæ сыл æххæссыд. Æххæссыд сыл уымæн æмæ куыстуарзаг уыд, æрынцой нæ зыдта. Адæмы æхсæн та тыдта хорздзинад, адджындзинад. Йæ бон куыд уыд, афтæ алкæмæ дæр фæдардтаид йе ‘ххуысы къух. Æндæргъуызон уæвæн нæ уыд Аветикæн, уымæн æмæ афтæ уыд йе сконд, æххæст уыд адæймагон миниуджытæй. Йæ цардвæндагыл ын нæ цæст ахæсгæйæ, уымæн, уый цымыдисон уыд. Чизоны æмæ ма йын цас хорз хъуыддæгтæ саразын бантыстаид фæлæ йæ цардвæндаг 2008-æм азы августы тугкалæн бонты фескъуыд æрдæгыл… Рухсаг у, Аветик, мæрдты дзæнæты бад! Дæ марджыты та фыдусы æлгъыст баййафæд!

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.