Ноябры мæйы дзулфыцæн комбинаты бæстыхайы фарсмæ байгом уыдзæн Хуссар Ирыстоны Æфснайæн банджы уæлæмхас филиал. Ивгъуыд аз та ахæм филиал конд æрцыд Джиоты Аланы проспекты кæрон базарадон центр «Солнечный»-йы.

«Ныртæккæ ам арæзт цæуы æппæтдæр, цæмæй дзы чи куса, уыдонæн уа комфортон уавæртæ. Æфснайæн банджы хорз уавæртæ уыдзæн клиенттæн дæр. Ацы офисы кусджытæ лæггад кæндзысты Нæузæххонты, Хъайтарты уынджы æмæ Шанхайы микрорайоны цæрджытæн. Ардæм цæудзысты, Цхинвалы районы хъæутæй Ныгуылæн фарс чи цæрынц, уыцы цæрджытæ дæр», – зæгъы Æфснайæн банджы финансон-кредитон уагдоны директор Дзуццаты Димитр.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй ныры дуджы бирæ цардуагон æмæ социалон фарстатæ аскъуыддзаг кæнын у зын æнæ банджы лæггæдтæй. Уымæ гæсгæ æндæр фадгуыты лæггæдтимæ хъуамæ рæзой банджы лæггæдтæ дæр. Ныртæккæ цард размæ цæуы, бæстæтæ хизынц картæйон системæмæ. Æрæджы Республикон Бирæпрофилон медицинон центры кусджытæн дæр сæ мызд радтой картæтыл. Уымæ гæсгæ банджы структурæтæ цæрджытæн хъуамæ уой æнцонвадат. Æфснайæн  лагъзы сæйраг офисы цæрджытæн лæггад кæнынæн кæд цалдæр рудзынджы ис, уæддæр дзы алы хатт дæр вæййы стыр радтæ, уæлдайдæр та – пенситæ дæттыны афон. Ныр дзулфыцæн комбинаты территорийыл цы филиал бакæндзæнис банг, уым райсæн уыдзæн пенситæ дæр. Кредиттæ исын цы æмбæстæгты фæнда, уыдонæн дæр гæххæттытæ райсыны бар уыдзæн ам. Æххæст ма цæудзысты æндæр бангон операцитæ дæр.

Дзуццаты Димитр ма куыд зæгъы, афтæмæй раздæр кредит райсын уыд вазыгджындæр. Æфснайæн банджы кредитон хайад цы схемæ сарæзта, уымæ гæсгæ ныр рады лæууын нæ хъæудзæн. Кæд æмæ дæ кредитон истори йæ уагыл у, ома, уый размæ кредитор цы æхца ахаста бангæй, уый хайгай æмæ афоныл хаста, уæд. Дзуццаты Димитр зæгъы, зæгъгæ, ивгъуыд азæй РХИ-йы Президенты амындмæ гæсгæ фæкъаддæр кредиты афæдзон процент æмæ уый адыл бæрæг фæфылдæр сты кредитисджытæ дæр. Банг кредиттæ дæтты куыд хицæн адæймæгтæн, афтæ фермертæ, амалиуæггæнджытæн дæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.