Ацы аз 31-æм январы Хуссар Ирыстоны адæм йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой ирон адæмы ирд минæвар, йæ радтæг адæмы аккаг фырт, Ирыстоны нырыккондæр историйы азфыссæг Мæргъиты Алекси Георгийы фырты. Уый йе ‘нусон бæстæм бацыд йæ хæдзар мæгуырæй ныууадзгæйæ æмæ фæстæмæ зæрдæхсайгæйæ. Йæ хæдзар мæгуырæй та уымæн ныууагъта æмæ йе ‘ртæ хъæбулæй дыууæйæ – йæ фырт æмæ йæ иунæг чызг йæ разæй бацыдысты мæрдтæм æмæ йæ иннæ фырт та 26 азы размæ цæрынмæ ацыд дард Америкæмæ  æмæ уæдæй фæстæмæ кæрæдзи нæ федтой, кæд-иу телефоны искуы аныхæстæ кодтой, уый йеддæмæ.

Ахæм ацæргæ, куырыхон адæймæгтæ нæ фарсмæ куынæуал вæййынц, уæд цыма адæймаг фæсидзæргъуыз вæййы, афтæ нæм фæкæсы. Уымæн æмæ ахæм уæздан æмæ куырыхон лæгтæ алыхатт дæр цæттæ вæййынц адæймагæн раст уынаффæ бакæнынмæ, раст зондыл æй бафтауынмæ. Стæй дæр цард ахæм уæздан, куырыхон, æвæллайгæ хистæртæй фæфидауы. Йæ зианмæ æрцæуæг адæмы ныхæс-тæм гæсгæ, а-дунейæ Алексийы ацыд нæ адæмæн у æнæбаххæстгæнгæ зиан.

Куыд рауад йæ зæрыбонты цард ацы диссаджы гоймагæн? Раст зæгъгæйæ, зæрыбонты бæллицаг нæ уыд ацы ацæргæ адæймаджы хъысмæт. Куыстуарзаг æмæ фæразон адæймаг Мæргъиты Алекси йæ зæрыбонтæ арвыста иунæгæй цæргæйæ, кæд æй нæ интеллигенцийы минæвæрттæ арæх бæрæг кодтой, уæддæр бинонтæн ницæмæй ис баххæстгæнæн. Æмæ уый та 26 азы дæргъы йæ фырты, йæ фырты хъæбулты уындмæ бæлгæйæ, æрвыста йæ царды бонтæ. Кæд-иу æй йæ чызг кæддæрты абæрæг кодта, уæддæр уый дæр фаг нæ уыд ацæргæ адæймагæн, цæмæй бафсæстаид йæ хъæбулты уындæй.

Иннæмæй та зæрдæйæн йæ ацыд уæлдай зындæр уымæн уыд æмæ иунæгæй йæ мæлæт кæй æрцыд. Æмбисондæн ахæм æлгъыст куы баззад, зæгъгæ, иунæгæй дæ мæлæт æрцæуæд. Чизоны, æххуысагур дæ хæдзары къуымты ракæс-бакæс кодтай, чизоны, æххуысагур дæ уарзон хъæбул Танямæ фæхъæр кодтай, фæлæ хъысмæт дæ уарзон чызгæн дæуæй бирæ цыбырдæр цæрæнбонтæ  схай кодта æмæ дæ разæй, иу мæйы размæ бацыд йе ‘нусон бæстæм. Æцæг ын ды йæ мæлæт нал базыдтай, нæ дын æй схъæр кодтой, дæхæдæг дæр рынчын кæй уыдтæ, уымæ гæсгæ. Уадз, æмæ, зæгъ, хъуыды кæнæд, йæ чызг сæрæгас кæй у. Иннæмæй та, уæлдай мæгуырдæр уымæн дæ æмæ мæрдтæм дæ æбæрæгæй сæфт хъæбулы тыххæй зæрдæдзургæйæ кæй бацыдтæ. Дæ иннæ фырты та ныр 26 азы бæрц нæ федтай. Де ‘фсымæры хъæбултæ йæм дард Америкæмæ куы фæдзырдтой æмæ йæ куы бафарстой, зæгъгæ, дæ фыд амард æмæ  æрцæу-дзынæ, уæд сын сдзуапп кодта, зæгъгæ, дам, бирæ рæстæг хъæуы Америкæйæ Ирыстонмæ æмæ, зæгъ, æй  сымах баныгæнут.

Мæрддзыгой цæуæг адæмы зæрдæ дыл уæлдай рыст уымæн кодта æмæ дыл дæ  хъæбултæй йæ цæссыг кæй ничи æркалдта æмæ афтæмæй мæрдтæм кæй цыдтæ, уый тыххæй. Дæ ныгæнæн боны дæм райсомæй бацыдтæн Дзуццаты Таня æмæ Тедеты Валяимæ æмæ дыл æнæвгъау нæ цæстысыг фæкалдтам. Стæй дæр мæныл дывæр хæс уыд дæ разы, уымæн æмæ дæ хæлар, кæстæр æфсымæры хуызæн дын чи уыд, мæ уыцы дзæнæты бадинаг цардæмбал Хуриты Гивийы бæсты дæр дыл æз хъуамæ фæмаст кодтаин. Уымæн æмæ Гиви дæ разæй куынæ ацыдаид, уæд дыл тынг фæмаст кодтаид æмæ дыл уымæ гæсгæ зæрдæйæ фæрыстæн, цы цæссыгтæ дыл æркалдтон, уыдон ратагъдысты мæ зæрдæйы тæгтæй æмæ дын хæлар уæд. Ды дæхæдæг Гивийы амæлæты фæстæ йæ коймæ иууылдæр кæугæ кодтай, афтæ тынг ыл дæ зæрдæ фæрыст. Æгæрыстæмæй, йын Итраписы хъæдæй та дыууæ мохъо талабæласы æрхастай æмæ йын сæ йæ уæлмæрды ныссагътай. Ныр мæм никуыуал фæдзурдзынæ æмæ мын афтæ никуыуал зæгъдзынæ, зæгъгæ, «куыдтæ дæ мæ дзæбæх чызг». Æппынæдзух мын дзырдтай, зæгъгæ, дæ  мæ чызджы хуызæн уарзт кæнын. Æцæг дын æз хъæбулы лæггæдтæ нæ фæкодтон æмæ мын уый тыххæй бахатыр кæн.

Де ‘фысмæры хъæбултæ Анатоли æмæ Юрæ дын стыр лæггæдтæ бакодтой сæ бинонтимæ. Стыр кады митæ дын сарæзтой РХИ-йы къухдариуæгад дæр Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй. Æгæрыстæмæй, дæ табæты уæлхъус цытджын хъара-гъул дæр лæууыд. Бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд дæ адресыл дæ табæты уæлхъус. Дæ баныгæныны æппæт хæрдзтæ дæр нæ хицауд айста йæхимæ æмæ сæ уый тыххæй уæлдай бузныг фесты де ‘ввахс хиуæттæ, дзырдтой сын бузныджы ныхæстæ. Уыдон мæм бахатыдысты, цæмæй Алексийæн чи фæлæггад кодта бирæ азты дæргъы, уыдонæн бузныг зæгъон нæ газеты руаджы. Æмæ йын чи фæлæггад кодта, уыдон та цъус не сты. Арæх æй бæрæг кодтой æмæ йын хъæбулы лæггад кодтой профессор Битарты Зоя, Икъаты Мадинæ, Харебаты Заирæ, Бестауты Валя, Хуыбиаты Соня, Котолиты Сæлимæт, Плиты Юзæ, ацы уацы автор æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон-иу æй арæх суазæг кодтой сæ армыкондæй дæр. Тынг ын лæггад кодтой йæ сыхаг Плиты Русланы бинонтæ. Русланы цардæмбал Коцты Земæ-иу, æвæццæгæн, доны къус куы рафыхта, уæддæр-иу дзы суазæг кодта йæ уæздан сыхаджы. Стыр лæггæдтæ йын бакодтой йæ комбæстæгтæ Хъараты Валери æмæ Дриаты Гела дæр. Бузныг уын уæ адæймагдзинадæй.

Мæ уацы мæ уайдзæфы ныхæстæ зæгъын дæр фæнды иуæй-иу адæймæгтæн (сæхæдæг æй бамбардзысты). Цæвиттон, Алекси Георгийы фырт-иу арæх бахатыд, цæмæй йын чи  компьютерыл амыхуыр кодтаид йе ‘рмæджытæ, чи та йын сын халдих сарæзтаид. Уыцы рæстæджы-иу Алексийæн ахæм хуыз уыд, раст цыма йæ хисæрмагонд интересты тыххæй домдта искæмæй балæггад кæнын. Бирæтæ-иу равдыстой се ‘нæразыдзинад, зæгъгæ, дам, ын мах цы хæсджын стæм æмæ йын мыхуыр кæнæм. Басæттæм ыл, бирæтæ-иу æй куы ауыдтой, уæд-иу сæхиуыл дуæрттæ дæр ахгæдтой… Фæлæ абон алчидæр уыны, Алекси Георгийы фырт мæрдтæм йемæ кæй ницы ахаста, цы æрæмджытæ фембырд кодта дæргъвæтин азты дæргъы, цы томтæ сарæзта, уыдон ныууагъта Ирыстоны абоны æмæ фидæны фæлтæртæн. Арæх ын ахъуыды кæнын йæ куыстфæразондзинадыл. Омæ, цас йæ бон уыд кусын, змæлын. Бирæ йын бантыст саразын, хъæуæг æрмæг æрæмбырд кæнын. Йæ бакæнгæ куысты фæстиуджытæ дисы æппарынц адæймаджы. Арæзт æрцыдысты дæсгай тематикон томтæ. Зæгъæм, Хуссар Ирыстоны трагедийы тыххæй æрмæст периодикон мыхуыры æрмæджыты æмбырдгонд  конд у 88 (!) томæй, 1989-1992 азты цауты политикон хроникæ – 20 (!) томæй, Ирыстон æмæ ирæтты тыххæй гуырдзиаг прессæйы æрмæджыты тæлмац-тæ та йын рауадысты 13 томы. Гуырдзыстоны мидæггагон уа-вæры тыххæй периодикон мыхуыры информаци бацахста 4 томы. Уымæй дарддæр ма, æмбырд кодта æрмæджытæ ирон-мæхъæлон конфликты тыххæй, уыдон та сты 11 гуырахстджын томы.

Алексийæн йæ бон не сси æмæ ма æрæмбырд кодтаид æрмæджытæ Беслæны цы  æвирхъау трагеди æрцыд, уый тыххæй.  Цы æрмæджытæ æрæмбырд кодта, уыдон  сты 19 томы (!) æмæ адæймагыл ныууагътой ахæм тæлмæнтæ. Советон рæстæ-джытæй фæстæмæ æмбырд кодта æрмæджытæ нæ зындгонд æмзæххонты тыххæй. 5 томы сарæзта Хетæгкты Къостайы цытæн, 7 томы – Абайты Васойы, 3 томы – Кучиты Юрийы, 9 томы та – Иосиф Сталины тыххæй. Æппæт бацамынд æмбырдгæндтæ арæзт цыдысты цалдæргай экземпляртæй. Уыдонæй бирæты балæвар кодта Ирыстоны цæгат æмæ хуссары зонадон библиотекæтæн, æрвыст æрцыдысты Ленины номыл библиотекæмæ, АИШ-ы Конгрессы библиотекæмæ, Бритайнаг музейы библиотекæмæ, хайгай сæ амал кодтой РХИ-йы Парламент æмæ Хицауад, лæвар сæ кодта фигуранттæн (Абайты Васойæн, Кучиты Юрийæн).

Мæргъиты Алекси бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта чиныг «Южная Осетия глазами журналистов» (1991-1992гг), кæ-цымæ бацыдысты нæ республикæйы историйы иууыл трагикондæр рæстæджыты хуыздæр публицистон уацмыстæ. Уый ма бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта брошюрæ Ирыстоны легендарон фырт Хуыбылты Валери Никъалайы фырты тыххæй ахæм номимæ «Сын Ирыстона», зæгъгæ.

Мæргъиты Алекси Георгийы фырты бирæ азты дæргъы хæ-лардзинад баста нæ зынгæ æмфыдыбæстæйон Абайты Васоимæ. Уый хайад иста ирон адæмы стыр ахуыргонды юбилейон мадзæлтты Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы. Æмæ æппæт дæр арæзта, цæмæй уæлдай хъусдард  здæхтаид, йæ зæрдæйы хъармдзинад лæвæрдтаид Абайты Васойæн, йæ райгуырæн зæххмæ-иу куы æрцыд, уæд. Мæнæ  цы фыста Алексийы тыххæй Абайты Васо: «Æз æй зæрдæлхæныны тыххæй нæ дзурын, фæлæ Цхинвалæн йæ бон у æмæ сæрыстыр уа ахæм æмбæстагæй, куыд Мæргъиты Алекси». Легендарон капитан Кучиты Юри та дзы афтæ загъта: «Мæргъиты Алекси у стæм курдиаты æмæ энциклопедион зонындзинæдты хицау адæймаг, фæлæ уыцы иурæстæджы æппæт параметртæм гæсгæ у хæдæфсармдæр адæймаг». Таджикистаны зонæдты академийы æвзаг æмæ литературæйы институты хайады сæргълæуæг, филологон зонæдты доктор Дохудо Карамшоев та  азыфысæджы архайды тыххæй загъта: «Алекси Георгийы фырт аразы стыр хæр-заудæн архайд. Уыцы архайдæн рæстæджы цыдимæ уыдзæн стыр историон нысаниуæг». Бирæ сты Алексийы тыххæй хъарм ныхæстæ чи загъта, уыдон æмæ сыл иу уацы æрдзурæн нæй.

Ныртæккæ зын ахъуыдыгæнæн у ууыл, цахæм уавæры уыдаиккой нæ ногдæр историмæ хауæг документтæ, æрмæджытæ, газетон-журналон публикацитæ, уыдоныл куы ничи куыстаид, уæд. Æппынæдзух лæмбынæг йæ хъус дардта цауты цыдмæ. Æмбырд кодта газетон-журналон публикацитæ, официалон документтæ, алыгъуызон сидтытæ, æндæр фактон æрмæджытæ. Азфыссæг арæзта цауты лæмбынæгдæр боныг.

Мæргъийы фырт хорзæхджын æрцыд бирæ  паддзахадон хорзæхтæй – ордентæ, майдантæ, Кады грамотæтæй, афтæ ма йын  лæвæрд æрцыдысты кадджын нæмттæ. Алекси Георгийы фырт уыд РХИ-йы Журналистты цæдисы уæнг æмæ Уæрæсейы æрдзон зонæдты академийы академик. Хорзæхджын ма æрцыд РХИ-йы Кады орденæй дæр. Абон кæд Алекси нæ фарсмæ нал ис, йе ‘нæрынцой зæрдæ æнусмæ банымæг, уæддæр йæ бирæ лæггæдты тыххæй Ирыстоны адæмæй рох никуы уыдзæн. Рухсаг у!

Джиоты  Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.