«Ирыстоны адæмы æдас фидæнмæ иунæг фæндаг  Уæрæсеимæ баиу уæвын кæй у, уый хъуамæ æмбарой хуссарирыстойнаг адæм иууылдæр. Дуне фæивта, афтæхуыйнæг партнертæ раппæрстой сæ маскæтæ æмæ фæлвардзысты Уæрæсе æмæ йе ‘мцæдисонты скуынæг кæнынмæ», – уый тых-хæй паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли фехъусын кодта Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацæуыны тыххæй референдум ауадзыны хъæппæрисы фарсхæцынады фæдыл рауæрæхгонд æмбырды.

Абон социалон хызæгты фенæн ис иуæй-иу цыбырзонд адæймæгты зондхæццæгæнæн уацтæн, зæгъгæ, хæдбар паддзахад уæвын хуыздæр у. Ахæм адæймæгтæ хъуыды кæнынц æрмæстдæр сæхи сæрмагонд интерестыл, ирон адæмы хъысмæт сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Æндæра йæ тынг хорз куы æмбарынц ирон адæмæн Уæрæсе сæ фарсмæ куынæ уа, уæд нæ нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ сабырæй цæрын кæй нæ бауадздзысты, уый.

Фæлæ Ирыстоны бирæ ис растхъуыдыгæнæг адæймæгтæ, кæцытæ æппæт зæрдæйæ тыхсынц сæ радтæг Ирыстоны сомбоныл. Ахæм адæймæгтæй иу у йæ Ирыстоны æцæг патриот, зынгæ фыссæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон. Уый карзæй дзуры Уæрæсемæ Хуссар Ирыстоны баиу кæныны ныхмæ чи дзуры, уыдоны тыххæй. Хоны сæ, ирон адæмы знаг америкæйаг миллиардер Соросы адæймæгтæ.

Хъазийы фырт Уæрæсемæ баиу уæвыны æмæ дыууæ Ирыстоны æрбаиу кæныны тыххæй йæ хъуыдытæ ныффыста цалдæр азы размæ йæ чиныг «Иунæг фæндаг»-ы. Газеткæсджыты размæ хæссæм ацы чиныгæй скъуыддзæгтæ. «Махæн  та 2008 аз ногæй тынг æргомæй фенын кодта, кæй нын ис æрмæстдæр, нæ сæрыл чи рахæца, ахæм иунæг æнæсайд æрдхорд – Уæрæсейы Федераци æмæ йæм, уый искæй фæнды æви нæ, уæддæр хъуамæ здахæм не ‘ргом, хæстæгдæр æм лæууæм. Мах та æндæрырдæм ныззилæм: «Для нас независимость важнее всего»! Бæргæ бирæгъты балтæ нæм алырдыгæй куынæ лæбуриккой, уæд… афтæ чи хъæр кæны: «Ирыстонæн баиугæнæн нæй! Мах хицæн паддзахад аразæм!», – уыдон, бынтон стæмтæй дарддæр Соросы фонд æмæ æндæр «æнæпаддзахадон» организацитæй сæ «мызд» доллæртæй Калакæй æргомæй чи хаста, валютæйæ хæдзæрттæ чи фелхæдта, уыдон сты. Æниу, уыцы «мызд» ныр та, чи зоны, сусæгæй къонвертты исынц. Гуырдзы цы адæм сты, уый нæ сæрыстыр, не знæгты къухæй рафтæг Джыккайты Шамил тынг раст загъта: «Фыдæй-фыртмæ нын цæгъдынц нæ хуыздæрты. Мæнгардæй амардтой Ос-Бæгъатыры. Фынæйæ аргæвстой Алгъуызы. Хинæй мæрдтæм барвыстой сæ хæрзгæнæджы – Сослан Цæразоны. Марг бадардтой нæ сæрхъызойæн – философ Гасситы Афæхъойæн. Фехстой æртындæс коммунары. Нæй нымæц сæ фыдракæндтæн. Геноцид цæуы геноциды фæстæ».

«Нæуæдз азмæ – цыппар геноциды! Ахæм фыдтæн дуртæ æмæ хъæдтæ дæр нæ ныффæраздзысты. Æмæ, уæдæ, мах ирон адæм, цы цæнгæтæй конд хъуамæ уæм, цæмæй та-иу нæ удты фыдæнæн айрох уой?!… Советон Цæдис саразынимæ Ирыстон тыхми æмæ кæлæнæй фæхицæн дыууæ автономийыл. 1752 азы Бетъырбухы ирон минæварад Уæрæсейы империимæ Ирыстоны баиу кæныны фарст кæронмæ куы ахицæн кодта, ныфс сын куы бавæрдтой, ома, айсдзысты нæ сæ паддзахадмæ æмæ йæм 1774 азы официалонæй куы баиу, уæд дзырд Ирыстоны иу кæцыдæр хайыл нæ цыдис, фæлæ æнæхъæн Ирыстоныл. Æнæхъæн Ирыстон хæдбар паддзахадæй баиу Уæрæсейы империмæ. Нæ минæварад дæр нæ бæстæйы алы кæмттæй уыдысты».

2007 азы рухæны мæйы 18-19 бонты æппæт ирон адæмæн Цхинвалы цы 6-æм уанел уыдис, уымæй раздæр февæрдтам ныфсытæ. Не ‘ппæты дæр уырныдта, цæмæй нæ Фыдыбæстæ баиу уа, уый тыххæй рахæсдзыстæм уынаффæ æмæ дзы дон дæр нал атæдздзæн: «Ирыстон тымбыл къухау куынæ æрбаиу уа, уæд нын æнæсæфгæ нæй. Зынгæ фыссæг Ходы Камал банысан кодта: «Иу адæмы радон съезд Ирыстоны хуссар хайы сæйраг сахар Цхинвалы кæй цæуы, уымæн ис стыр политикон, социалон æмæ историон ахадындзинад дæр. Уый ма ноджы иу хатт рав-дисдзæн, Ирыстон дыууæ дихы кæй никуы уыди, Уæрæсейы сконды дæр иу Ирыстон кæй уыдис рагæй, традицион хуызы». Афтæ хъуыды кæны поэт Кокайты Тотрадз: «Нæй Цæгат, нæй Хуссар – ис иу Ирыстон – фыдæй-фыртмæ». Уанелы делегаттæ, стæй æрхонгæ уазджытæ иууылдæр иу хъуыдыйыл лæуд уыдыстæм, фæлæ та кæмдæр чидæр йе ‘рфгуытæ фæхъуынтъыз кодта, кæцæйдæр та ныл мæстыйæ æрхъæрчындæуыд: «Цицц!» – æмæ та нæ къæлæтджынуарзджытæ сæ бынæтты хæбæццæй аззадысты. Афтæмæй, цахæмфæнды дуг куы ныллæууа, уæддæр хъуамæ зонæм фидарæй – Ирыстонæн æнæ баиу нæй. Уымæ нæм сидынц хъуыдыгæнæг адæм. Ныссагъæс кæныны аккаг у алы ирон адæймагæн дæр. Уæрæсе у нæ хъысмæт. Æмæ æппæт фæлтæртæ дæр, ныртæккæ Уæрæсейы чи цæры, уыдон хъуамæ зоной, зæгъгæ, чысылнымæц сæдæ адæмтæй, кæцытæ бахаудтой Уæрæсейы империмæ, иу дæр нæ фесæфт. Уæрæсейы ногсырæзт паддзахæдты æхсæнадæмон институты ди-ректор А.Мартынов зæгъы: «Думаю, воссоединение осетинского народа в едином субъекте РФ, который искусственно поделен на Северную и Южную, было бы логичным шагом… Другого пути нет». Сæрмагондæй нæм ахæм ахсджиаг, нæ адæмы бындзагъдæй цæмæй фервæзын кæнæм, Ирыстоны баиу кæныны идейæйы тыххæй 2012 азы рухæны мæйы (сентябры) 5-æм бон уыд республикæйон политикон пар-ти «Баиугонд Ирыстон»-ы бындурæвæрæн уанел æмæ йæ сæргълæууæг, авторитетон адæймаг – Республикæйы Уæлвæткон уавæрты министр Бибылты Анатолиимæ сæрмагондæй кусынц уыцы, æппæт ирон адæмæн дæр ахсджиаг хъуыддагыл. Сæ разы цы хæс æрæвæрдтой, уый нысаниуæг тынг хорз кæй æнкъарынц, сæ программæ уыцы хъуыдыйæ – Ирыстоны хуссар æмæ цæгат баиу кæныны фæндонæй уымæн райдайы. Фæндвидар æмæ хъуыддагзонгæйæ зæгъынц нæ адæмы бæллиц: «Мы, граждане Южной Осетии, объединились в политическую партию, чтобы в соответствии с законами республики и Российской Федерации добиться воссоединения Юга и Севера Осетии в составе многонационального российского государства».

Нæ хæстон авналæнтыл куынæ дзурæм, уæддæр нæ айрох вæййы, нæ паддзахады бюджетæй æрмæстдæр цалдæр проценты кæй вæййынц нæхицæй, уыдон дæр æфтиæгтæй хъалонты хуызы кæй фидæм, уыдоны иу хай. Джусойты Нафи афтæ загъта: «Судьба разделенного народа – судьба трагическая. Одолеть эту ситуацию мы сможем, только объединившись в составе Российского государства. Поэтому я за объедниение Северной и Южной Осетии».

Нæхæдæг нæхи цæстæй цы федтам, нæ удтæй цы бавзæрстам, уыдæттæ нын исчи цæмæн хъуамæ дзура, кæд зонд райсын æвзæр нæу, уæддæр. Истори нын цы зæгъы, не знæгтæ нын цы аразынмæ хъавынц, уый алчи дæр зоны фидарæй. Ирыстоны трагедийæ, йæ сæфты трагедийæ, – Хуыцау нæ уымæй бахизæд, – фервæзынæн ис æрмæстдæр иунæг фæндаг – Ирыстон баиу кæныны фæндаг!

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 8-æм майы уагъд кæй æрцæудзæн президентон æвзæрстыты дыккаг тур æмæ адæм се ‘ууæнк кæуыл бафтауой, уый хъуамæ æппæт тыхтæй дæр бацархайа, цæмæй ирон адæмы æнусон бæллиц æвæрццагæй скъуыддзаг æрцæуа. Уæрæсейы скондмæ бацæуын æмæ дыууæ Ирыстоны баиу кæныны ныхмæ чи у æмæ, æгæрыс-тæмæй, уый фæдыл афтæ йæхимидæг дæр чи ахъуыды кæны, уый у ирон адæмы знаг кæнæ та бынтон зондцух адæймаг, æндæра…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.