25 апрелæй 2 маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фондз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой цыппар адæймаджы.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æхсæз æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 346 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 9 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

25 апрелы Ленингоры районы милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ арæнхъахъхъæнджытæ Ахмадж-Монастеры фæндагмæ ввахс хъæды ссардтой дыууææхстон цуанон æхсæнгарз фондз нæмыгимæ. Уымæй уæлдай ма Ленингоры районы Икъоты хъæуы та ссардтой гранатæхсæн æхсæнгарзы рæмудзæн хæйттæ. Тæссаг предметы аластой сапертæ.

27 апрелы милицийы наркотикты æрзылд контроль кæныны æмæ Дзауы районы милицийы управлениты кусджытæ оперативон информацийы фæдыл горæт Къуайсайы басгæрстой хисæрмагонд автомашинæ, кæцыйы хицау разынд бынæттон 53-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы машинæйы ссардæуыд цыппар капсулæйы медицинон препарат «Лирика»-тæ, кæцытæ нымад цæуынц наркотикон буарадтыл. Уымæй уæлдай ма медицинон басгæрсты рæстæджы рабæрæг, ацы æмбæстаг кæй спайда кодта «марихуана»-йæ æмæ «Лирика»-йæ. Фыдгæнæг конд æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы.

27 апрелы горæт Цхинвалы Джиоты Аланы проспекты Знауыры районы Бехъмары хъæуы 22-аздзыд цæрæг бахауд автомашинæйы бын æмæ аварийы фæстиуæгæн йæ къах асаст. Куыд рабæрæг, афтææй фистæг бæлццон фæндаджы иннæ фарсмæ хызт, бар кæм нæ уыд, ахæм ран. 28 апрелы Харебаты Исахъы уынгæй Джиоты Аланы проспектмæ азилæны 88-аздзыд бынæттон цæрæг дæр бахауд автомашинæйы бын æмæ ацы бæлццонæн та аварийы фæстиуæгæн йæ къах æмæ йæ къух асастысты. Аххосджын разынд шофыр.

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.