РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады дæлбар кадетон скъола ацы бонты конд æрцыд ног бæстыхаймæ. Кадетон скъолайы цы сæдæ ахуыргæнинаджы ис, уыдон ныр сæ ахуыры процесс адарддæр кæндзысты Ирыхъæуы, арæзтадон æрмæджыты заводы территорийыл цы административон уагдон уыд, уым. Ног бæстыхайы ахуыргæнинæгтæн арæзт æрцыд æппæт фадæттæ дæр ахуыр кæнынæн. Сæ бон у æмæ-иу æхсæв дæр баззайой уым. Цæмæй ахуырадон процесс æмбæлонæй цæуа, уый тыххæй кълæстæ ифтонг æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг цæстуынгæ æрмæджытæй. Куыд ахуыргæнинæгтæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр райгонд сты сæ уавæртæй.

Куыд зонæм, афтæмæй кадетон скъола байгом 2011 азы. Уыдон æрбынат кодтой Цхинвалы 7-æм скъолайы бæстыхайы. Скъолайы ма гимнази «Альбион» æрбынат кодта, уæд кълæстæ нал фаг кодтой æмæ кадеттæ ацыдысты Мæскуыйаг микрорайоны 1-æм скъолайы бæстыхаймæ. Ам ма ахуыр кодтой гимнази «Рухс»-ы ахуыргæнинæгтæ дæр. Фæлæ та ам дæр кълæстæ нæ фаг кодтой. Физикон цæттæдзинад кæм истаиккой, уыцы уавæртæ сын нæ уыд.

«Ныр Ирыхъæуы кадетон скъолайæн цы бæстыхай бацæттæ кодтой, уым ахæм проблемæтæ нал уыдзæн. Нæ ахуыргæнинæгты ардæм бон дыууæ хатты ласдзæн автобус. Дæрддзæф хъæутæй чи цæуы, уыдонæн сæ бон уыдзæнис бынаты баззайын. Бон æртæ хатты та сын хæрын кæндзысты. Бынаты цы ахуыргæнинæгтæ уой, уыдон кæндзысты уæлæмхас тренировкæтæ», – зæгъы кадетон скъолайы директор Тадтаты Артур.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.