1920 азы июнь æмæ сентябры мæйтæ хуссарирыстойнаг цæрджытæн йемыдзаг уыдысты трагикон цаутæй.  Цыбыртæй уал уыцы рæстæджы Цхинвалы цæуæг цауты тыххæй. 1920 азы 8-æм июны Цхинвалы дыууæ сахатыл арæзт æрцыд митинг дыууæ мин гæрзифтонг сырх партизаны хайадистæй, афтæ ма дзы хайад райстой Цхинвалы цæрджытæ се ‘ппæт дæр. Митингы Хуссар Ирыстоны æппæт террриторийыл расидт æрцыд советон хицауад. Меньшевикон Гуырдзыстон фæактивондæр кодта йæ архайдтытæ адæмон растад басæттыны тыххæй, кæцы сцырын митинджы фæстæ РКП (б)-йы. Хуссар Ирыстоны организацийы комитет уыцы рæстæджы уыд Дзæуджыхъæуы. Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй базонгæйæ, йæ уæнгтæ аскъуыддзаг кодтой растады сæргъ слæууын. Растадонтæм æххуысмæ Цæгат Ирыстонæй æрвыст æрцыдысты растадондты къордтæ, кæцытæ уым арæзт æрцыдысты хуссайраг ирæттæй. Ацы тыхтимæ 1920 азы июны райдыдта размæбырст Рукъы районæй. Райдианы размæбырст уыд æнтыстджын, растадонтæ æрцахстой ныхмæллæуджы 500 адæймаджы онг. Уый фæстæ бацахстой Цхинвал, уырдыгæй меньшевикон æфсæдты аппаргæйæ. Фæлæ ирæтты ныхмæ рарвыстой æнæхъæн паддзахады гæрзифтонг æфсæдты, кæцы туджы зæйтæ рауагъта Хуссар Ирыстоны зæххыл. Цæрæнбонтæм хуссайраг ирæттæ бахъуыды кодтой Джугъели, Жгенти, Квинтадзе, Чхеидзе, Химишев æмæ æндæр лæгмарты сырдон митæ. Ирæтты чысыл къордтæ сæ ныхмæ хъæбатырæй лæууыдысты, фæлæ сын хæстон æрмæджытæ æмæ хæцæнгарз кæй нæ фаг кодта, стæй чысылнымæц кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ бахъуыд хæхтæм алæууын. Уæд меньшевиктæ цы æнæадæймагон  митæ кодтой, уыдоны тыххæй сæ уацмысты ирдæй равдыстой ирон фысджытæ, куыд Коцойт Арсен «Саломе»-йы, Плиты Харитон «Сæлимæт»-ы æмæ æндæрты уацмысты. Хуссайраг ирæтты къордты, кæцытæ лигъдæтты хъахъхъæнгæйæ ацыдысты сæ райгуырæн бынæттæй бæллыдысты се знагæй сæ маст райсынмæ. Уыдонæй арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны 2-æм бригадæ.

1920 азы Кубань æмæ Терчы сæвзæрд тынг уæззау уавæр. Антантайы (Уæрæсе, Стырбритани æмæ Францы æфсæддон-политикон блок) æххуысæй контрреволюцийы сæйраг организатортæй иу – барон Врангель аскъуыддзаг кодта реванш райсын йæ развæдгæнджыты къуыхцыты тыххæй æмæ Кубань æмæ Цæгат Кавказы сырхыты хицауадæй байсын. Уый фæдыл 1920 азы 9-æм сентябры Серго Орджоникидземæ тел æрæрвыста Ленин, цыран дзырдæуыд, зæгъгæ,  Кубаны æмæ Кавказы æппæт урсгвардионты бандæтты æххæстæй скуынæг кæнын хъæуы æвæстиатæй. Уый, зæгъ, у паддзахадон ахсджиагдзинады хъуыддаг.

 1920 азы сентябры горæт Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вагзалы æрмæмбырд сты Хуссар Ирыстоны 2-æм бригадæйы хæстонтæ, кæцытæ цыдысты Ессентук-Кисловодскы районы инæлар Хвостиковы урсгвардионты змæст басæттынмæ. Бригадæйы сконды уыдысты æхсæг æмæ кавалерийаг полктæ, техникон эскадронтæ, рог кавалери, комендантон æмæ хæдзарадон взводтæ, санитарон хай. Бригадæйы 1500 адæймаджы сæргъ лæууыд командир Янышевский. Хуссар Ирыстоны 2-æм бригадæйы хæстон Бигъуылаты Г. йæ мысинæгты фыста: «Дзæуджыхъæуæй æрцæуæг фистæгæфсадон полк конд у æрмæстдæр хуссарирыстойнаг ирæттæй. Командон сконд та уыд уырыссаг. Дзæуджыхъæуы бригадæмæ æрбаиу сты Цæгат Ирыстоны бархионтæ». Фронтмæ ацæуыны размæ Дзæуджыхъæуы вагзалы уыд митинг, цыран раныхас кодтой Сергей Киров, Санахъоты Владимир æмæ Дзадтиаты Александр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ хæстонтæн кæй нæ фаг кодтой къахыдзаума æмæ æфсæддон уæлæдарæс, дзул сын лæвæрд цыд æрмæстдæр 400 граммы. Уымæ нæ кæсгæйæ, бригадæйы æлдариуæг кодта æндон дисциплинæ. Хуссарирыстойнаг бригадæ уайтагъд бацахста  Ессентук, Железноводск, Суворовск, Бекешевскы станицæты, урсгвардионтæй сæ ссæрибар кæнгæйæ.  Уый фæстæ сæхи бацæттæ кодтой Бургъустаны станицæмæ бабырсынмæ, цыран уыдысты ныхмæлæууæджы фылдæр тыхтæ. Бургъустаны станицæмæ æввахс уыд урсыты кавалерион хай. Бригадæйы уæнгтæ тагъдыл скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы развæдсгарæн къорды æмæ райсомæй раджы атакæйæ спайда кæнгæйæ, батыдтой станицæмæ. Цæрæджытæ цы хæдзæрттæй ацыдысты, уым сæхи æрфидар кодтой урсгвардионтæ æмæ кодтой мæлæтхæссæг æхст. Уымæ нæ кæсгæйæ, сихормæ бригадæ ссæрибар кодта станицæ æмæ бацахстой бæрзæндты. Фæлæ, хъыгагæн, куыд рабæрæг, афтæмæй командон сконды уыд гадзрахатæйрацæуджытæ, кæцытæн бастдзинад уыд инæлар Хвостиковы бандæимæ æмæ сын лæвæрдтой бригадæйы плæнтты тыххæй зонæнтæ. Куыддæр уыдон æрулæфыдысты, афтæ сыл æххормаг бирæгътау æрхъула кодтой урсгвардионты æртæ полкы æмæ сæ æгъатырæй цæгъдын райдыдтой. Тыхтæ æмсæр нæ уыдысты, æрмæстдæр сæ бынтон скуынæг кæнынæй бахызта хæстонты æгæрон хъайтардзинад. Æрдæгæхсæв нæ фæтыхстысты ахæм хъæбатыр хæстонтæ, куыд Гæззаты Ленто, Зæгъойты Сардо, Джиоты Ленто, Джиоты Газан, Пæрæстаты Тембол, Санахъоты Аслан, Гæбæраты Апалон, Бекъойты Алексей, Коцты Сандро æмæ бирæ æндæртæ. Хъайтардзинады цæвиттон равдыстой Джиоты Бзе, Гасситы Горичка, Цхуырбаты Илья, Уанеты Гига, Цоциты Илья, Джиоты Бето æмæ Андрей, Гасситы Гриша, Магкоты Гри, Тедеты Кизо æмæ бирæ æндæртæ. Фæлæ хуссайраг ирæттæй бирæтæ цæрæнбонтæм  баззадысты бургъустайнаг быдырты. Фæмард сты хæстонты хуыздæрты хуыздæртæ: Къæбысты Сикъо, Гæззаты Георги, Козаты æфсымæртæ Георги æмæ Григори, Плиты Семен, Джыгкайты Георги, Котолиты Никъала,  Харебаты Герсан, Цхуырбаты Габо æмæ бирæ æндæртæ.  Хуссар Ирыстоны ревкомы сæрдар Дзадтиаты Александры  бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1920 азы 9-19 сентябры Хуссар Ирыстоны 2-æм бригадæйæ фæмард 1333 адæймаджы, уыдонæй хуссарирыстойнаг ирæттæ уыдысты 600 адæймаджы. Командон сконды разындысты Деникины æмæ гуырдзиаг меньшевикон хицауадимæ баст агенттæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ бригадæйы трагикон хъысмæты аххосджын кæй уыд йæ командир Янышевский, кæцы урсгвардионты бæхджын æфсады барæй нымадта сырхгвардионты къордыл. Хæстонтæ йæ уайтагъд фехстой.  Уыдонæй ма ноджы иу – Чхеидзе бригадæйы уыд Давыдовы мыггагæй фыст. Фæстæдæр æй фехстой Дагъыстаны. Урсгвардионты лæгмартæ амынæты кæй акодтой, уыцы партизантæн кодтой сырдон митæ. Иу дзы аппæрстой сæрсæфæн былæй, иннæмæн йæ ныхыл кардæй сныв кодтой стъалы æмæ афтæ дарддæр. Хуссарирыстойнаг 2-æм бригадæмæ æххуысмæ фæзынд 11-æм Сырх Æфсады кавалерион полк, ирон адæмы легендарон фырт Гæджиты Бадилайы къухдариуæгадæй, кæцы ныппырх кодта урсгвардионты æмæ ссæрибар кодта амынæтты. Хуссарирыстойнаг 2-æм бригадæйы рæнхъытæ кæд стæнæг сты. уæддæр сæ ныфс нæ асаст, баххæст 200 адæймагæй æмæ 11-æм кавалерион полкимæ баиу уæвгæйæ, æгъатыр тох кодтой урсгвардионты баззайæццæгтимæ. Æгъатыр тохтыл рацæуыны фæстæ æмæ Хвостиковы бандитон къордты ссæрибар кæнгæйæ, бригадæ æрæздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта Хуссар Ирыстонмæ балцмæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ ацы æбуалгъ трагедийы аххосджын кæй уыд «æнувыд ленинон» Серго Орджоникидзе дæр, кæцы зыдта бригадæйы гадзрахатæйрацæуджытæ кæй ис, уый, фæлæ йæхи ницы зонæг скодта. Уый тыххæй йын карзæй бауайдзæф кодта Дзадтиаты Александр съездтæй сæ иуы рæстæджы. Бирæ дæсгай азты дæргъы систематиконæй рæстдзинад нæ дзырдтой хуссарирыстойнаг 2-æм бригадæйы тыххæй. Уымæй дарддæр ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы архивтæ сыгъд æрцыдысты, уымæ гæсгæ æппæт хайадисджыты нæмттæ никуы базондзыстæм номгай. Фæлæ бæрæг у иу хъуыддаг, хуссарирыстойнаг 2-æм бригадæ сæ цæгаттаг æфсымæртимæ кадимæ сæххæст кодтой сæ хæс сæ фæстагæтты раз. Хæстонты номыл цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Бургъустаны станицæйы.

Дывæр трагикон уый у æмæ 1920 азы июны бавзаргæ геноциды фæстæ, уыцы аз сентябры мæйы Хуссар Ирыстон кæй фесæфта йæ хуыздæр фырттæй тынг бирæ, кæцытæ хъуамæ æндидзын кодтаиккой ныппырхгонд æмæ сыгъд Хуссар Ирыстоны, фæлæ сын хъысмæт равзæрста æндæр фæндаг…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.