НОМДЗЫД ИРОН СНАЙПЕР

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Ирыстоны хъайтар фырттæ диссагæн баззадысты сæ хъæбатырдзинадæй. Уыдонæй иу уыд Дойаты Дауыт. Уый райгуырд 1912 азы Джызæлы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Æнæххæст астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ куыста колхозы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы Джызæлы хъæуы цæрæг Дойаты Тебойы æртæ фырты – Аврам, Эльбрус æмæ Харитонмæ æрсидтысты архайæг æфсадмæ æмæ æртæ дæр фæмард сты фронты. Йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ Дауытмæ не ‘рсидтысты фронтмæ: хæххон цæугæдоны чи дæлдон кодта, уыцы сывæллоны ирвæзын кæнгæйæ, райста серьезон травмæтæ, сарæзтой ын серьезон операци, кæцыйы фæстæ æххæстæй не сдзæбæх. Уымæ нæ кæсгæйæ, Дауыт рæзт уæндон, цæрдæг æмæ фæндвидар лæппуйæ, скъолайы ахуыр кодта хорз, цæсгомджынæй куыста колхозы, æхсынæй ерысты бирæ хæттыты бацахста фыццаг бынæттæ, уыдис ын «Ворошиловский стрелок»-ы цыппар риуылдарæн нысаны, кæцы уыд æнæординарон фæзынд.

Дауыты дæргъвæтин рæстæджы дæргъы нæ кодтой фронтмæ операцийы фæстиуджытæм гæсгæ, фæлæ уæддæр уый йæхион акодта æмæ ацыд бархионæй знæгты дæрæн кæнынмæ. Дойайы фырты арвыстой 339-æм æхсæг дивизийы 1133-æм полкмæ, кæцы сæрибар кодта Налцыкк, Пятигорск, Армавир æмæ бирæ æндæр цæрæн пунктты. Краснодары край ссæрибар кæныны фæдыл тохты хайадисты тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы, Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны, Сырх Стъалыйы ордентæй, «За отвагу», «За боевые заслуги»-йы майдантæй. Цыбыр рæстæгмæ фондз хæстон хорзæхы кæй райста, уый дзурæг у йæ хъæбатырдзинады тыххæй, кæцы æвдыста алы тохы дæр. Хæс æнтыстджынæй сæххæст кæнын салдатæй домы æрмæст æхсардзинад нæ, фæлæ теори æмæ практикæ тынг хорз зонын дæр. Æппæт уыцы миниуджытæй хайджын уыд номдзыд ирон снайпер гитлерон тыхæйисджытимæ тохы. Цæгат Кавказы фашистты ныппырх æмæ Кубаны ссæрибар кæныны фæстæ Сырх Æфсады хæйттæ бацахстой Керчы æрдæгсакъадахы плацдарм. 1943 азы 3-æм ноябры 1133-æм Таганрогаг æхсæг полкы снайпер, старшинæ Дойаты Дауыт фыццæгтæй сæ иу ахызт Керчы донкъубалыл æмæ ныхмæлæууæджы тыхджын æхстыты бын десантты сконды рахызт Керчы æдæгсакъадахы. Знæгты фистæгæфсады æмæ танкæты контратакæтæн аккаг ныхкъуырд дæтгæйæ, уый рæстдзæвин снайперон æхстæй ныцъист кодта ныхмæлæууæджы 12 æхсæн позицийы, скуынæг кодта фондз афицеры æмæ 20 салдатæй фылдæр, уыцы нымæцы знæгты æртæ снайперы. Бонæй-бонмæ йæ рæстдзæвин æхстæй кæй амардта, уыцы фашистты нымæц кодта фылдæрæй-фылдæр. Бирæ æхсæвты æмæ бонты цыдысты æнæрынцайгæ тугкалæн тохтæ, фæлæ старшинæ Дойаты Дауыты хæстон æмбæлттæ уæлдай тынгдæр сæ зæрдыл бадардтой 1943 азы 12-æм ноябрь. Уыцы бон ныхмæлæууæг бирæ хæттыты рацыд контратакæты. Æхсæг полк хъæбатырæй лæууыд знаджы размæбырсты ныхмæ. Старшина Дойаты Дауыт йæ хæстон æмбæлттимæ немыцаг бацыд мæлæтдзаг тохы тыхæйисджыты ныхмæ. Æндæр хæттыты-иу Дойайы фырты бахъуыд гитлеронты агурын, æмæ ам та сæхæдæг бырыдысты йæ размæ. Уый тыххæй æххæссыд йæ снайперкæйы нæмгуытæ æвæрын, йæ къухæй фæмардуæвæг знæгты нымæц 226 онг скæнгæйæ. Йæ алы рæстдзæвин æхсты фæстиуæгæн дæр-иу æрхауд знаг. Ирон хæстонæн фæцæф йæ уæхск, фæлæ йын рæстæг нæ уыд йæ бабæттынæн – снайпер дарддæр æхста. Йæ хæстон æмбæлттæй йæ кæцыдæр афарста: Цахæм у дæ нымæц? Старшина йын цыбыр дзуапп радта – 226. Уый ныхъавыд 227 знагмæ, фæлæ йын йæ фехсын нал бантыст. Снайперы цур спырх снаряд… Старшина Дойаты Дауыт фæмард… снайперы амардтой, – дзырдтой ротæ, батальоны, полкы акъоппыты.

Изæры  знаджы контратакæ фæстæмæ аппарын сæ бон куы бацис, уæд 339-æм Таманскаг æхсæг дивизийы полктæ бынмæ æруагътой сæ хæстон тырысатæ. Æхсарджын хæстон Дойаты Дауыты мард буар кадимæ ныгæд æрцыд горæт Керчы, Митридаты хохы Хъырым ссæрибар кæныны тохты чи фæмард, Советон Цæдисы, уыцы   32 хъайтаримæ. Знаджы ныхмæ тохты равдисгæ хъайтардзинады тыххæй Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй Дойаты Дауытæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном йæ амæлæты фæстæ.  Горæт Керчы цæр-джытæ кад кæнынц хъайтарæн. Ирон снайперы цытæн хъайтары ном лæвæрд æрцыд централон уынгтæй сæ иуæн, йæ ном хæссы Керчы 8-æм астæуккаг скъола. Адæм зонынц æмæ кад кæнынц Джызæлæй рацæугæ хъайтары сгуыхтдзинады тыххæй, кад кæнынц ирон адæмы фыртæн, кæцы йæ цард радта сæ райгуырæн зæхх ссæрибар кæныны тыххæй. Йæ номыл уынгтæ ис Дзæуджыхъæу æмæ Джызæлы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ дивизион фронтон газет «На защиту Отечества» арæх кæй фыста ирон хъæбатыр хæстоны сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Ацы аз 1-æм апрелы  дунеон акции «Мысынады дыргъдон»-ы фæлгæтты Цæгат Ирыстоны хъæдзонджыты æмæ Калоты Г. номыл хæстон æфсымæрады активистты хъæппæрисæй сагъд æрцыдысты сырх тулдзы 1900 талайы Джызæлæй рацæугæ хъайтары мысынады тыххæй. Афтæмæй Дойаты Дауыты ном цæрдзæн æнустæм æмæ йын кад кæндзысты Ирыстоны фæлтæртæ.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.