Немыцаг горæт Баден-Бадены историмæ уырыссæгты хайбавæрдæн зын саргъгæнæн у. 225 азы размæ баденаг принцессæ Луизæ смой кодта уырыссаг паддзахы фыртæй  император Александр I-æй. Уæдæй фæстæмæ немыцаг курорты райдыдта «уырыссæгты дуг». Бæрæг куыд у, афтæмæй ардæм æрмæст уазæгуаты нæ цыдысты, фæлæ ма дзы цардысты æмæ сæ уацмыстæ фæлдыстой зынгæ уырыссаг фысджытæ Достоевский æмæ Тургенев, Жуковский æмæ Толстой…

Банысан  кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Германы уырыссæгтыл нымадтой уырыссаг æвзагыл дзурджыты се ‘ппæты дæр, æцæгæй цы нацийы хаттæй сты, уымæ нæ кæсгæйæ. Зæгъæм, нæ зынгæ æмзæххон, дирижер Гергиты Валерийы дæр нымайынц уырыссагыл, æниу, кæй зæгъын æй хъæуы, уый уæрæсейаг у, фæлæ ирон у, кæцыйы руаджы фактон æгъдауæй уæвынад кæны зынгæ концертон зал «Festspielhaus». Æмæ Валери Абысалы фырт иунæг нæу, кæцыты руаджы Баден-Бадены бирæтæ зонынц кавказаг ахæм адæмы уæвынады тыххæй. Джон Ноймайеры гамбургаг балеты уæлдай  зынгæдæр балетон коллективы кафæг у Реуазты Эдвин. Ацы балетон коллектив æрвылаз дæр гастролты вæййы Баден-Бадены. Ацы аз марты мæйы Виторган  клубы бынæттон «филиалы» байгом кæныны церемонийы ралæууыд Цæрыкъаты Феликс. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, футболæй Уæрæсейы æмбырдгонды тренер Черчесты Станиславы ном дæр уым алкæмæн дæр зындгонд у.

Баден-Бадены ма арæх фембæлдтытæ вæййы Германы алы къуымты не ‘мзæххонтæн. Чысыл ирон диаспорæ ныр цалдæр азы дæргъы дохтыр-ортопед, Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы рауагъдон, медицинон зонæдты доктор Сагеты Георгийы инициативæйæ рæстæгæй рæстæгмæ æртымбыл вæййынц. Ацы диаспорæйы сконды ма сты Цæгат Ирыстоны  паддзахадон медицинон академийы рауагъдон, дохтыр-анестезиолог Джиоты Тимур Франкфурт – на  Майнейы университеты клиникæйæ, горæт Лары MediClin клиникæйы медицинон кусæг Еленæ Гевайлер. Уыдонæй уæлдай ма  бизнесмен, адæмон ансамбль «Горец»-ы раздæры солист Кокойты Сослан Гамбургæй, стоматолог Козаты Ритæ æмæ уырыссаг æвзагыл уагъдцæуæг журнал «Баденский вестник»-ы сæйраг редактор Реуазты Дианæ.

Банысанкæнинаг у уый, æмæ Козаты Ритæйы хисæрмагонд стоматологон клиникæ, кæцы ис Баден-Бадены тæккæ центры,  у иууыл хъæуæгдæр куыд горæты, афтæ Баден Вьюртембергы регионы дæр. Ацы клиникæйы æнкъардæуы ирондзинад. Йæ бахизæны къултыл конд сты дзæуджыхъæуккаг нывгæнæг Есенты Æхсары конд нывтæ. Арæх дзы фехъусæн ис ирон ныхас, ацы клиникæмæ бирæ специалисттæ фæцæуы Ирыстонæй сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма  куыд Ритæ, афтæ йæ чызг Заринæ дæр сæрибарæй дзурынц иронау, кæд Заринæ райгуырд æмæ схъомыл Германы, уæддæр. Ритæйæн йæ мой Александер Фляйшхауэр у бындурон немыцаг, фæлæ хорз æмбары  куыд уырыссагау, афтæ иронау дæр.

Козатæ – Фляйшхауэрты уазæгуарзаг бинонты хæдзары алы аз дæр банысан кæнынц Джеоргуыбайы бæрæгбон ирæттимæ. Æгæрыстæмæй Германы цæргæйæ дæр уыдон хъахъхъæнынц ирон фынджы æгъдæуттæ, фæкувынц иронау.

Германы ноябры мæйы цыппурсы бæрæгбонтæм сæхи цæттæ кæнын кæй райдайынц, уымæ гæсгæ Козаты  Фляйшхауэрты хæдзары  Джеоргуыбайы бæрæгбоны æмрæнхъ сæхи фæцæттæ кæнынц ногазон назбæласмæ. Афтæмæй бынтон хицæн ритуалтæ æсиу вæййынц дыууæ бæрæгбоны.

Адæм бахъахъхъæнынц хисæрмагонд идентондзинад, цалынмæ сæ традицитæн фæкад кæнынц, уæдмæ. Æмæ нæ кæдæмфæнды ма ахæсса нæ хъысмæт, мах дард æцæгæлон бæстæйы дæр тырнæм нæ уидæгтæ бахъахъхъæнынмæ  æмæ кæрæдзи ма ферох кæнынмæ.

Æрмæг бацæттæ кодта ГУЫЦМÆЗТЫ Эвелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.