Ныр цалдæр азы дæргъы Франц, Ниццæ æмæ Мæскуыйы уагъд æрцыд хуыздæр хæринагаразджытæ æмæ дегустаторты мастер-къластæ æвдисыны Æппæтадæмон фестиваль «Гастрономон афонтæ».  Ацы проекты фæлгæтты æрæджы горæт Монакойы уыд радон – 2018 азы фестиваль, цыран хайад райстой куыд уæрæсейаг, афтæ æппæт дунейы хуыздæр хæринагаразджытæ дæр.  Фестивалы хайад райста цæгатирыстойнаг хæ-ринаггæнæг Сослан Коков. Уый фестивалы жюрийы уæнгты размæ æрхаста ирон уæливыхтæ цæттæ кæныны традицион амæлттæ.

Дегустаци рацæуыны фæстæ, ирон уæливыхтæ тынг фæцыдысты фестивалы хайад-исджытæ æмæ жюрийы уæнгты зæрдæмæ. Уымæй дарддæр ма уыдон æрдомдтой хæйттæ дыккаг хатт, æмæ бацымыдис кодтой сæ саразыны амæлттæм.

Фестивалы хайадисæг Сослан Коковы хъуыдымæ гæсгæ, ирон уæливыхы хæрзаддзинад у æрмæстдæр æцæг ирон цыхты гъæдæй кæнгæ. Кæд æмæ уый уа нормæтæ бахъахъхъæнгæйæ арæзт, уæд уæливыхты ад дæр уыдзæн, куыд æмбæлы, афтæ. «Фермер Абайты Алан куы фехъуыста, Монакойы гастрономон фестивалы хайад исын фæнд кæнæм, уый, уæд нын йæхи фæрæзтæй ра-хицæн кодта 15 килограммы ирон цыхт. Мах æй фыццаг æрластам Мæскуымæ, уым æй сæрмагонд термопакетты батухгæйæ æрлас-там Монакомæ. Цыхты гъæд уыд тынг хорз»,  -загъта Сослан.

«Гастрономон сезон»-ы фестиваль саразджытæй сæ иу Мæрзойты  Наталья куыд загъта, афтæмæй «ацы аз Ирыстон фестивалы хайад райста æппæты хуыздæр хуызы. Ирон традицион хæринаг хайад кæй райста ахæм уæрæх гуырахстджын фестивалы, æмæ йын кæй уыд æнтыст, уый сæвзæрын кодта æхсызгондзинады æнкъарæнтæ».

Гастрономийы фестивальтæ ногæй уагъд æрцæудзысты традицимæ гæсгæ фидæн аз сæрд æмæ зымæджы Уæрæсе, Франц æмæ Монакойы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.