Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста æмбуар хæстæй дунейы чемпионты.

 

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Æмбуар хæстæй федерацийы президент, РХИ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæг Уарзиаты Алексей, Æмбуар хæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды тренер Кадиты Нариман.

Гаглойты Алан раарфæ кодта спортсментæн æмæ сын бузныг загъта, республикæйы ахæм бæрзонд æмвæзадыл кæй равдыстой.

«Æз тынг сæрыстыр уыдтæн, тохмæ куы кастæн,  куы систой ирон тырыса  æмæ куы райхъуыст Хуссар Ирыстоны гимн. Æхзыгон мын у, Ирыстоны минæвæрттæ Дунейы кубокы кæй равдыстой хорз æнтыстытæ.

Сымах нырма æвзонг, перспективон адæм стут, фидæны уæм бирæ æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ æнхъæлмæ кæсы. Мах та нæ рады араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй нæ фæсивæд рæза æмæ размæ цæуа», – загъта Президент.

Уæлдай арфæйы ныхæстæ паддзахады сæргълæууæг загъта Кадиты Нариманæн ирон спортсментæ цæттæ кæныны тыххæй.

Уарзиаты Алексейы арфæ Президентæн та уыдис, ерыстæм балц сорганизаци кæныны сын кæй баххуыс  кодта, уый фæдыл. Уарзийы фырт бацин кодта, Хуссар Ирыстоны минæвæртты æнтыстытыл:

«Дунеон кубокы финал у ахсджиаг цау. Нæ лæппутæ аккагæй равдыстой сæхи. Тренировкæты рæстæджы сын æз загътон дæ фарсхæцынады ныхæстæ.

Ахæм æнтыст райсынмæ мах не ‘нхъæлмæ кастыстæм, Кубокы финалы æртæ сызгъæрин майданы райсын – уый æцæг уæлахиз у. Дыууæ республикæйæ – Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй мах равзæрстам хуыздæр спортсменты æмæ сарæзтам Ирыстоны æмбырдгонд. Уыдон æвдисдзысты Хуссар Ирыстоны.

Алан Эдуарды фырт, бузныг уын уе ‘ххуысы тыххæй. Лæмбынæг хъусдард ис де ‘рдыгæй нæ республикæйы спорты æндидзынад æмæ рæзтмæ», – банысан кодта уый.

Сæйраг тренер Кадиты Нариман бузныг загъта Президентæн финансон æх-хуысы тыххæй.

«Мæнæн æхсзыгон уыд, Хуссар Ирыстонæй нæм куы æрцыдысты æмæ нын куы загътой, иумæйаг куыст бакæнæм, зæгъгæ. Алан Эдуарды фырт, бузныг дын де ‘ппæтварсон, суанг ма материалон æххуысы тыххæй. Дæ фæрцы махæн нæ бон ссис ахæм цæттæйæ ерыстæм ацæуын», – банысан кодта уый.

Президент Гаглойты Аланы Барамындæй чемпионтæн ратдзысты РХИ-йы паспорттæ.

Æмбуар хæстæй æмæ хибахъахъхъæнынæй Дунейы кубокы финал уагъд цыд 19-æм ноябрæй 21-æм ноябрмæ горæт Минскы. Ерысты хайад истой дунейы 15 бæстæтæй 266 спортсмены, уыдоны нымæцы – Хуссар Ирыстонæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.