Цас фӕнды ма дзурӕм, ма фыссӕм, зӕгъгӕ, цы хъӕуы саразын, цы хъӕуы бакусын мадӕлон ӕвзаг сахуыр кӕнын, йӕ райрӕзт ӕмӕ йӕ размӕцыды тыххӕй, уӕддӕр сӕйраг у, ирон ӕвзагыл дзурын кӕмфӕнды дӕр, ирон ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕмӕ йын кад кӕнын.

15 майы æрвылаз дæр фӕнысан кӕнæм Мадæлон ӕвзаджы бонӕй. Уый сӕраппонд Анахарсисы номыл республикон национ библиотекӕйы ирон хайад бацӕттӕ кодтой ирон ӕвзаджы изӕр «Ирон ӕвзаг – нӕ фарны сӕр, нӕ хӕзнадон», зæгъгæ. Мадзалмӕ фӕхуыдтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕдивӕг Дзеранты Джульеттæ, Ирыстоны Фысджыты цӕдисы æмсӕрдар Хъазиты Мелитон, профессор Битарты Зойӕ, филологон зонӕдты кандидат Дзабиты Зарбег, ХИПУ-ы ирон филологийы кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг Плиты Сергойы, Уанеты Захары номыл зонад-иртасӕн институты директор Гаглойты Роберты, афтӕ ма чиныгкӕсджыты.

Изӕр бацӕуӕн ныхасӕй байгом кодта библиотекӕйы ирон хайады сӕргълӕууӕг Сланты Заирӕ. Уый ӕрдзырдта ирон ӕвзаджы нысаниуæджы тыххӕй, стыр ахуыргӕндтӕ не ‘взаджы тыххӕй цы хъуыдытӕ фыстой, уыдоны тыххӕй. Мадзал адарддӕр кодтой амонджытӕ-бӕстӕзонӕн хайады сӕргълӕууӕг Тъехты Ингӕ ӕмӕ библиографийы хайады кусӕг Джыгкайты Аллӕ. Зӕгъын хъӕуы уый ӕмӕ ирон хайад цы мадзӕлттӕ фӕуадзынц, уым активон хайад кӕй райсынц нӕ горӕты 2-ӕм астӕуккаг скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Тыджыты Заирӕйы хъомылгӕнинӕгтӕ. Ӕмӕ та ныр дӕр ирон ӕвзаджы тыххӕй аив кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ. Бузныг Тыджыты Заирӕйӕн, афтӕ бӕстон кӕй бацӕттӕ кӕны йӕ ахуырдзауты. Ирон ӕвзаджы тыххӕй доклад бакаст ирон хайады кусӕг Хъазиты Гуло. Ӕмдзӕвгӕ ма бакаст ирон хайады кусӕг Харебаты Тинæ. Ирон ӕвзаджы мадзал сӕ арӕхстджын ӕмӕ цымыдисон архайдӕй барӕсугъд кодтой Хуыцъейы хъæуы культурӕйы хӕдзары вокалон къорд «Нартӕ», сӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Хуыгаты Геннадийы сӕргълӕудӕй. Уыдон сӕххӕст кодтой ирон ӕвзагыл рӕсугъд зарджытӕ ӕмӕ барухс кодтой ӕрӕмбырдуӕвджыты зӕрдӕтӕ.

Кӕронбӕттӕны мадзал бацӕттӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бузныджы ныхӕстӕ загътой Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕдивӕг Дзеранты Джульеттæ ӕмӕ Анахарсисы номыл республикон национ библиотекӕйы сӕргълӕууӕг Кокойты Валерия.

Къæбысты Зӕринӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.