Нæ кадджын фыдæлтæ фæл-тæрæй фæлтæрмæ бахъахъхъæдтой не стыр  хæзна – нæ мадæлон æвзаг! Ӕмæ мæ абоны бæрæгбоны фæнды æрсидын, цæмæй йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнæм.

Мæ уарзон Ирыстон! Арфæ дын кæнын ацы цины æмæ ахсджиаг бæрæгбоны – Ирон æвзаджы боны цытæн! Мадæлон æвзаг æрмæст дзурыны фæрæз нæу. Уый у нæ фыццаг ныхас æмæ мады рæвдыд, нæ фыццаг уæлахиз æмæ уарзт. Ирон æвзаг у нæ царды бындур, нæ хъару æмæ сæрыстырдзинад. Уый фæрцы нæ сæр бæрзæндты хæссæм æмæ сæрыстырæй кæсæм фидæнмæ!

Æрвыл аз дӕр 15 майы нæ республикæ бæрæг кæны Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Бæрæгбоны равзæрд баст у ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»-ы рацыдимæ, кæцы рухс федта 1899 азы.   Ацы бæрæгбоны охыл уагъд æрцæуынц зонадон конференцитæ, поэтикон изæртæ, аив дзырды дæснытимæ фембæлдтытæ æмæ бирæ æндæр алыгъуызон мадзæлттæ.

Ацы бæрæгбон у Мадæлон æвзаджы рæсугъд, аив зæлтæм байхъусынæн хорз фадат. Ахæм мадзæлтты руаджы цырындæр кæнынц мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ. Мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын махæн у не стырдæр хæс æмæ мæ фæнды, цæмæй йыл алы ирон дæр дзура, чи дзы пайда кæны, уыдон фылдæрæй фылдæр кæной.

Уадз, кæддæриддæр арфæйаг уæд æмæ цæрæд æнустæм, хъомысджынæй хъомысджындæр кæнæд, уый та у нæхицæй кæнгæ.

Ирон æвзаджы бæрæгбон хъуамæ æцæг бæрæгбон уа алы ирон хæдзарæн, сыхæн, уынгæн, комæн, æппæт дзыллæйæн.

Мæ зынаргъ ирон æвзаг! Мæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй дæ кад уæлдæрæй уæлдæр кæна, дæ фарнæй хайджын уа алы ирон дæр, фæлтæрæй фæлтæрмæ фидардæр кæнай. Ирон æвзаг, цæхæртæ кал! Ды махæн дæ нæ ныфс æмæ дæ стæм сæрыстыр!

Бирæ нын цæр, нæ уарзон, нæ рæсугъд мадæлон ирон æвзаг!

Тъехты Аллæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.