15-æм майы Цхинвалы районы Сатихъар æмæ Арцеуы скъолаты цытджын æгъ-дауæй банысан кодтой Ирон æвзаджы бæрæгбон, – хъусын кæны Цхинвалы районы администрацийы пресс-службæ.

Арцеуы скъолайы мадзал байгом кодта йæ директор Дудайты Мзия. Уый банысан кодта, нæ фыдæлтæ уæззау историон фæндæгтыл цæу-гæйæ, уæддæр кæй бахъахъ-хъæдтой се ‘взаг æмæ абон махмæ кæй æрхæццæ. Зæгъ-гæ, гуырдзы нæ ныхмæ цы хæст райдыдта, уымæн дæр йæ сæйраг аххосаг уыд, не ‘взаг нын скуынæг кæнынмæ кæй хъавыдысты, уый.

«Мах нæ басастыстæм, кæд ныл туджы зæйтæ рацыд, уæддæр. Ныр нын ис фа-дæттæ, цæмæй не ‘взагыл ахуыр кæнæм æмæ йæ рæзын кæнæм», – загъта Дудайты чызг.

Ныхасы ма рацыдысты Арцеуы скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Лалыты Дианæ æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыр-гæнæг Туаты Маринæ.  Уыдон дæр дзырдтой нæ царды мадæлон æвзаджы нысаниуæгыл.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæ бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой цымыдисон мадзал. Болататы Руслан æмæ Хуыбылты Сергей Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндырæй» бакастысты цалдæр æмдзæвгæйы. Афтæ ма ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой зарджытæ, викторинæтæ, сценкæтæ.

Сатихъары астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Зинæ æмæ Чысиаты Иринæ дæр бацæттæ кодтой цымыдисон мадзал.

Райсомæй, скъолайæ цы ирон музыкæйы зæлтæ хъуы-стысты, уыдон æхцондзинад хастой хъæубæсты цæрджытæн дæр. Ахуыргæнинæгтæ сæхи къухæй сарæзтой плакаттæ, æвзаджы тыххæй цы цитатæтæ бацæттæ кодтой, уыдон бакодтой скъолайы къулыл. Хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ цытджын мадзалмæ фæхуыдтой ныййарджыты, хъæубæсты иннæ цæрджыты. Ирон æвзагæн нæ царды цæмæй аккаг бынат уа, уый тыххæй йæ раныхасы æрсидт ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Иринæ. Скъоладзаутæ кастысты æмдзæвгæтæ, сæх-хæст кодтой ирон кæфтытæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.