Фæстаг рæстæджы социалон хызæгты тыгъдады ахæлиу информаци нæ республикæйы цы ног кондад рæзы «Ир-Базальт», зæгъгæ, уый зианхæссæг кæй уыдзæнис адæмы æнæниздзинадæн, уый тыххæй.

Уый фæдыл Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария «Спутник»-ы пресс-центрмæ фæхуыдта «Ир-Базальт»-ы генералон директор Джиоты Романы.

Уый йемæ æрбахаста кондады пецы модель æмæ кондад бæрзондтехнологитæм гæсгæ цы базальтон таг уадздзæн, уый хуызæг.

«Базальтон таг у хъармдзинады уникалон изоляцигæнæн æрмæг. Базальтон тагæй уæрæхæй пайда кæнынц хæдзæрттæ хъарм кæнынæн, суанг наутæ аразыны онг дæр. Куыстуат йæхæдæг æмæ дзы мидæгæй куыстуаты чи кусой, уыдонæн у æдас. Экономикон æгъдауæй та перспективон. Уымæн æмæ геологтæ куыд амонынц, афтæмæй Хуссар Ирыстон хъæздыг у базальтæй. Мах ныфс ис кондад размæ кæй ацæудзæнис. Суткæйы мидæг пец дон кæндзæнис 600 килограммы базальтон дур. Технологимæ гæсгæ базальтæй райсæн ис 97 проценты таг. Иннæ 3 проценты дуры умæлад, кæцы байсысы кондадон процессы рæстæджы тæвд пецы. Цыдæриддæр базальты зианхæссæг буарадтæ ис, уыдон баззайынц йæхи мидæг æмæ кондады кусджытæн уыдзæн æдас. Экологийæн дæр нæ уыдзæн зианхæссæг», – дзырдта Джиоты Роман.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй райдиан этапы завод уадздзæн æртæ хуыз продукци: таг, арматурæ æмæ базальтон шнур.

Амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй базальты цы минералон буарадтæ ис – магни, кальций, калий, кремний, титан, натрий, амоний, марганец, уыдон судзгæ нæ кæнынц. Йемæ цы базальтон таг æрбахаста, ууыл фæтæгены арт бандзæрста æмæ йæ сыгъта, цæмæй хуыздæр бамбарын кодтаид журналисттæн фидæны кондад æппындæр кæй ницы зиан хæсдзæн экологийæн.

Базальтон кондады генералон директор радзырдта, Инвестицион агентад 2012 азы хорзыл кæй банымадта «Альфа-Надежда»-йы бындурæвæрæг, Уæрæсейы зонад-иртасæн институты проект, кæцы у базальтон продукцийы патент æмæ технологийы хицау. Уый базальтон продукцийæ ифтонг кæны уæрæсейаг базары. «ООО «Альфа-Надежда» йæ проект куы бавдыста Инвестиицон агентадмæ, кæцы æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны реалон секторæн, уæд хицæн æрцыд 200 милуан сомы. Кондад саразыны тыххæй «Альфа-Надежда»-йы сæргълæууæг сарæзта Уæрæсейы Федерацийы коммерцион структурæтимæ авд бадзырды, кæцытæ цæттæ сты Хуссар Ирыстоны «Ир-Базальт» цы продукци уадза, уый æлхæнынмæ. Инвестагентад цы æхцайы фæрæзтæ дæтты кредиты хуызы, уыдон хъуамæ бафидæм 10 азы æмгъуыдмæ. Уымæй дарддæр ма паддзахадон бюджетмæ цæудзысты фиддонтæ. Фыццаг этапы кондады уыдзæн 50 куыстæн бынаты», – дзырдта «Ир-Базальт»-ы генералон директор.

Уый ма загъта æрæджы ООО «Альфа-Надежда»-йы специалисттæ Хуссар Ирыстоны кæй уыдысты æмæ сæ иукъуырион иртасæнты рæстæджы кæй сбæлвырд кодтой, нæ зæххы цы базальтон дур ис, уый нымад кæй у сыгъдæг æмæ хорзыл, уымæ гæсгæ, йæ бакусыныаргъ лæудзæн асламдæр.

«Хуссар Ирыстоны кæд бирæ ис ахæи бынæттæ, сæрибарæй базальтон дур кæм амал кæнæм, уæддæр фыццаг этапы базальт æдтейæ кæндзыстæм ласгæ, цалынмæ карьертæ цы бынаты арæзт æрцæуа, уæдмæ», – загъта ма Джиойы фырту.

Журналисттæ цымыдис кодтой, уæддæр цæмæн равзæрстой «Ир-Базальт»-ы кондад саразынæн горæты хуссар фарс Ленингоры сосæвæндагмæ хæстæг. «Ныртæккæ арæзтадыл куыст цæуы проектмæ гæсгæ, æлхæд æрцыд æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæ. Нæ проектон документаци сахуыр кæнынмæ лæвæрд у Санэпидстанцы комитетмæ. Уыдон лæмбынæг сахуыр кæндзысты проект æмæ дзы кæд исты згъуыдтæ феной, уæд нын сæ бацамондзысты. Сæрмагондæй уыцы бынат уымæн æвзæрст æрцыд æмæ сæрæй дæр арæзтады фæзуат равзарын уыд проблемон. Геологты бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, раздæр цы фæзуат равзæрстам, уый не сбæззыд арæзтадæн, зæххыбын дæттæ дзы бирæ кæй уыд, уый аххосæй», – загъта «Ир-Базальт»-ы генаралон директор.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.