Сыхаг Гуырдзыстоны 28 октябры президентон æвзæрстыты æмбæлон хъæ-лæстæ иу кандидат дæр кæй нæ райста, уый фæдыл уагъд æрцæудзæн дыккаг тур. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ республикæйы разамындгæнæг парти «Грузинская мечта» фидар кæй у, уый тыххæй хъуамæ бæрæг æрцæуа, арф экономикон кризис æмæ политикон лидертæй цæрджытæ райгонд кæй не сты, уый. Ацы парти йе ‘ууæнк цы кандидатыл бафтыдта, хæдбар кандидат æмæ Гуырдзыстоны раздæры фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Саломе Зурабишвилийæн йæ сæйраг оппонент у «Единое национальное движение»-йы кандидат, уый дæр раздæры фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, æмæ раздæры президент Михаил Саакашвилийы хæлар Егор Вашадзе.

Саломе Зурабишвили æвзæрстыты фыццаг туры кæй нæ фæуæлахиз уыдаид, уый эксперттæ дæр развæлгъау нысан кодтой, уымæн æмæ цæрджытæ бынтондæр нал æууæндынц разамынадыл, уыдонæн ма сæ бон бауыдзæн бæстæйы экономикон кризисæй ракæнын, ууыл. Зæгъæм, пенсийы кары æмбæстæгтыл дзырд куы цæуа, уæд уыдон ныртæккæ хъуамæ газ æмæ электро-энергийæ пайда кæныныл сæ къух сисой, цæмæй сæ 180 лари цы пенси у, уый сын цæрыны фаг тыхамæлттæй кæна. Уымæй дæр сæ националон валютæ америкæйаг доллармæ абаргæйæ бынмæ хауы.

Иумиагæй сисгæйæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ нал æууæндынц никæцы æвзæрстытыл. Социалон æрфарстыты фæстиуджытæм гæсгæ æмæ æхсæнадон хъуыды раиртасгæйæ бæрæг у иу хъуыддаг, æмæ гуырдзиæгты фылдæр хайы æвзæрстытæ æппындæр нæ цымыдис кæнынц æмæ йыл ницы ныфсытæ бæттынц. Уымæ гæсгæ бирæ æмбæстæгтæ сæ ирд фидæн нæ уынынц никæцы кандидаты фарс балæугæйæ, æмæ уымæ гæсгæ нал æууæндынц сæ иуыл дæр. Уымæн æвдисæн сты, аивгъуыйгæ азтæ, президенттæм кандидаттæ æмæ архайæг президенттæ  цы стыр ныфсытæ æвæрдтой æмæ хъусын-гæнинæгтæ арæзтой, уыдонæй Гуырдзыстоны бæстæ нæдæр размæ рацыд, нæдæр дидинæг рафтыдта.

«Сыхаг Гуырдзыстоны æвзæрстытæ сты гуырдзиаг паддзахады мидæггагон хъуыддæгтæ æмæ сын Хуссар Ирыстонмæ æппындæр ницы ахаст ис. Фæлæ лæмбынæг хъус дарæм Гуырдзыстоны æвзæрстыты компанимæ, уымæн æмæ уым цы политикон процесстæ цæуы, уыдоныл комкоммæдæр баст у нæ паддзахады æдасдзинад», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, информацион фæрæзты минæвæрттимæ сыхаг бæстæйы уагъдцæуæг æвзæрстытыл дзургæйæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ницæмæ æнхъæлмæ кæсæн ис Хуссар Ирыстоны пайдайæн гуырдзиаг политикæйы цахæмдæр ивындзинæдтæм,  Гуырдзыстоны æвзæрстытæн цыфæнды фæстиуæг ма уа, уæддæр. Уымæн æмæ президентты ивгæйæ гуырдзиаг æддагон политикæйы сæйраг моменттæ, хъыгагæн, баззайынц æнæивгæйæ.

«Æвзæрстыты агъоммæ дебатты рæстæджы бирæнымæц кандидаттæ ирдæй равдыстой, Гуырдзыстон кæй тыхджын кæны Уæрæсейы æмæ Ирыстоны ныхмæ пропагандæ. «Уæрæсейаг оккупацийы» темæ у, иууыл арæхдæр æвзарджытæ æмæ кандидаттæ кæмæй пайда кæнынц, ахæм. Уымæ гæсгæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны ахаст фæивыныл дзырд дæр нæй, уый у цæстмæ ми.

2008 азы састы бынаты кæй баззадысты, уый фæдыл реванш райсынмæ Тбилисы бæллиц нæма банымæг ис. Æвзæрстытæн цыфæнды фæстиуæг ма уа, уæддæр Гуырдзыстоны æддагон политикæ нæ фæивдзæн, уымæн æмæ сæ ныгуылæйнаг «хæлæртты» контролы бын сты æмæ баззайдзысты уыдон интересты фæлгæтты»,- банысан кодта æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг.

Парти «Грузинская мечта»-йы ныхмæлæуджытæн дæр уавæр рараст кæнын нæ бантысдзæн, уымæн æмæ уымæн бирæ фæрæзтæ хъæуы æмæ йын уыцы авналæнтæ нæй. Уыцы фадæттæ æвдыст цыдысты Михаил Саакашвилийы рæстæджы æмæ сæм диссаджы цæмæдæрты æнхъæлмæ кæсыны бæсты дарддæр кæны экономикон депресси. Уымæйдæр, Тбилисы къухдариуæгадмæ чифæнды ма ‘рцæуа, уæддæр нæ банымайдзысты нæдæр Хуссар Ирыстон æмæ нæдæр Абхазы паддзахадон хæдбардзинад.

Экспертты хъуыдымæ гæсгæ Гуырдзыстоны, сыхаг Сомихстонмæ абаргæйæ фидæны ницахæм «хъæдабæ революци» уыдзæн, ныртæккæ дзы нæй политикон раздзог дæр, кæцы байхъусдзæн адæмы хъуыдымæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.