Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады уынаффæмæ гæгæ Соудоры рагъы æнæном хохæн лæвæрд æрцыд легендарон развæдсгарæг, Уæрæсейы хъайтар Алексей Ботяны ном. «Географион объектты нæмтты тыххæй» федералон закъонмæ гæсгæ æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты фæндоны бындурыл советон развæдсгарæг, Дыккаг дунеон хæсты хайадисæг, Уæрæсейы Федерацийы хъайтар, булкъон Алексей Ботяны ном сæнусон кæныны тыххæй æнæном хохæн лæвæрд æрцыд  «Алексей  Ботян»-ы ном, кæцы ис Ирафы районы территорийыл Соудоры рагъыл.

Алексей Ботян Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты стыр хайбавæрд бахаста гитлеронты куынæг кæнынмæ æмæ бирæнымæц сабыр цæрджыты аирвæзын кæнынмæ. 1945 азы январы мæйы нацисттæй польшæйаг Краковайы скуынæг кæнынæй аирвæзын кæныны операцийы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй 2007 азы майы мæйы Ботянæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном. Ботян ссис Юлиан Семеновы чиныг «Майор Вихрь»-ы æмæ иуномон фильмы сæйраг хъайтарты фæлгæндзтæй иу. Фæсхæсты азты Алексей Ботян куыста æнæлегалон развæдсгарæгæй фæсарæнты, æмæ уый фæстæ та, Райгуырæн бæстæмæ æрбаздæхгæйæ, æххуыс кодта Советон Цæдисы Æдасдзинады паддзахадон комитеты æддагон развæдсгæрсты спецназ «Вымпел» саразынæн.

2022 азы Уæрæсейы Федерацийы æддагон развæдсгæрсты службæ банысан кæндзæн Уæрæсейы хъайтар Алексей Ботяны 105-азы юбилей. Цытджын мадзæлтты фæлгæтты организаци æрцæудзæн хохмæ альпинистты сцыд, – фехъусын кодта РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Тауттиаты Александр.

Алексей Ботян хорзæхджын уыд Сырх Тырысайы дыууæ орденæй, Фæллойы Сырх Тырысайы æмæ Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæнты ордентæй æмæ æндæр хорзæхтæй. Уый ма у Андрей Первозванныйы дунеон преми «Вера и Верность»-ы дунеон премийы лауреат Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронты хъайтардзинады æмæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.