Æрæджы Пресс-конференцийы рæстæджы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр куыд фехъусын кодта, афтæмæй  Хуссар Ирыстоны Парламент профессионалон бындурмæ кæй рахызт, уый у иунæг раст уынаффæ. Депутаттæ сæ сæйраг куыстæй дарддæр æндæр архайд ма хъуамæ кæной –  ахуыргæнæджы куыст æмæ сфæлдыстадон архайдæй дарддæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Парламент профессионалон бындурмæ кæй рахызт, уымæн ис бæрæг æвæрццаг фæстиуджытæ. Дæнцæгæн æрхаста уый, æмæ депутаттæ æдзух кæй сты Парламенты бæстыхайы æмæ  æвзарджытæн ис уырдæм æрбацæуыны фадат.

«Иумиагæй сисгæйæ, мах цы фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæсæм, уыдон æнæмæнгдæр рабæрæг уыдзысты фæстæдæр. Уымæ гæсгæ профессионалон бындурмæ рахызт у иунæг раст уынаффæ», – банысан кодта Парламенты спикер.

Гасситы Петр куыд зæгъы, уымæ гæсгæ закъондæттынадон органæн ацы хъуыддаг йæ къухты æнцонтæй нæ бафтыд. Уымæн æмæ йæ рæстæджы æмбæлон конституцион закъон райсыны фæстæ бæстæйы уæды сæргълæууæг Тыбылты Леонид, хъыгагæн, йæ къух нæ бафыста, кæд уый закъон халыны цау уыд, уæддæр. Уый фæстæ Бибылты Анатоли бæстæйы сæргълæууæгæй æвзæрст куы ‘рцыд, уæд уый бафыста уыцы закъоныл йæ къух æмæ ацы аз 1 январæй Парламент рахызт профессионалон бындурыл кусынмæ.

Республикæйы сæйраг закъон – Конституцийыл дзургæйæ, Гасситы Петр банысан кодта, кæй хъæуы райсын ног Конституци. Архайæг закъон ист æрцыд 2001 азы, уæдæй нырмæ йæм хаст æрцыд бирæ барастгæнинæгтæ. Ног редакцийæ йæ райсын кæй хъæуы, уый та у æнæмæнг хъуыддаг.

Ног Конституци райсыны фарсты фæдыл арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Уым сты алы æмвæзады специалисттæ, УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Президенты Адми-нистрацийы юристтæ.

«Адæмы хъысмæтыл хъуамæ æндавой ахæмтæ, кæцытæ цардысты æмæ цæрынц Хуссар Ирыстоны, немæ рацыдысты царды фыдæвзарæнтыл æмæ хæстон уæззау фæндæгтыл цæугæйæ. Ацы хъуыддаджы æз дæн ахæм позицийыл хæст», – банысан кодта Парламенты спикер æдзухæй республикæйы территорийыл цæрыны цензы фарсты фæдыл дзургæйæ.

Ацы закъон не ‘ндавы, бынаты чи цæры, уыдоныл. Уымæй дарддæр Парламентмæ цæуыны фæдыл алы кандидат дæр хъуамæ бавдиса психикон, физикон æнæниздзинады тыххæй бæлвырдгæнæн. Наркотикон буарадтæ æмæ нозтмæ æмхиц кæй нæу, ахæм тесттæ саразын дæр æй бахъæудзæн цæмæй адæм ныфсджын уой, бæрæг кандидат кæй у æппæтæй дæр æххæст.

Парламенты Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон – Аланийы Парламентимæ æмгуыстад æмæ æмархайды фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын  ахъаз уыдзæн Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны интерестæ раразмæ кæнынæн.

«Цæгатирыстойнаг коллегæтимæ документыл къухтæ æрфыссыны фарст нырма скъуыддзаг нæу обьективон аххосæгтæм гæсгæ, кæцытæ баст сты сразыдзинад барадон æгъдауæй саразынимæ», –  дзырдта спикер.

Уыцы сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæстæ хуссарирыстойнаг депутатты иу хай æдзух кусдзысты Цæгат Ирыстоны Парламенты æмæ РЦИ-Аланийы Парламенты минæвæрттæ та – махмæ, Цхинвалы. Парламенты Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, уым Хуссар Ирыстонæн иттæг хорз фадат у Уæрæсейы территорийыл йæ интерестæ размæ кæнынæн.

Уымæй дарддæр ныхасгæнæг банысан кодта, Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ æмгуыстады бæрзонд æмвæзад. УФ-йы Федерацийы Советимæ планмæ хаст ис къорд мадзалы ауадзын. Регулярон æгъдауæй уырдæм æрвыст цæуынц хуссарирыстойнаг закъæтты проекттæ экспертизæмæ. Æмæ уæрæсейаг закъондæтджыты ‘рдыгæй оперативон æгъдауæй цæуы цыфæнды æххуыс дæр.

Фæстаг рæстæджы арæх дзырд цæуы бы-нæттон хæдразамынды фæдыл закъон райсыныл. Гасситы Петр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыцы закъон ис, фæлæ кусгæ нæ кæны, уымæн æмæ йæ тыхы бацæуынæн хъæуы бæрæг финансон фæрæзтæ. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, фарст хъуамæ скъуыддзаг цæуа.

«Финансон хъуыддаджы Республикæ кæд цæттæ нæу, уæддæр идеологон æгъдауæй мах стæм ацы закъоны æвварс. Уымæн æмæ кæд адæмыл æууæндæм Президент æмæ депутаттæ равзарыны охыл, уæд ыл цæмæннæ хъуамæ баууæндæм бынæттон администрацийы сæргълæууæг равзарыны хъуыддаджы дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уыцы закъон æввахс рæстæджы йæ тыхы бацæудзæн», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Уый праймеризы бафæлвæрд Къуайсайы банымадта æнтыстджыныл. Уым цæрджытæ сæхæдæг равзæрстой горæты сæргълæууæджы æмæ ныр сæхæдæг уыдзысты бæрнджын сæ уынаффæйы фæдыл дæр. Уымæ гæсгæ ацы практикæйæ дарддæр пайда цæудзæн æндæр районты дæр.

Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ æввахс рæстæджы æркæсдзысты наркотикон буарадтæй пайда æмæ сæ парахат кæныны фæдыл закъонмæ барасткæнинæгтæ бахæссыны фарстмæ. Æртæ азы размæ Парламент райста закъон, кæцы нæ лæвæрдта хосгæнæн препарат «лирика» æмæ уый æнгæс препараттæ ласын, реализаци æмæ пайда кæныны бар. Закъонæн æддейæ аззадысты «снюс», «насвай» æмæ æндæр ахæмтæ. Закъонхалджытæ та ирвæзынц, æрмæст 20 мин сом фæивар кæнынæй. Æмæ мидхъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй уыцы æфхæрд нæ сæтты, чи сæ хæссы республикæмæ, уыдоны. Уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы закъонмæ хаст æрцæудзæн барасткæнинæгтæ, æмæ наркотикон буарадтæ парахатгæнджытæ хæсдзысты уголовон бæрндзинад, сæ фæндаг та уыдзæн ахæстонмæ.

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, ацы препараттæ хæссынц стыр зиан адæймаджы æнæниздзинадæн, уæлдайдæр, æвзонг фæсивæдæн. Сæ парахатгæнджыты та банымадта адæмы знæгтыл æмæ, зæгъгæ, уыдон æфхæрын хъæуы, куыд адæмы знæгтæ, афтæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма журналисттæ дзырдтой, Бибылты Анатоли республикæйы сæргъ куы слæууыд, ууыл иу аз кæй сæххæст, уый фæдыл. Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, кæд бæстæйы сæргълæууæджы азы æнтыстытыл дзурын уымæн бынтон раст нæу, уæддæр æнæзæгъгæ нæй æрлæудæй уæлдæр къухдариуæгады æхсæн æххæстæй урæд æрцыд коррупци, кæд ын адæм нырма æмбæлон аргъ не скодтой, уæддæр. Бюджетмæ хисæрмагонд фæрæзтæ æрбацыд иу миллиард сомы бæрц.

Парламенты Сæрдар æрхаста цæвиттонтæ: компани «Мегафон» фыццаг хатт бюджетмæ æрбахаста 30 милуан сомы, Республикæйы территорийыл аккредитацигонд банктæ иу афæдзы дæргъы кæд 10 милуан сомы хастой, уæд ныр та – 110.

Бæстæйы сæргълæууæджы æндæр æнтыс-тытæй ма спикер банымадта къухдариуæгады алы къабæзты æмархайд, зæгъгæ, уыцы ныхмæлæудтытæн нал ис бынат. Министртæн нæ уыд Парламентмæ цæуын æмæ депутаты домæнтæн дзуапп кæныны бар. Фæлæ ныр та министртæн æмæ æндæр къухдариуæггæнджытæн бахæс æрцыд, цæмæй хъыгъдтæ аразой сæ бакæнгæ куысты фæдыл Парламенты раз.

Уымæй дарддæр ма бæстæйы сæргълæууæгæн ис ахæм девиз – давд фæрæзтæ æрбахæсс – æмæ фæрнæй улæф. Паддзахадон исад паплойгæнджытæ та бюджетмæ фæстæмæ хъуамæ æрбахæссой давд фæрæзтæ. 20 азы паддзахадон фæрæзты æнæгъдау паплой иу азмæ кæм рараст уыдзæн, æмæ республикæйы цард дæр аргъауы хуызæн нæ фестдзæн.

«Æндидзынады тыххæй цы фæрæзтæ цыд республикæмæ, уыдон нал сты æмæ сæ ничиуал дæр дæтты. Уыцы фæрæзтæй уыд саразæн нæ горæты хуызæн сыгъдæг быдыры. Фæлæ махмæ хæсты æфхæрд баййафæг хæдзæртты агъуыстытæ дæр не ‘рцыдысты ивд», – загъта Парламенты Сæрдар.

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, Бибылты Анатоли цы райрæзты программæ хъавы реализаци кæнынмæ, уый иууыл фылдæр дыууæ, æртæ азмæ ахæм фæстиуæг ратдзæн, кæцымæ æппындæр ничи æнхъæлмæ каст.

Æрæджы интернеты хызæджы рапарахат раздæры Президент Кокойты Эдуарды интервью, цыран уый комкоммæ фехъусын кодта, зæгъгæ, Тъатъунашвилийы хъуыддаг у Уæрæсейы ныхмæ диверси, кæцы сплан кодтой Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнджытæ.

Ацы хъусынгæнинаджы фæдыл Парламенты спикер банысан кодта, зæгъгæ, уый фæа-хъаз гуырдзиаг фарсæн, æмæ дзы уыдон стыр зæрдæрайæ спайда кодтой.

Уыцы хъусынгæнинаджы фæстæ ма раздæры Президент зылынджын кæны Гасситы Петры, ома, уый гуырдзиæгтæн куыста, æмгуыст кодта Соросы фондимæ.

«Уый фæдыл мæ фæнды чысыл хъусын-гæнинаг саразын- Соросы фонды нæ куыстон, фæлæ уыдтæн йæ сæрдар. Ацы фонды операци уагъд цыд Паддзахадон æдасдзинады комитеты, сæрмагондæй та йæ сæрдары фыццаг хæдивæджы разамынады бын.

Ацы фонд кæмдæриддæр куыста, уыд ын иу нысан – «фæндзæм колоннæ» саразын, кæцы æнхъæлмæ кæсы, цæмæй рæстæг куы æрцæуа, уæд рацæуа уынгмæ æмæ паддзахадон фæфæлдæхт сараза. Уæд Паддзахадон комитетæй уыд ахæм хæс, цæмæй ацы нысан æххæст ма æрцыдаид. Æмæ рацыд афтæ – уыцы фæндзæм колоннæ саразыны фæдыл фæрæзтæ, хæдбар журналистты къордтæ, тымбыл фынгтæ, гуырдзиаг фæсивæдимæ фембæлдтыты æппæт фæрæзтæ хардз æрцыдысты Хуссар Ирыстоны сывæллæтты цæхæрадæттыл, рынчындæттыл æмæ æндæр социалон мадзæлттыл. Æмæ Соросы фонды операци бынтондæр хæлд æрцыд ам.

Гасситы Петр ма фехъусын кодта, кæд уыцы рæстæджы уый Гуырдзыстоны ‘рдæм здæхт уыд, уæд, 2004, азы ацы фонд нæ территорийыл активон куыст куы кодта, уыцы рæстæджы йæ Кокойты Эдуард йæ Барамындæй Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæгæй цæмæн снысан кодта, уымæйдæр æнæхицауадон организацитæ æмæ фæсарæйнаг мисситы хъуыддæгты фæдыл.

Парламенты Сæрдар ма радзырдта, Гуырдзыстоны уæды рæстæджы æнæхицауадон организацийы активисткæтæй иу Ирина Цицнадзе йæм бахатыд, зæгъгæ, демæ фæнды серьезон адæмы аныхас кæнын. Уый уыд Иракъли Окруашвили, 980 мин доллары фидгæйæ уый бахатыд, цæмæй фараст æвзонг авторитетон адæймаджы равзæрстаид, кæцытæ уыдаиккой Гуырдзыстоны департаменты сæргълæуджытæ. Уыдон нымæцы йæхицæн дæр лæвæрдтой мидхъуыддæгты министрады департаменты сæргълæууæджы хæдивæджы бынат. Уыцы хъуыддæгтæ арæзт цыдысты уымæн, цæмæй æрцыдаид хуымæ-тæг интеграци æмæ мах суыдаиккам Гуырдзыстоны иу хай. Æппæт уыцы хабæрттимæ зонгæ уыд Кокойты Эдуард. Уый нæ, фæлæ ма уый фæдыл дзырдта уæрæсейаг каналтæй сæ иуы, зæгъгæ, гуырдзиаг спецслужбæтæ архайынц нæ фæсивæды сæхирдæм раздахыныл.

Парламенты спикеры ныхæстæм гæсгæ, ацы информаци раргом кодта фыццаг хатт, æрмæст ма йæ цымыдис кæны уый, æмæ кæд Соросы фонды агент Парламенты Сæрдар ссис, уæд æй цæмæннæ исчи бафиппайдта.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма информацион фæрæзты цымыдис кодтой ирон æвзаджы рæзт, Парламентæн йæ рагон ном «Ныхас» раздахын æмæ æндæр актуалон æрвылбонон фарстатæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.