Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» æмæ хæсты фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд сæ къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл.

Сразыдзинадмæ  гæсгæ парти «Иугонд Ирыстон» алыварсон æххуыс кæндзæнис фондæн. Бадзырдыл сæ къухтæ æрфыстой парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан æмæ хæсты фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ.

«Хæсты инвалидтæ æнæ хъусдард никуы уыдзысты. Уыдонæн æппынæдзух хъæуы алыварсон æххуыс. Уыдон мах сæрвæлтау нывондæн æрхастой се ‘нæиздзинад. Сæ туджы æртæхтæй балхæдтой Ирыстоны хæдбардзинад. Мах хъуамæ æппæт дæр саразæм, цæмæй уыдон сæхи не ‘хсæн хатой æппæтфарсонæй дæр æдыхстæй. Зонæм, уæ фонды цы инвалид лæппутæ ис, уыдоныл абон ист цæуы кинонывтæ, бирæты хæстон сгуыхтдзинæдтыл фæфыссынц газетты фæрстыл. Мах уыдонæй алкæмæй дæр вæййæм сæрыстыр, куы фехъусæм цахæм зынвадатты хъахъхъæдтой сæ бинонты, сæ хъæутæ æмæ Ирыстоны æрбацæуæнтæ знагæй, уæд», – загъта Тадтаты Алан.

Плиты Мадинæ дæр загъта, зæгъгæ, кæд республикæйæн йæ фадæттæ бирæ не сты, уæддæр Хицауады æххуыс æнкъары фонд. «Гæнæн уæвгæйæ, рынчынтæ æрвыст æрцæуынц хоскæнынмæ, Инвалидтæ та афæдз цалдæр хатты райсынц хæлцадон æххуыс. Æнæниздзинад хъахъхъæ-ныны æмæ социалон рæзты министрады æххуысæй афæдз иу хатт райсынц иурæстæгон æххуыс дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый инвалидæн цъус у, фæлæ мах æмбарæм республикæйы экономикон уавæр», – зæгъы фонды сæргълæууæг.

Партийы разамонæг Тадтаты Алан кæронбæттæны бахахх кодта «Иугонд Ирыстон» дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæнис фæцæфуæвæг лæппутæн сфидаргонд сразыдзинады бындурыл.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.