Газет “Хурзæрин”-æн йæ уæвынады 100 азы дæргъы дæсгай мин хæлæрттæ уыд, кæцытæ-иу æй æрвылаз дæр рафыстой æмæ ныр дæр рафыссынц. Уыцы æнувыд газеткæсджытæй сæ иу у Тъбеты хъæуы цæрæг Гаглойты Альберт.

“Кæсын-фыссын куы базыдтон, уæдæй фæстæмæ никуы фæхицæн дæн ирон газетæй. Ныр мыл азтæ сæ уæз æруагътой, фæлæ ма скъоладзау куы уыдтæн, уæд дæр мæ уроктæ нæ сахуыр кодтаин, цалынмæ ирон газеты ног хабæрттæ нæ бакастаин, уæдмæ. Раст уæдæй фæстæмæ фæадджын ис мæ зæрдæйæн æмæ абон дæр афтæ дæн, газет куынæ бакæсон, уæд мæ бон нæу, мæхимид стыхсын. Ныртæккæ хабæрттæн бакæсæн вæййы телевизоры, стæй интернеты дæр. Фæлæ сæ нæ газеты куы бакæсын, уæд мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр бахъарынц.

100 азы сæххæст «Хурзæрин»-ыл. Уыдон цъус азтæ не сты. Уал азы дæргъы лæггадгæнæг у Ирыстонæн, нæ адæмæн. Сывæллон йæ мадмæ куыд фенхъæлмæ кæсы, афтæ йæм фенхъæлмæ кæсын æз дæр. Постхæссæг куы нæ æмæ нæ фæзыны, уæд дæр стыхсын. Мæ къухмæ йæ куы райсын, уæд мыл, цыма, стыр хæрзиуæг æрцæуы, йæ фендæй дæр бахъæлдзæг вæййын. Иу рæнхъ дæр дзы нæ ауадзын æнæ бакæсгæйæ. Алы дзырд дæр мын зынаргъ у, уымæн æмæ уый у иунæг газет, нæ республикæйы æхсæнадонполитикон царды, культурæйы, хъæууон хæдзарады, фосдарды къабазы æмæ зындгонд адæймæгты тыххæй æрмæджытæ нæхи æвзагыл кæм бакæсæм. Газет фыста мæхи царды хабæрттыл, мæ архайды тыххæй дæр æмæ мыл ноджы базыртæ басагъта.”- мидбылхудгæйæ загъта Гаглойты Альберт. Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй йæм хæстон азты уæлдай тынгдæр æнхъæлмæ кастысты. Адæм цыдысты типографы размæ аууæтты, тæхгæ нæмгуыты бын лидзгæйæ, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты газеты рацыдмæ. Адæмы дзул куыд хъуыд, афтæ сæ хъуыд газет дæр. “Хурзæрин”-ы руаджы уыдон зонгæ кодтой, республикæйы кæм цы хабæрттæ цыдис, уыдонимæ. Хъыгагæн, сæм уыцы рæстæджы уæззау хабæрттæй дарддæр ницы хаста, фæлæ сыл хъуыдис фыссын. Уымæн æмæ адæмы хъуы-дысты, хъуамæ сæ зыдтаиккой. Уыдон уыдысты нæ трагикон историйы иу хай. Æмæ иу тыгуыртæ кодтой типографы размæ. Адæм стыр бузныг уыдысты газеты сфæлдыстадон коллективæй, типографы йæ рауадзыныл чи куыста, уыдонæй, алчидæр сæ æвдыста стыр сгуыхтдзинад.

Фæцис хæст. Фæсхæсты азтæ дæр æнцон нæ уыдысты, ныр дæр дуне змæст, знæт у, фæлæ газет ацы цауты иувæрсты дæр нæ ахизы, хæццæ сæ кæны нæ адæммæ æмæ сын у ныфсдæттæг. Бонæй бонмæ рæсугъддæр кæны нæ горæт дæр, рæзынц, хæрзарæзт кæнынц уынгтæ æмæ адæмæн фадат ис, сыгъдæг горæты цæрынæн, рæзынц ног хæдзæрттæ æмæ бирæтæ свæййынц нæ фатерты хицæуттæ. “Æппæт уыдæттыл та фæфыссы нæ газет æмæ мын æхсызгон вæййы. Цард размæ цæуы æмæ адæймаджы ныфсыл ныфс æфтауы.

Ацы аз нæ газетыл 100 азы кæй сæххæст, уый стыр цау у æмæ мæ газеты кусджытæн бафæнддзæн, цæмæй сыл сæ алы бæрæгбон дæр æнæнизæй, æнæмастæй цæуа, газет та нæм хорз, æхсызгондзинады хабæрттæ цы хæсса,” – загъта Гаглойы фырт.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.