Уæлдæр тæрхондоны рахаст фæндæттæ дызæрдыггаг уой, уый гæнæн нæй. Кокойты Эдуарды хъуыддаджы фæдыл Централон æвзарæн къамисы фæндонмæ æркастæуыд Уæлдæр тæрхондоны æмæ фидаргонд æрцыд тæрхондоны рахæсгæ фæндонæй, уый бацыд йæ тыхы тæрхондоны залы æмæ у æнаивгæ. Уæлдæр тæрхондоны фæндæттæ аивын йæ бон нæу æгæрыстæмæй Президентæн дæр», – фехъусын кодта Президенты пресс-нымæрдар.

Гана Яновская ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Президентæн нæй тæрхондæтты куыстмæ ныхилын.

«Уымæй уæлдай ма Тыбылты Леонид фæдфæдылонæй цыд республикæйы тæрхондæтты хæдбардзинады фæндагыл, æмæ ныр та тæрхонгæнджыты снысан кæныны бар дæр лæвæрд у Хуссар Ирыстоны Парламентмæ. Нæдæр куыд æмбæстаг, нæдæр куыд паддзахады уæлдæр бæрны адæймаг, Тыбылты Леонид йæхицæн дæр æмæ искæмæн дæр никуы ратдзæн тæрхонгæнæн ситемæйы хъуыддæгтыл тыхæндæвд кæныны æмæ Хуссар Ирыстоны уавæр фенкъуысын кæныны фæнд сæххæсты бар», – загъта кæронбæттæны Президенты Нымæрдар.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æндæрæбон Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон йæ тыхы кæй ныууагъта ЦÆКъ-ы рахаст фæндон РХИ-йы раздæры президент Кокойты Эдуарды республикæйы президентон æвзæрстытæм ма бауадзыны тыххæй. 200 адæймагмæ хæстæг Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ æрбацыдысты Администрацийы бæстыхайы цурмæ, æмæ домдтой, цæмæй тæрхондоны фæндон ивд æрцæуа.

Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ нысангонд сты 9 апрелмæ. Абоны бон Централон æвзарæн къамисы регистрацигонд æрцыд æртæ кандидаты: Хуссар Ирыстоны ныртæккæйы президент Тыбылты Леонид, Парламенты спикер Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусæг Гаглойты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.