Хистæртæй йæ хъуыстон, зæгъгæ, дам-иу раздæр адæм æвзæрстытæм, куыд бæрæгбонмæ, афтæ æнхъæлмæ кастысты. Æвзæрстытæм-иу адæм æрбацыдысты заргæ æмæ каф-гæ. Ныр та æвзæрстытæ куыд æрцæйæввахс кæнынц, афтæ адæм дæр райдайынц знæт кæ-нын. Афтæ у абон дæр. Стыр хъыгагæн, истори зоны фæлхатт кæнын. Ныр дæр цыма рæстæджы цалх 2011 азмæ разылд. Уыцы азау та ныр дæр нæ республикæйы сæйраг горæт Цхинвалы æхсæнад ис æндыгъд уавæры.

14 марты Сæйраг тæрхондон не сразы Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуарды Президенты бынатмæ кандидатæй срегистраци кæныныл. Уый йæ фарсхæцджыты зæрдæмæ нæ цæуы, æмæ се ‘нæразыдзинад æвдисынц митингтæй. Хуыцау æй равзарæд, чи у раст æмæ чи у зылын, фæлæ алчи дæр хъуамæ ахъуыды кæна нæ хæствæллад Ирыстоны авторитетыл, йæ сомбон æмæ хъысмæтыл. Мах чысылнымæц адæм стæм, æмæ нын рæсугъд нæу ныддихтæ уæвын, не знæгты дæр æндæр ницы хъæуы. Æхсæнады ныддихтæ кæнын нæ хъæуы бауадзын.

Рагон æмбисонды афтæ дзырдæуы: зæронд лæг йæ фыртты æрбадын кодта, фæдзырдта йæ чысыл фырты фыртмæ æмæ фатты хызынæй систа иу фат, лæппумæ йæ радта, æмæ йын афтæ зæгъы: бафæлварма, дæ бон у йæ ацъæл кæнын? Лæппу фат райста æмæ йæ æвиппайды æрбацъæл кодта. Ноджы йæм иугай радта цалдæр фаты, æмæ уыдон дæр ацъæлтæ кодта. Уый фæстæ райста, чысыл лæппу цал фаты ацъæл кодта, уал фаты æмæ сæ иууылдæр иумæ  радта йæ фырттæй сæ иумæ æмæ йын зæгъы, зæгъгæ, сæ ныр та ды ацъæл кæн. Фырт фатты райста, æмæ сыл ранцай-банцай кæны, фæлæ йын ацъæл кæнын нæ комынц. Уæд ын зæронд фыд дзуры, зæгъгæ, ацы фаттау, иумæ куынæ уат, уæд уыл иугæйттæй алчи дæр тых кæндзæн.

Уæдæ мах дæр бирæ не стæм, æмæ афтæ куы ныддихтæ уæм, кæрæдзийы ныхмæ куы суæм, уæд ма не знæгты æндæр цы хъæуы? Мах хъуамæ уæлдæр уæм нæ эмоцитæй, знаджы фæндиаг нæхи ма хъуамæ фæкæнæм. Хъуамæ кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууæм, æмæ кусæм нæ республикæйы размæцыдыл.

Нæ адæм бирæ уæззау фæндæгтыл рацыдысты, бирæ  вазыгджын цаутæй рахызтысты. æмæ мæ уырны, ныр дæр равдисдзысты куырыхондзинад, æмæ закъоны сæрты нæ ахиздзысты, ацы уавæрæй рахиздзысты рæсугъдæй. Ахæм рæстæджы хъæуы зондджындзинад æмæ адæймагдзинад, мæнмæ гæсгæ, афтæ дæр уыдзæн.

Нæ фыдæлтæ зондджын уыдысты, æндыгъд уавæрты-иу равзæрстой куырыхон лæгты, уыдон-иу æрбадтысты æмæ-иу баныхас кæнгæ-йæ аскъуыддзаг кодтой цыфæнды уæззау проблемæйы дæр. Ныр дæр хъæуы нæ фыдæлты куырыхондзинад, æмæ хæрзæгъдау равдисын æмæ уæззау зондæй уавæр æрбæстон кæнын.

Махæн рагæй фæстæмæ дæр нæ тых иудзинады уыд, иудзинады фæрцы бафæрæзтам нæ зындзинæдтæн, иудзинады руаджы тых кодтам нæ фыдызнæгтыл, нæ хæдбардзинад дæр нæ къухы иудзинады  фæрцы бафтыд. Абон дæр уыдзæн афтæ, иумæ, æмзонд æмæ æмвæндæй рахиздзыстæм ацы æндыгъддзинадæй, æмæ нæ цард араздзыстæм сабыр æмæ хъæрмудæй.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.