Фырт йæ фыдæй лæгдæр  кæм нæ кæна,  чызг мадæй – сæрæн-дæр, уыцы бинонтæ амондджын никуы уыдзысты,  сæ мыггаг сæфтмæ цæудзæн. Мæрдты  сыгъзæрин талатæ суадзæд, фыццаг хатт кæй дзыхæй схаудысты ацы дзырдтæ, уыцы хистæр. Раджы дæр æмæ ныр дæр æнхъæлцау сылгоймагæн  кувынц æмæ куывтой, цæмæй йын фыццаджыдæр æнæниз сывæллон райгуыра,  дыккаг та – лæппуйы гуырд цы уа. Уæд мыггаг фылдæр æмæ тыхджындæр кæны. Куыд тынг мæ фæнды æмæ, цæмæй, цы лæп-путæ райгуырынц, уыдон иууылдæр сæрæнгуырдтæ куыд рацæуой, куыд суой хæдзары фидар бындур, Ирыстонæн номдзыд адæймæгтæ. Фæлæ, хъыгагæн, алы хатт афтæ нæ рауайы, не свæййынц хæдзары астæуцæджындз, не свæййынц бындуртæ,  кæд дзы сæ фылдæрæн хорз гæнæнтæ æмæ фадæттæ дæр вæййы, уæддæр. Афтæ куыд зæгъон æмæ иууыл сæ ныййарджыты аххос у. Бирæ хорз ныййарджытæн сæ сывæллæттæ  сæ царды фæндагыл кæцыдæр фæзилæнæй фæиппæрд сты, аззадысты æнæ цæстдардæй, сæхи бар, иунæгæй. Уынг та сывæллон нæ хъомыл кæны æмæ бахауынц  нозты азары, тамако æмæ наркотикты цъыссымы, ныллæууынц бырынцъаг фæндагыл. Се ‘взонджы хуыздæр азтæ сыл ацæуынц  æгъуызæй, бахауынц ахæстæттæм. Сæ сомбон сæм тархъæды хуызæн фæкæсы, æмæ ма сæхимæ фæдæттынц иунæг фарст: цымæ мæ цард цы у а-зæххыл, цæй тыххæй райгуырдтæн? Дзуапп дæр ын иунæг вæййы: мæ мад æмæ мæ фыдæн сæрнизæн.

Рæдигæ чи нæ кæны, ахæм адæймаг кæм ис. Иу рæдыд алкæуыл дæр æрцæуы, куы – йæхи аххосæй, куы та – искæмæ гæсгæ, куы та – цавæрдæр уавæртæм гæсгæ. Уымæн æмæ фæрæдийын æнцон у, йе сраст кæнын та – зын, лæгдзинад æмæ йын рæстæг хъæуы.

Ӕмæ уæдæ абон нæ фæсивæдæн сæ иуæй-иутæ сæ царды фæндагыл кæцы фæзилæнæй фæиппæрд вæййынц? Цæмæн сафынц сæхи дæр æмæ сæ бинонты дæр. Сæ ныййарджытæ рынчынтæй, æвæгæсæгæй куы æрвитой сæ царды зæры бонтæ, уæд сæм чи хъуамæ фæкæса, ууыл цæуылнæ хъуыды кæнынц. Уыдон сæ сæхицæн ныгæнджытæ хонынц, афтæмæй та кæстæртæй бирæтæ сæ разæй сау сыджытмæ бацæуынц. Ӕрмæст фæстаг  дыууæ къуырийы мидæг цалдæр цæрдхъом лæппуйы бабын нæ горæты. Бафæрсын цæмæй фæзиан сты, æмæ алы хатт дæр фехъусын ахæм дзуапп: “Хосæй ахъуызыд”. Цал æмæ ма цал ныййарæг мадмæ хъуамæ  бадзурой, дæ хъæбул фесæфт, зæгъгæ. Цы уыл æрцыд? Уæхи цæуыл сафут?

Абон нæ царды риссагдæр фарстæй сæ иу у наркомани, æмæ тох кæнын хъæуы,  “хос” чи аразы æмæ хъылма чи дымы, уыдонимæ нæ, фæлæ сæ фæсивæдыл чи парахат кæны, уыдонимæ. Фыццаджыдæр, уыдон хъуамæ æййафой карз æфхæрд.  Уымæн æмæ наркоман у рынчын адæймаг, уый кæмфæндыдæр æмæ цафонфæндыдæр “хос” æмæ хъылма  ссары æнцонæй, уымæн æмæ йæ парахатгæнджытæ  хъуыды кæнынц æрмæстдæр сæхи дзыппыл. Бæргæ наркотиктæ чи уæй кæны, уый сæ æрмæст йæхи удæн куы кæнид, уæд уыйас зиан нæ хæссид æхсæнадæн. Бынтон æрæджы дæр ма кæйдæр хæдзарæй цалдæр килограммы хъылма рахастой, æмæ цымæ уый нæ фæсивæды сомбоныл мæт кæны?

Горæтгæрон, доны был мын ис зæхх, цал хатты ныццæуын, æмæ дзы азилын, уал хатты дзы ныййафын шприцтæ æмæ хъылмадымæн аппараттæ, афтæ ма бæгæныйы æвгтæ дæр. Ӕгæрыстæмæй ма дзы халагъуд дæр сарæзтой. Сæхгæнын æй æмæ та дуар рафтауынц. Сыхæгты бафæрсын, чи дзы вæййы æмæ  фæзæгъынц:  хъылма дымынмæ æрбацæуынц, ницы сæ æндавы æмæ сæ рæстæг æрвитынмæ æмбырд кæнынц ардæм. Вæййынц дзы кæстæр кары фæсивæд дæр.  Ау, фадыгон инспектортæн сæ хæс нæу, сæ фадыджы цытæ цæуы, уый зонын. Уырдæм, афтæ ма æндæр рæттæм чи æмбырд кæнынц, уыдон цæуылнæ æййафынц æмбæлон æфхæрд?

Дзырд дардыл у, фæлæ ацы уæззау уавæримæ хъæуы иумæйагæй тох кæнын. Абоны уавæр нын ма хъуамæ уа уæлдайаг æмæ йæ нæ хъæуы сомбонмæ æргъæвын. Ацы проблемæ у нæ  иумæ-йаг национ проблемæ, æмæ йыл хъæуы уæхскуæзæй кусын.

Нæ фæсивæдæй та рæдыд фæндагыл чи ныллæууыд, уыдонмæ та ахæм зонд куы разынид, æмæ сæ удтыл, сæ ныййарджытыл, нæ бæстæйыл  куы  уаид гыццыл сæ мæт, сæ уарзондзинад. Тæссаг фæндаг куынæ æвзариккой сæ царды. Ахæмтыл æндавын хъæуы куыд ныхасæй, афтæ бирæ æндæр мадзæлтты руаджы дæр. Цæмæй бамбарой, кæй сæ хъæуы раст фæндагыл ныллæууын сæхи,  сæ хиуæтты æмæ  æхсæнады хæрзиуæгæн дæр. Сæйраджы сæйраг та сæ фæндаг æрæхгæнын хъæуы, нырттæккæ нæм наркотиктæ чи ласы æмæ сæ чи парахат кæны, уыдонæн. Уый у махæй алкæй хæс дæр.

                                                                                        ÆЛБОРТЫ Агуындæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.