Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæнын æмæ рæзты хъуыддагмæ сæрмагонд хайбавæрд æмæ Петырбурджы Ирыстоны фыццаг минæварадыл 270 азы сæххæсты цытæн РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы Барамындæй «Петырбурджы Ирыстоны фыццаг минæварадыл 270 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй хорзæхджын æрцыдысты Минæварады уынаффæгæнæг-минæвар Джиоты Æхсар, Минæварды информацион политикæйы фæдыл уынаффæгæнæг Уалыты Зарæ, Минæварады консулон фарстыты фæдыл уынаффæгæнæг Денис Долгушев.

Президент хуссарирыстойнаг миссийы дипломатты сæрмагондæй схорзæхджын кодта æмæ сын бузныг загъта Фыдыбæстæйæн службæ кæныны тыххæй.

«Фыццаджы уал мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын Санкт-Петербурджы Ирыстоны фыццаг минæварадыл 270 азы сæххæсты цытæн мадзæлттæ цæттæ кæныны хайд чи райста, æппæт уыдонæн. Фыццаджы уал, бузныг дзурын Гасситы Знауыр Никъалайы фыртæн. Сымах цы аразут, уый у нæ фыццаг минæвæрттæ дыууæ æнусы æмæ æрдæджы размæ цы арæзтой, уый дарддæр кæнын. Сымах сын дарддæр кæнут сæ хъуыддаг, сæ куыст. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, арæзт цæуы Ирыстоны хæрзиуæгæн, уæлдай нæу, Ирыстоны цæгат æви хуссар хай у. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ сæвзæрынц, сымах цахæм ахастимæ æххæст кæнут уæ хæстæ, уый фæдыл. Уый тыххæй уын стыр бузныг», – загъта Бибылты Анатоли æмæ Минæварады кусджытæн йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ æмæ    фæрныгад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.