Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Цæгат-Кавказы хæххон-металлургион институты ректор Юри Дмитракимæ. Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой æмгуыстады дарддæры рæзты æмæ хуссарирыстойнаг абитуриенттæн бынæт-тæ рахицæн кæныны фарстытыл.

Бибылты Анатоли банысан кодта, цæгаткавказаг уæлдæр ахуыргæнæндоны ректоры ви-зит ноджы дæр æвдисæн кæй у Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хайы бæрæг структурæты ‘хсæн æнгом дывæрсыг æмгуыстад кæй ис, уый.

«Афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ хæс у, цæмæй республикæйæн цы специалисттæ сты æнæмæнгхъæуæг, уыдон бацæттæ кæнæм. Студент æрмæст уымæн ма хъуамæ ахуыр кæна, æмæ йæм уæлдæр ахуыр уа, фæлæ цæмæй йæ райгуырæн зæххы хæрзиуæгæн куса. Æмæ ацы фадыджы лæмбынæг куыст бакæнын хъæуы», – загъта Президент.

Йæ рады Юри Дмитрак банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат-Кавказаг хæххон-металлургион университеты ‘хсæн æмгуыстад кæй нымайы ахсджиагдæр здæхтыл.

«Банысан кæнын мæ фæнды, мæ фыццаг официалон визит, куыд Цæгат-Кавказы хæххон-металлургион институты ректор, афтæ  кæй у Хуссар Ирыстонмæ. Махæн ахсджиаг здæхт у, цæмæй нæ фадæттæ баиу кæнæм æмæ йæ фенæм, цы нын дзы рауайдзæн, уый», – загъта Юри Дмитрак.

Фембæлды хайад райста РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.