РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр Уæрæсейы Федерацийы, Приднестроваг Молдаваг Республикæ, Республикæ Арцахы æддагполитикон ведомствоты минæвæрттимæ иумæ, кæцытæ Сухуммæ æрцыдысты,   Абхазы  Фæсарæйнаг  хъуыддæгты министрадыл 25-азы сæххæсты бæрæгбонмæ, хайад райста Абхазы Президент Рауль Хаджимбаимæ фембæлды.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ Хаджимба арфæ ракодта уазджытæн, бузныг сын загъта, бæрæгбонон мадзæлтты хайад кæй исынц, уый тыххæй, хæларадон бæстæтимæ æмахастыты рæзт сфидардæр кæныны ахсджиагдзинад банысан кæнгæйæ. Сæ рады, фембæлды хайадисджытæ равдыстой сæ бузныгдзинад абхазаг лидерæн, афтæ хъармæй сæ кæй райста, уый тыххæй, Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл 25 азы сæххæсты боны сæраппонд сын арфæ ракæнгæйæ.

Медойты Димитр Рауль Хаджимбамæ радта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфæйы фыстæг. Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр банысан кодта хуссарирыстойнаг-абхазаг хæларадон ахастыты рæзты æвæрццаг динамикæ, ивгъуыд азы дыууæ паддзахады лидерты официалон визитты нысаниуæг банысан кæнгæйæ.

Медойты Димитр ма арфæ ракодта, афтæ хъармæй сæ кæй райстой, традицион абхазаг уазæгуарзондзинады æмæ бæрæгбонон мадзæлтты организацийы бæрзонд æмвæзады тыххæй.

 

БАДЗЫРДТОЙ ÆМГУЫСТАДЫ РÆЗТ ФÆТЫНГДÆР КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы æддагполитикон ведомствоты къухдариуæггæнджытæн Сухумы уыд æртæфарсон фембæлд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæз-тыл 25 азы боны сæраппонд уагъдцæуæг мадзæлтты фæлгæтты. РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ Медойты Димитр, Даур Кове æмæ Виталий Игнатьев банысан кодтой хуссарирыстойнаг-абхазаг-приднестроваг традицион хæларадон ахастыты рæзты позитивон динамикæ.

Æртæ республикæйы дипломаттæ банысан кодтой регионалон æмæ дунеон боны фæткы актуалон темæты фæдыл интенсивон политикон диалог адарддæр кæныны ахсджиагдзинад.

Уымæй дарддæр ма, Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты  министрадты сæргълæуджытæ бафидар кодтой бадзырдон-барадон бындуры фæлгæтты æмгуыстады рæзт адарддæр кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.