Мыддард кæддæриддæр уыд пайдайаг æмæ æфтиагджын хъуыддаг. Фæстаг азты нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ се ʻргом мыддард райтынг кæнынмæ кæй аздæхтой, уый бæрæг у, æмæ, уый æмрæнхъ у æхсызгон хъуыддаг дæр. Мыд канд хæрыны продукт нæу, фæлæ ма дзы уæрæхæй пайда кæнынц медицинæйы къабазы æмæ  косметологийы.

Хуссар Ирыстоны дæр рагæй фæстæмæ бирæтæ кодтой мыддарды куыст. Уыдис нæм, сæ хъуыддаг хорз чи зыдта, ахæм мыдгæстæ æмæ-иу сæ адæм дæр хорз зыдтой. Ацы куыст бирæбæрцæй æрнымæг гуырдзиаг-ирон хæсты азты аххосæй. Фæлæ та фæстаг рæстæджы сытынг ис, фæзындысты æрыгон мыдгæстæ дæр æмæ чи паддзахады æххуысæй, чи та йæхи фæрæзтæй слæууын кодтой мыддарды куыст йæ къахыл сæ хисæрмагонд хæдзарадты.

Мыд адæймаджы æнæниздзинадæн пайда кæй у, æлхæнæг æй кæй ис æмæ мыдгуыст чи кæны, уыдонæн пайда кæй хæссы, уый зæрдылдаргæйæ, бирæты фæнды, цæмæй мыддарды куыст кæной. Ацы пайдайы хъуыддагыл дæс азы размæ ныллæууыд Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы цæрæг Хуыгаты Хаджумар дæр. Уый тырны æмæ азæй азмæ фылдæр кæны йæ мыды чыргъæдты нымæц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ мыдрайст дæр кæны фылдæрæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй афæдз райсы тоннæмæ æввахс мыд. Хуыгаты лæппуйæн проблемæ нæй йæ реализаци кæныны хъуыддаджы. Цæуынц æм хæдзармæ æмæ йæ афтæмæй æлхæнынц, уымæн æмæ йæ зонынц, йæ мыд кæддæриддæр у гъæдджын, стæй йæ æндæртимæ абаргæйæ асламдæрыл уæй кæны. «Æз мæхи тыхтæй архайын æмæ кусын мыддард райтынг кæныны хъуыддагыл. Ныр иу дæс азы бæрц зилын мыды чыргъæдтæм æмæ дзы исын хæрзгъæд продукци. Мыдыбындзытæм хъæуы зилын æмæ кæсын, хъæуы сын хорз уавæртæ аразын. Уыдоныл тынг æндавынц æрдзон фæзындтæ дæр.

Ереды хъæуы мобилон бастдзинады тыххæй цы мæсыг æвæрд æрцыд, уый дæр негативонæй æндавы мыдыбындзытыл. Кæд мæм уый размæ уыдис 70 мыды чыргъæды, уæд мын абон 20 бæрц фæкъаддæр сты. Алы аз дæр дзы амæлы æмæ сын сæ аххосаг рафæлгъауыны тыххæй кæдæм ацæуæм, кæй бафæрсæм, уый нæй. Цæмæй сæ Цæгат Ирыстонмæ лабораторимæ ныххæссай æмæ бындзытæн анализ саразай сæ низыхатт базоныны сæраппонд, уый тыххæй хъæуы фидын 30 мин сомы бæрц. Æмæ æз уыййæстæ куы фидон, уæд ма мын дзы мæхицæн та цы пайда уыдзæн?», – фарст æвæры мыдгæс. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ мыддарды хъуыддаг у иууыл хуыздæр, пайдадæр æмæ зæрдæйæн æхцондзинад чи хæссы, ахæм. «Æз мæ мыды чыргъæдтыл цы бахардз кæнын, уыцы хæрдзтæ сисын, мыд куы ауæй кæнын, уæд. Цы продукци æркæнын, уый базармæ нæ хæссын – развæлгъау мын вæййы æлхæнджытæ æмæ мæм мæ къæсæрмæ ссæуынц. Фарон, зæгъæм, æз æртæлитрон банкæ мыд уæй кодтон дыгай минтыл, кæд базары та йæ аргъ дыууæ мин æмæ æрдæг уыдис, уæддæр. Ныртæккæ æз нæма систон мыд, фæлæ рæхджы, августы мæйы кæрæтты сисдзыстæм. Æнæуый, æз мæ мыдычыргъæдты никуыдæм фæласын. Нæ хъæуы дæр æмæ уымæ æввахс бынæтты дæр ис фаг дидинæг, цæмæй мыд æркæнæм. Махæн нæ алыварс ис алыгъуызон дидинæг, æмæ нæ мыды ад дæр вæййы хæрзгъæд», – банысан кодта Хуыгаты Хаджумар.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.