РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитеты кусджыты базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæгимæ.

Сæрмагонд сконды афицерты уæвынадæй бакастæуыд Президенты Барамынд Шабанов Михаил Виталийы фырты РХИ-йы Æдас-дзинады паддзахадон комитеты сæрдарæй снысан кæныны тых-хæй.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Михаил Шабанов бирæ рæстæджы дæргъы бакуыста паддзахадон æдасдзинады системæйы æмæ йæ бон суыдзæн йæ фæлтæрддзинадæй спайда кæнын Хуссар Ирыстоны фæрныгадæн.

«Шабанов Михаил Виталийы фырт æппæт йæ царды азты бакуыста паддзахадон æдасдзинады системæйы, кодта развæдсгарæн архайд, тох кодта экономикон фыдракæндты ныхмæ. Йæ фæлтæрддзинад æнæмæнгхъæуæг у Хуссар Ирыстонæн. Уырны мæ, йæ къухдариуæгады бын Æдасдзинады паддзахадон комитеты куысты бæрзонд æмвæзад æрмæст бахъахъхъæд кæй не ‘рцæудзæн уый нæ, фæлæ ма кæй фæхуыздæр уыдзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта Æдасдзинады паддзахадон комитеты раздæры сæргълæууæджы лæггæдты дæр. Президент зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Шаргаевы къухдаруæгадæй раргом æрцыдысты бирæнымæц фыдракæндтæ.

«Виктор Алексейы фыртæн ис стыр лæггæтæ Хуссар Ирыстоны раз. Йæ къухдариуæгады бын раргом æрцыдысты бирæнымæц фыдракæндтæ  теракттæ æмæ диверситæй экономикон харктеры фыдракæндты онг. Уый уыд тынг эффективон къухдариуæггæнæг, йæ куысты рæстæджы Æдасдзинады паддзахадон комитеты куыст бæрæг фæхуыздæр. Æз дзы бузныг дæн куыд Президент æмæ куыд Хуссар Ирыстоны æмбæстаг», – загъта Бибылты Анатоли.

«Паддзахадон æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй» Виктор Шаргаевы Президент схорзæхджын кодта Кады орденæй.

Æдасдзинады паддзахадон комитеты ног сæргълæууæг раар-фæ кодта Президентæн, кæй йыл баууæндыд, уый тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинад сифтонг кæныны арæзт æрцыд бирæ æмæ ацы хорз фæндтæ дарддæргонд æрцæудзысты. Фыццаг рады, æз мæ хæс уынын гæнæнуæвæг тасдзинæдты тыххæй къухдариуæгадæн хъусын кæнын æмæ сæ афойнадыл аиуварс кæнын, афтæ ма Æдасдзинады паддзахадон комитеты материалон-техникон базæ сфидардæр кæныны. Стыр бузныг де ууæнкæй, уыцы æууæнк нæ фæмæнг кæн-дзынæн», – банысан кодта Михаил Шабанов.

Мадзалы кæрон Виктор Шаргаев Михаил Шабановмæ радта Паддзахадон æдасдзинады комитеты штандарт.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.